ФÆСИВÆДОН ПАРЛАМЕНТЫ СÆРГЪ СЛÆУУЫД «МИСС МАШУК-2017»

Цæгат Ирыстоны фæсивæдон парламенты III æрсидты спикерæй æвзæрст æрцыд æхсæнадон архайæг Биджелты Бертæ, кæцы рамбылдта конкурс «Мисс Машук-2017».

Биджелты чызджы кандидатурæйы æвварс рахæцыдысты фæсивæдон парламенты депутаттæ иууылдæр. Парламенты раздæры æрсидты уый куыста вице-спикерæй.

Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев кæй уагъта, уыцы рабадты ма сæвзæрстой вице-спикертæ. Фыццаг вице-спикерæй æвзæрст æрцыд Хъуысаты Амырхан, фæсивæдон парламенты сæрдары хæдивджытæ та систы Тотраты Къоста æмæ Гæболаты Аленæ.

Алексей Мачнев æрыгон парламентаритæн ныфс бавæрдта сæ хистæр коллегæты æрдыгæй æххуысæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ,  уыдонæн райдыдта сæ царды ног этап, бæрнон, фæлæ цымыдисон.

«Фæсивæдон парламенты уæнг уæвын нысан кæны стыр бæрндзинад фæсивæды, хистæрты раз. Ахсджиаг у республикæйы царды хи бынат ссарын. Фæсивæд кæддæриддæр сты агурæнты æмæ тырнынц фидæнмæ», – загъта Мачнев. Йæ ныхæстæм гæсгæ Цæгат Ирыстоны фæсивæдон парламент хъуамæ суа фæсивæдон идеологи бæстон æмæ реализаци кæныны центр, кæцы бындуриуæг кæндзæн ирон адæмы хуыздæр традицитæ.

«Цасдæр рæстæджы фæстæ сымах хæсджын стут, цæмæй суат фæсивæдон идеологийы центр, кæцы йæхимæ райсдзæн, не ‘хсæнады цыдæриддæр хуыздæрæй ис, уыдон. Хистæртæн аргъ кæныны, хи истори зонын, зонад-техникæйы къабазы, сæудæджерадон кондады æнтыстыты æмæ адæмы хъайтарон ивгъуыдыл чи бындуриуæг кæны, ахæм идеологийыл», – фехъусын кодта Цæгат Ирыстон-Аланийы закъондæттынадон органы сæргълæууæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.