Бæрæгбонон мадзæлттæ уадзыны фæстиуæгæн горæты хицæн уынгтыл   ацæуæн нæ уыдзæнис. 19 сентябры 10 сахатæй фæстæмæ Театралон фæзуатмæ бацæуæнтæ уыдзысты æхгæд автотранспортæн, Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса сисыны цытджын церемонийы тыххæй. Уый фæстæ та изæры фондз сахатæй фæстæмæ дæр ногæй æхгæд æрцæудзæнис Театралон фæзуат, бæрæгбонон концерт уадзыны рæстæджы.

20 сентябры райсомæй  фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци сæхгæндзысты Сталины уынг, Путины уынгæй суанг Харебаты Исахъы уынгмæ. Уымæй уæлдай ма автотранспорты змæлд урæд æрцæудзæн  Сталины уынгæй Тæболты æмæ Абайты Уасойы уынгтæм. Дзауы, Хъоцойы фырты æмæ Пушкины уынгтыл дæр ахизæн нæ уыдзæнис Театралон фæзуатмæ ‘ввахс. Ӕфсæддон техникæ райсомæй цæудзысты ахæм маршрутыл – Нарты уынг – Фидауынгæнæджы уынг – Октябры уынг – Чкаловы уынг – Сталины уынг. Цалынмæ æфсæддон техникæ сæ бынæттæм бахæццæ уой, уæдмæ ацы маршрутыл дæр фæндаг уыдзæнис æхгæд. Уымæ гæсгæ, гæнæнуæвгæйæ, уыцы бонты нæ хъæуы автомашинæйæ пайда кæнын, цæмæй горæты уынгтæ сæрибардæр уой æмæ фæткхалæн цаутæ дæр ма уа. Бар кæм нæй, ахæм рæтты кæй машинæтæ уой урæд, уыдоны хицæуттæ ивар цæудзысты.

Бæрæгбонон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы Театралон фæзуатмæ бахизæнты æвæрд уыдзысты металлодетектортæ, цæмæй тæссаг предметтæ йемæ мачи бахæсса. Развæлгъау тыхон структурæты саперон къордтæ басгардзысты æппæт бæстыхæйттæ æмæ территоритæ, цыран уагъд цæудзысты мадзæлттæ. Фæфылдæр ма уыдзысты милицийы патрултæ куыд горæты, афтæ районты фæндæгтыл дæр. Барадхъахъхъæнæг органтæ бæрæгбонты фæудмæ кусдзысты фæтыхджындæргонд куысты режимы.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.