Хуссар Ирыстонæй 40 скъоладзауæй фылдæр ацæудзысты Сочимæ, цыран 3 февралы Стыр Ихылбырæн галуаны уыдзæнис Дунеон боксерон супер сессийы æрдæгфиналон тох.

Сывæллæтты балцы организатор у «Иууон Алани»-йы фæсивæдон организаци.

Организацийы пресс-службæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй балц организаци æрцыд Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы, паддзахады сæргълæууæджы Администрацийы æмæ парти «Иууон Алани»-йы комкоммæ æххуысæй.

«Сочимæ чи ацæудзысты, уыдоны ‘хсæн сты республикæйы æппæт районтæй, скъола-интернатæй æмæ Ленингоры сывæллæтты хæдзарæй астæуккаг æмæ хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ. Се ‘хсæн ма сты боксы секцитæй æрыгон спортсментæ, кæцытæ хайад фæисынц дунеон турнирты, Хуссар Ирыстонæн кад кæнгæйæ.

Уыдонæн хорз фадат фæцис сæхи цæстæй феной нæ номдзыд æмзæххоны тох æмæ аныгъуылой стыр боксы дунейы», – банысан кодтой фæсивæдон организацийы.

Сывæллæттæ ацæудзысты 2 февралы комфортабелон автобустыл, хæлцæй æмæ æхсæвиуатæй сæ ифтонг кæны «Иууон Алани». Уыдонæн бацæттæ æрцыд ирд, рæсугъд атрибутикæ.

Фæсивæдон организацийы ма куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ахуырдзауты балц организаци æрцыд Хуссар Ирыстоны рæзгæ фæл-тæры ‘хсæн спорт пропогандæ кæныны программæйы фæлгæтты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.