(Мидхъуыдытæ)

Искуы искæй бауырныдтаид, æмæ æды-лыдзинад кадджын суыдзæни! Фæлæ ныры дуджы цæгæрсæрмæ дæр æнхъæлмæ кæс… Æрлæууыд ахæм дуг, æмæ æгад цы уыди, уый йæ сæр сдардта æмæ йæ уæлæ кады худ æркодта. Хуыцау адæмы куы сфæлдыста, уæд сын намыс радта мидтæрхонæн, фæлæ уыцы намыс у тынг сæртæг, йæ басудзын у тынг æнцон. Ирон адæм æдзæсгом адæймагæн уымæн фæзæгъынц: «Æ, дæ цæсгом (намыс) басудза!» Уæдæ, æдылыты кадыл дарын æдзæсгомдзинад нæу, уæдæ цы у!

Уый афтæ у, фæлæ æдылыдзинад цы у, уый бирæ цымыдисондæр у. Ацы фарстыл, нæ уæ бауырндзæн, хъуыды кæнынц æмæ кодтой дунейы зондджындæр лæгтæ рагæй фæстæмæ. Сагъæс ыл кодта Альберт Эйнштейн дæр. Уый дзырдта: «Æгæрон сты æрмæстдæр дун-дуне æмæ адæймаджы æдылыдзинад. Æниу мæм фыццаджы тыххæй æвзæры стыр дызæр-дыгдзинад!» Кæсут! Эйнштейн дызæрдыг кодта дун-дунейы æгæрондзинады охыл, фæлæ фидарæй зыдта, адæймаджы æдылыдзинадæн кæрон нæй, зæгъгæ.

Æндæр зынгæ ахуыргонд Чарльз Дарвин та æдылыдзинады тыххæй ахæм хъуыды зæгъы: «Зонындзинадæй хъуаг адæймагмæ зонæгæй стырдæр ныфс вæййы». Ома, æдылытæ не ‘нкъарынц сæ мæгуыраудзинад, æмæ уæд цæуыл тыхсынц!

Уæдæ æдылы адæймаг не ‘мбары йæ мæгуыраудзинад æмæ ницæуыл мæт кæны, стæй йæм тас дæр æмхиц нæ вæййы иу кæнæ иннæ уавæрты. Афтæ уыдис иу æнахуыр къæрныхы хабар. Уый уыди дыууиссæдз аздзыд америкæйаг лæг Мак Артур Уиллер. Уый бацыди бангмæ, сæвгæдта дзы æхцайы къонатæ æмæ æнцад æнцойæ йæ хæдзармæ ацыд. Уалынмæ йæ хæдзары рудзынгæй ауыдта полицийы машинæты ферттив-ферттивгæнаг рухсытæ. Уый фенгæйæ дисы бахауд, ай цы хабар у, зæгъгæ. Полицийæгтæ йæ æнцонтæй æрцахс-той æмæ йын йæ къухтыл акодтой къухахсæнтæ, уæддæр æм ницы бахъардта. Фæстæдæр, камерæтæ йын йæ цæсгомы хуыз ныффыстой, зæгъгæ, уый куы базыдта уæд загъта: «Куыд мæ ныффыстой, мæ цæсгом лимоны донæй куы сахуырстон, уæд?!». Уый та уымæн, æмæ лимоны донæй сусæг фыстæджытæ ныф-фыссынц, стæй сæ кæд схъарм кæнай, кæннод сын бакæсæн нæ вæййы! Афтæмæй уыцы лæг ахæстоны смидæги, уæддæр хъуыддагæн ницы бамбæрста.

Уый æдылыдзинадæн йæ иу æууæл у, фæлæ нæ дардмæ цæуын дæр нæ хъæуы. Уæрæсейаг телеканалтæй иуы амонæг Алла Михеевайы бирæтæ зонынц Хуссар Ирыстоны дæр, Уæрæсейы та у зындгонддæр медиацæс-гæмттæй сæ иу. Æмæ цæй фæрцы, зæгъгæ йæ бафæрс, уæд – æдылыдзинады фæрцы. Куыд рабæрæги, афтæмæй Алла йæхæдæг зондæй æххæст нæу, зæгъгæ, уый ничи зæгъдзæни, фæлæ цæмæй адæмы цæсты бахаудаид, уый тыххæй йын æрымысыдæуыди ахæм æдылыйы фæлгондз. Уый, алæвæрды рæстæджы йæ хъусты дары хъусæнтæ, дарддæр ын студийы бады æххуысгæнджыты къорд. Къордæн йæ ном хуыйны «Команда А». Уыцы къорды адæм ын йæ хъусы дзурынц цы зæгъа, уый, стæй йын амонынц, бахуда æви нæ бахуда, уыдæттæ дæр. Хъуыддаг уыйонг бакæнынц, æмæ ацы чызг адæмы раз йæхи равдисы бынтон æнæзонды хуызæн. Раст уыцы фæлгондзы руаджы уымæн йæ ном айхъуыстис телеуыныады куыстмæ йæ хъус чи дары, æппæт уыцы адæмы æхсæн, ома сси кадджын æмæ номдзыд!

Иу ахæм архайæг ма ис телеуынынады къабазы. Уый та афтæ номдзыд адæймаг сси æдылыйы фæлгондзы руаджы, æмæ алы æмæ алы номхыгъдтæй йæ ном нал иппæрд кæны. Æрæджы та йæ ном хаст æрцыди Уæрæсейы æппæты хъæздыгдæр сылгоймæгты номхыгъдмæ Форбсы нымадмæ гæсгæ. Уый у Ольга Бузова. Ацы æдылыйы фæлгондз уый дæр сарæзта барæй, цæмæй йæ ном дардыл айхъуыстаид, æмæ йæ къухы бафтыди стыр æнтыстытæ.

Кæддæр Израилы паддзах Дауыт дæр æррайы æфсон скодта, фæлæ уымæн йæ хабар æндæр уыди. Ахæм амалæй уый аирвæзти мæлæтæй. Паддзах  Дауыт бахауд знаджы къухтæм, æмæ йæ цæмæй ма амардтаиккой, уый тыххæй скодта æррайы æфсон. Уыдон æм куы бакастысты, уæд æй ницæмæ æрдардтой, æмæ афтæмæй удæгасæй баззади. Уыцы хъуыддаг растыл нæ нымайынц, абон дæр æй чи фехъусы, уыдонæй бирæтæ, уымæн æмæ æррайы æфсон кæнын хорз хъуыддаг никуы уыди. Дауыт афтæ кæй бакодта, уый рæдыд уыди Хуыцауы раз, зæгъгæ, зæгъынц бирæтæ, уымæн æмæ Паддзах  Дауыт Хуыцауы раз бæрн хаста йæ хъуыддæгты тыххæй.

Уыйхыгъд Ольгайæн йæ хъуыддæгтæ йæ царды алы къабазы дæр ацыдысты тынг хорз. Æввахс æй чи зоны, уыдон социалон хызæгты фыссынц, зæгъгæ йæм, æцæгæй æдылыдзинады миниуджытæй ницы ис. Æмæ, æцæгæйдæр, æдылы кæд у, уæд куыд ссис милуангай долларты хицау. Æмæ уый раст у. Ольга кæны ифтонг цард, æрулæфт нæ зоны, ис ын йæхи ресторантæ æмæ дзулфыцæнтæ. Æгæрыс-тæмæй ма йын ис йæхи валютæ дæр – Бузкойн, зæгъгæ.

Уæдæ æдылыдзинад тынг басгуыхти ныры дуджы, нал ын арт ис, нал фæнык! Афтæмæй ныры фæсивæдæй ацы хъуыддæгтæм чи кæсы, уый цы хъуамæ кæна! Кæд æмæ æдылы-дзинадæн царды стырдæр æнтыст æмæ æфтиаг ис, уæд зонд æмæ ахуырдзинад фæсивæды цæсты куыд уыдзысты кадджын! Цымæ уыдон дæр нæ бафæнддзæни Ольга æмæ Аллайы хуызæтты бафæзмын? Æнæуыйдæр мах иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыстам, ацы царды иу –  чысыл æдылыгонд куынæ уай, уæд адæймаг æрра кæны, зæгъгæ.  Фæлæ йæ æз не ‘мбарын, фæнды æдылыйы æфсон скæн, фæнды æцæгæй сæрра у, цы уæлдай дзы ис? Уæддæр æрра æмæ æрра! Æцæг ма тæссаг у иу хабар, æмæ æдылыйы æфсон чи скæны, уыдонæй чидæртæ æцæг федылы вæййынц…

Уæдæ нæ Хуыцау бахизæд ныртæккæйы æмтъерыйы дуджы ахæм хъуыддæгтæй. Кæд ныртæккæ æдылыдзинад кадджын у, уæддæр ацы зыгъуыммæ дуг бирæ нæ ахæсдзæн. Æдылыйæ мæгуырдæр та цы хъуамæ уа, дунейы миллуантæ се ‘ппæтдæр дæхи куы бакæнай, уæддæр. Афтæ зæгъы Ног фæдзæхст дæр, ома, цы пайда дын ис, дуне дæхи куы бакæнай, уымæй, дæ удæн зиан куы ‘рхæссай, уæд!

Годжыцаты Нелли 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.