НОГ ПРОЕКТ – ЦАРДЫ

Куыд æндæр рæтты, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр зынгæ адæмы ном сæнусон кæныны фæтк рагæй ис. Уыдоны тыххæй æвæрд цæуынц цыртдзæвæнтæ, скульптурæтæ, номарæн фæйнæджытæ, сæ нæмттæ дæттынц уынгтæн, культурæйы объекттæн…  Фæлæ уый тыххæй сæрмагонд закъон республикæйы нырмæ нæма уыд. Уыцы закъон æрæджы бахаста Цæгат Ирыстоны Парламенты национ политикæ, культурæ æмæ ахуырады комитеты сæрдар Хуыгаты Алан. Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй республикæйы зынгæ адæймæгтæ æмæ цаутæ сæнусон кæныны тыххæй нæй иумæйаг практикæ, барадон акттæ, нæй уый фæдыл закъоны проект, уымæн та дарддæр æруадзæн нал ис. Ног закъонмæ гæсгæ æркæсын хъæуы зынгæ адæмы сæнусон кæныны фæдыл бирæ æууæлтæм, цыдæртæ дзы хъæуы аивын, бафтауын ногдзинæдтæ…

   Ног закъон сфидар кодтой республикæйы Парламент. Йæ нысан у экономикæйы, культурæйы, аивады, хъомылады, рухстауыны, спорты æмæ царды иннæ къабазты стыр сгуыхтдзинæдтæ чи равдыста, йæ хорз хъуыддæгтæй стыр бавæрæн чи бахаста, дунейы цæсты йæ Ирыстоны кад бæрзонд чи систа, уыдоны номыл æвæрын монументалон æмæ мемориалон фæйнæджытæ, цы хæдзæртты цардысты, уыдоны къултыл чысыл бюстытæ кæнæ фæйнæджытæ чысыл биографитимæ, цы хъæутæй рацыдысты, уым сæ номыл кæцыдæр объекттæн сæ нæмттæ раттын, номарæн нысантæ сын рауадзын сæ фæлгонцтимæ.

   Ног закъонмæ хауы канд зынгæ адæмæгты нæ, фæлæ зынгæ цаутæ дæр сæнусон кæнын. Царды бирæ ахæм цаутæ ис, историйы чи баззад. Зæгъæм, Беслæны, хъолайы цъитийы, Хъарман – Сындзыхæуы донласт сабиты трагедитæ…  Афтæ бирæ ис æхсызгон цаутæ дæр. Уыцы цауты нæмттæ дæр æвæрд цæудзысты, бар цы цæрæн пункттæм дарынц, уыцы территоритыл.

   Зынгæ адæймæгты æмæ цаутæ сæнусон кæныны фæдыл фæндон хæсдзысты бынæттон администрацитæ, æхсæнадон организацитæ æмæ иугæндтæ, мыггаджы минæвæрттæ, стæй паддзахадон хицаудзинады органтæ. Уыдонмæ – иу æркæсдзæн сæрмагонд къамис æмæ рахæсдзæн фæндон.

НОГ  ÆРЛÆУУÆНТÆ – АДÆМЫ  УДÆНЦОЙÆН

Дзæуджыхъæу фæстаг цалдæр азы цас аивдæр фæцис, уый алчи дæр рахатыд. Адæмы цæст рæвдауынæн, удæнцойæн дзы цынæ арæзт цæуы.

Горæты аив æрлæууæнтæ цалдæр азы размæ фæзынд алыхуызон ирон базырджын ныхæстæ æмæ æмбисæндтимæ фыстæй, фæлæ та республикæйы разамындмæ уый фаг нал кæсы. Куыд фехъусын кодтой, афтæмæй хорздзинадæн кæрон нæй. Бæрæг куыд у, афтæмæй ныртæккæ æнæ техникæ, æнæ бастдзинад цæрæн нал ис. Уый нымайгæйæ, Дзæуджыхъæуы бынæттон администраци рахаста фæндон æхсæнадон транспорты ног æрлæууæнтæ саразын “вай-фай” бастдзинадимæ. Интернеты бастдзинад кæмæ нæ уа, афтæмæй уым чи æрлæууа, уымæ фæзындзæн интернеты бастдзинад, цалынмæ уым лæууа, уæдмæ, æмæ дзы йæ бон пайда кæнын уыдзæн лæвар, кæдмæ йæ фæнда, уæдмæ. Ома, ахæм бастдзинад ахсдзæн æрмæстдæр транспорты æрлæууæны. Уымæй уæлдай æрлæууæнты арæзт æрцæудзæн сæрмагонд прибортæ телефон зарядкæ кæнынæн. Зынаргъ авгæй арæзт аив æрлæууæнты ма æвæрд æрцæудзæн егъау экрантæ, уыдоны æвдыст цæудзæн алыхуызон рекламæ æмæ хъусынгæнинæгтæ.  

Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы экономикæ æмæ амалхъомады разамынды хицау Битарты Лавер куыд зæгъы, афтæмæй горæты зæххыл ис æрлæууæнтæ аразæн бынат, фæлæ уыдоны тыххæй нæй бюджеты æхца. Уымæ гæсгæ уыцы хæс æвæрд æрцыд инвестортыл. Уыдон арендæйы хуызы райсдзысты зæххы гæппæлтæ æмæ сæ сараздзысты транспорты æрлæууæнтæ. Инвестортæй алкæй дæр фæнды, цæмæй  йæхи ивддзинæдтæ æмæ ногдзинæдтæ бахæсса æрлæууæны арæзтадмæ. Фæлæ республикæйы разамынды хъуыдымæ гæсгæ уыдон хъуамæ уой иумæйаг принциптæ æмæ рекомендациты фæлгæтты.    

 Инвестортæ ма сæхимæ райстой, 10 миллиард сомы чи лæууы, ахæм алайнаг парчы арæзтады хæс. Уый уыдзæн нæ фыдæлты культурæ æмæ этнос æвдисæг парк алайнаг персонажты скульптурæтæ æмæ  истори æвдисæг æрмæджытимæ. Организаторты ныфс ис, ахæм паркмæ туристтæ уайтагъд се ‘ргом кæй раздахдзысты, горæты аивдзинадыл та но-джыдæр кæй бафтдзæн.        

             Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.