Ацы бонты республикæйы цалдæр бæрæгбоны бæрæг кодтой уыцы иу рæстæджы. Республикæ æмæ горæты боны бæрæгбæттæй дарддæр ма уæрæх хуызы бæрæг цыдысты Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы юбилейон мадзæлттæ. Ацы зынгæ юбилей аккагæй банысан кæныны тыххæй фондз азы размæ сæрмагонд Барамынд бафыста Уæрæсейы президент Владимир Путин. Ныр та æрæрвыста арфæйы фыстæг.

Бæрæгбонмæ цæттæ кæныны мадзæлттæ райдыдтой æртæ азы размæ. Уыцы рæстæг арæзт æрцыд бирæ мадзæлттæ. Рестовраци  æрцыдысты культурæйы бирæ цыртдзæвæнтæ, ист æрцыдысты документалон кинонывтæ, рауагътой чырыстон литературæйы дæсгай хуызы чингуытæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Сæ тæлмацгæнджытæ хорзæхджын æрцыдысты Цæгат Ирыстоны уæлдæр хæрзиуæг «Ирыстоны Намысæн»-майданæй…

Фæлæ уæддæр, æцæг юбилейон бонтæ уыдысты ацы мæй. Бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, бæрæгбоны программæтæй ист æрцыдысты бирæ хиирхæфсæн мадзæлттæ. Ирыстонмæ йæ балц ивд æрцыд Патриарх  Кириллæн дæр. Уый хъуамæ ракодтаид Хуыцауы ракуывд. Ныр уыцы хæс йæхимæ райста Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епископ Герасим уыцы кадджын цауы фæдыл Дунеон конференцийы:

«Ирыстоны дзыллæ, арфæ уын кæнын Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы сæххæсты кадæн. Уæд нæ рагфыдæлтæ рахастой фæндон сæхи Чырыстийыл бафæдзæхсын. Чырыстон миссионерты руаджы Аланыстон райста Византийы культурæ æмæ цивилизацийæ бирæ хорз хъуыддæгтæ. Уыцы амынддзинæдтыл мах абон, 11 æнусы фæстæ, хъомыл кæнæм нæ кæстæрты. Дин тынгдæр бабаста Уæрæсе æмæ Ирыстоны, стыр ахъаз фæцис ахуырады рæзтæн.  Хуыцау зæгъæд, æмæ алкæй зæрдæйы дæр цæрæд ныфс æмæ уарзондзинад!»

Бæрæгбоны кадæн арæзт æрцыд алыхуызон мадзæлттæ. Уыдон райдыдтой суанг августы мæйæ. Сæйраг мадзалыл нымад æрцыд, цалдæр боны чи фæцыд, уыцы Дунеон зонадон конференци «Христианство на Кавказе». Йæ архайджытæ уыдысты æмæ дзы мидисджын докладтæ скодтой ахуыргæндтæ æмæ чырыстон дины архайджытæ фæсарæнтæй æмæ Уæрæсейы алы регионтæй. Мариинаг театры та арæзт æрцыд пленарон æмбырд республикæйы разамындимæ.

Бæрæгбоны кадæн Дзæуджыхъæумæ æрластой Петербурджы Зындгонд Эрмитажы чырыстон дины экспонаттæ ахæм темæйыл: «Реликвии Аланского царства»; проспекты æмæ музейты æрæзт æрцыд дины темæйыл бирæ алыхуызон равдыстытæ – армукъатæ адæмон сфæлдыстад æмæ национ сувениртæй; лекцитæ Кавказы историйæ; фоторавдыстытæ «Православные памятники Северной и Южной Осетии» æмæ «Лица аланского православия»; чингуыты равдыст «Аланская библиотека». Сæ арæхстдзинад æвдыстой бæхты театр «Нарт», Пятницкаг æмæ Сретенаг моладзандонты монастыры хортæ, академион ансамбль «Колоколо России», рагон уырыссаг духовон зарджыты ансамбль «Сирин», хъазахъхъаг зарджыты ансамбль «Криница» æмæ бирæ æндæр аивадон коллективты концерттæ. Уæрæх хуызы дзы равæрдтой хъæууон хæдзарадон продукцийы равдыст.

Изæры Сæрибары фæзы уыдысты кæронбæттæн мадзæлттæ: Историон реконструкциты фарсмæ концерт равдыстой Цæгат Кавказы национ гвардийы оркестр, Мæскуыйы Паддзахадон академион ансамбль «Гжель», ЦИПУ-йы «Æртхурон», «Сударушка», «Фарн», «Ритмы гор», «Казаки Терека», «Ария» æмæ æндæр аивадон коллективтæ.

Чырыстон дины бæрæгбоны мадзæлттæ цæудзысты ацы азы кæронмæ.

Нæ  уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.