ИРЫСТОНЫ  ХÆХТÆН  –  ХЪÆБАТЫРТЫ   НÆМТТÆ

Цæгат Ирыстоны Парламент дарддæр кæны стыр арфæйаг архайд хъæбатырты нæмттæ сæнусон кæныны фæдыл. Бæрæг куыд у, афтæмæй Ирыстоны бирæ ис æнæном хæхтæ, бæрзæндтæ. Уыдоныл, Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны разамынд иумæ баныхас кæнгæйæ, фæстаг азты æвæрын райдыдтой хъæбатырты нæмттæ.

Ацы бонты та республикæйы Парламент сфидар кодта ног указ: Æрæфы районы хæхты бæрзæндтæй иуæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Хъæбатыр Александр Прохоренкойы ном. Æрыгон афицер фæмард сириаг горæт Пальмирæйы йæ хæстон хæс æххæст кæнгæйæ. Боевиктæ йыл куы æрхъула кодтой, уæд йæхи срæмыгъта, знæгтæй цалдæры амарыны фæстæ. Ныр ахæм хъæбатыры ном сæнусон уыдзæн Ирыстоны хæхтыл.

Ирыстоны цы æнæном хæхтæ ис, уыдонæй бирæтæн фæстаг азты лæвæрд æрцыд зындгонд адæймæгты нæмттæ. Æрыдоны районмæ хауæг, Кавказы сæйраг дыууæ рагъ хæссынц Беслæны трагедийы амæттæгтæ, спецназы хъæбатыртæ Валерий Замараев æмæ Дмитрий Кормилины нæмттæ. Нæ хæхтæ ма хæссынц Цæгат Ирыстоны раздæры Сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерланы, зынгæ ахуыргонд Андрей Сахаровы, таурæгъон хъæбыс-æйхæцæг Дзарасаты Саукуыдз æмæ “Спецназы хъæбатырты” нæмттæ. Тагъд рæстæджы та ног географион объектæн лæвæрд æрцæудзæн “Æфсæддон развæдсгарджыты” ном.

Республикæйы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев куыд нымайы, афтæмæй уый у стыр хъомыладон æмæ патриотикон фæрæз фæсивæдæн. Уыдонæн хъуамæ уа, цæвиттон кæмæй исой, ахæм адæймæгтæ.

Нæ  уацх. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.