Бесланы скъолайы 2004 азы амы­нæтты иу къорд æрцыд нæ республикæмæ. Æрбаиу сæм сты ХИПУ-йы студентон клуб «Апол­лон»-ы активисттæ æмæ иумæ­­йаг балцы ацыдысты Хъе­лы цадмæ хæстæг Бесланы амæт­тæгты номыл цы цад фæл­дыст æрцыд, уырдæм. Цад «Ма­ды цæссыгтæ» денджызы æмвæ­задæй у 3 мин метры бæр­зæн­дæн.

Балцы фæдыл йæ тæлмæнтæ радзырдта теракты чи бахауд, уыдонæй сæ иу Бозырты Батрадз. «Мах рагæй зонæм Хуссар Ирыстоны Бесланы амæттæгты номыл цад кæй ныффæлдыстой. Зонæм, донлæууæн диссаджы фенддаг бынаты кæй ис æмæ йæ дон та мады цæссыгау рæсуг кæй у. Мах бахатыдыстæм ХИПУ-йы студентон клуб «Аполлон»-ы уæнг­­тæм, цæмæй нæ акæной æмæ нын фенын кæной цад. Уы­дон уайтагъд равдыстой инициативæ. Ацы цадмæ хæстæг бацæ­у­гæйæ банкъардтон фидар энер­гетикæ. Уæд амынаты цы сывæл­лæттæ уыд, уыдонæн сæ хъуыдыкæнынады баззад доны тых. Буз­ныг зæгъын балцы немæ ра­цæ­уын чи нæ базивæг кодта, æп­пæт уыдонæн».
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фидæн аз дæр бафæлвардзысты æн­дæр амынæтты скондæй къорд са­разын æмæ цадмæ абалц кæ­нын.

Клуб «Аполон»-ы разамонæг Къа­дзты Олеся та загъта: «Балцы инициатортæ кæд бесла­йнæг­тæ сæхæдæг уыдысты, уæддæр, мах, «Аполлон»-ы уæнгтæ дæр стыр разæнгардимæ ацыдысты. Ацы цады цалдæр хатты уыдысты «Бесланы мадæлты» ассоциаци­йы уæнгтæ. Фæлæ амынæты чи бахауд, уыдон æм фыццаг хатт сты. Ныфс нæ ис, ацы цадмæ стыр цымыдисдзинад кæй æв­дис­дзысты туристтæ дæр».

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.