Апрелы мæйы райдианы Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мерабы бардзырдмæ гæсгæ министрады дæлхæйтты уагъд æрцыдысты рæнхъон басгæрстытæ.

Ныридæгæн æппæт управлениты æмæ службæты фесты рæнхъон басгæрстыты мадзæлттæ æмæ майы мæйы бæрæг-бонты хæдразмæ милицийы кусджытæ иууылдæр æмбæлонæй сæххæст кодтой сæ разылæууæг хистæры домæнтæ. Рæнхъон басгæрстытæ ахъаз сты дæлхæйтты ‘хсæн дисциплинæ фæбæрзонддæр кæнынæн æмæ фæтк æрæвæрынæн.

Милицийы кусджытæ хайад райсдзысты Стыр Уæлахизы цытæн бæрæгбонон мадзæлтты, цыран хъахъхъæндзысты æхсæнадон фæтк æмæ адæмы æдасдзинад. Сæйраг мадзæлттæ цæудзысты горæт Цхинвалы æмæ ам иууыл стырдæр уæз æрцæудзæнис горæты мидхъуыддæгты управленийыл. Уымæ гæсгæ сæ хистæртæ ногæй ауагътой рæнхъон басгæрст. Ардæм сæм æрбацыд Пухаты Мераб дæр.

«Сымах службæ хæсдзыстут адæмы ‘хсæн æмæ уæ курæг дæн, цæмæй уæхи дарат уæздан, тызмæгæй макæмæ дзурат, уат цырддзаст æмæ æмбæлонæй сæххæст кæнат уæ разылæууæг хæстæ. Кæд не ‘мбæстæгтæй исчи йæхи æнæуаг дард кæна, уæд та йæ бæрндзинадмæ хъæуы æркæнын сабырæй, закъоны фæлгæтты», – банысан кодта ведомствойы сæргълæууæг.

Басгæрст куыд равдыста, афтæмæй горæты милицийы управлени цæттæ у бæрæгбонты йæ службæйон хæстæ æххæст кæнынмæ.

Бирæ алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ кæй цæудзæнис нæ республикæйы территорийыл, уый тыххæй ма Пухаты Мераб ауагъта оперативон æмбырд дæр, цыран хайад райстой æппæт управлениты æмæ службæты хистæртæ. Йæ раныхасы ведомствойы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм бæрæгбонон мадзæлттæ фыццаг хатт нæ цæуынц, цы аразын хъæуы, уый дæр тынг хорз зонæм, фæлæ нын уæддæр бар нæй уæлæнгай ахаст равдисынæн.

Æмбырды ма æрдзырдтой æмæ хæслæвæрд радтой районты управлениты хистæртæн, цæ-мæй бастдзинад саразой арæнхъахъхъæнджытимæ æмæ хуыздæр контроль кæной арæнмæ æввахс хъæуты. Фæтыхджындæр ма кæндзысты паддзахадон объектты хъахъхъæнын дæр. Бæрæгбонон мадзæлттæ кæм хъуамæ цæуой, уыцы бынæтты инженерон-техникон хайады кусджытæ развæлгъау басгардзысты ахуыр куыйты фæрцы æмæ спайда кæндзысты специалон техникон фæрæзтæй.

9 майы фæндагон змæлды æдасдзинады инспекцийы кусджытæ æрæхгæндзысты Театралон фæзуатмæ бацæуæнтæ. Фистæг бæлццæттæн та æвæрд æрцæудзысты специалон ар-кæтæ æмæ ма сæ сгардзысты металлодетектортæй дæр. Мидхъуыддæгты министрад ма сиды цæрджытæм, цæмæй, гæнæн уæвгæйæ, сæ хисæрмагонд автотранспортæй уыцы бон къаддæр пайда кæной.

Стыр Уæлахизы цытæн бæрæгбонон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы æхсæнадон фæтк хъахъ-хъæныны тыххæй, Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ кусдзысты фæтыхджындæргонд режимы.

ДЖИОТЫ Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.