Цыппурсы фæстæ къуырийы фыццаг æртыццæджы ирæттæ бæрæг кодтой Бынаты хицауы æхсæв. Дæлимонтимæ æргом баст кæй уыди, уымæ гæсгæ ма йæ фæхонынц æндæр нæмттæй дæр: Хæйрæджыты æхсæв, Кæйдæрты æхсæв, Дзинкъуыртæ. Йæ бонмæ-иу скодтой кувинаг нозтытæ – бæгæны, арахъ. Æнæмæнг-иу суагътой туг, арæхдæр æргæвстой сæгътæ.

Фыдæлтæй куыд баззад, афтæмæй ацы бардуаг уыди сылгоймæгты “бæрны”. Ирон сылгоймæгтæ дзуæртты сæхи нæмттæй нæ хонынц, фæлæ сæ кой фæкæнынц фæсномыгæй, фæткмæ гæсгæ сылгоймаг хъуамæ уа хæдæфсарм, æмæ, дзуæртты нæлгоймæгтæ цы нæмттæй хонынц, уыдон дзурыны бар сын нæй, сæхи нæмттæй хоныныц æрмæст Аларды, Бынатыхицау æмæ Хуыцауы дзуары. Ома, нæфæтчийаг дзуæртты нæмттæ чи сдзура, уый нымад цæуы æгъдаухалæгыл. Бæрæгбоны фынгыл хи куыд дарын хъæуы, уымæн дæр уыди йæхи сæрмагонд фæтк. Нывондаг кусарты кæнæ маргъы-иу ауæнгтæ кодтой, уымæй архайдтой, цæмæй се стджытæ æнæхъæнæй баззайой, ууыл. Кувинаг чъиритæ, нозтытæ æмæ фых дзидзайы хæйттæ-иу фынгыл ра-вæрдтой, цырагъ-иу ахуыссын кодтой æмæ-иу талынг уатæй цыбыр æмгъуыдмæ рацыдысты æддæмæ. Незаманты-иу фынг бамбæрзтой нымæтæй æмæ-иу хæдзарæй ахизгæйæ æдде дзæвгар рæстæг ныффæстиат сты.

Ацы ран Бынатæхсæв у адæймаджы ныстуантæ дæлимонтæм хæццæгæнæг тых. Кусарт акæныны размæ балæгъстæ кæнынц иблисæн æмæ, Хуыцау бахизæд, фæлæ мыййаг кувæг лæг Хуыцау кæнæ дзуæрттæй искæй ном куы срæдийа, уæд æгас бинонтæ дæр сагъæссаг фæуыдзысты: “хæйрæг сæ афæдзы дæргъы йæ маст исдзæн, кæй йæ бафхæрдтой, уый тыххæй.”

Уæдæ ацы æгъдауæн ис ахæм ахадындзинад: алы хæдзары дæр ис хæрзаудæг зæд æмæ хæйрæг; фысым, хæдзары хицау хъуамæ сæ дыууæйæн дæр балæгъстæ кæна, батабу кæна, нывондаг сын аргæвда. Зæдæн – хæдзар фыдбылызæй кæй хизы, бинонтæн æнæниздзинад кæй дæтты æмæ хæдзарыл рæстмæ кæй ауды, уый тыххæй. Хæйрæгæн та уый тыххæй, цæмæй сæ хæдзармæ æввахс ма цæуа, хинтæ сын ма кæна. Хæйрæгæн сæгъ адджын кæй фæци – йæхæдæг æй сфæлдыста – уый тыххæй йын нывондæн æрхæссынц сæгъ, æндæр нывондаг æй нæ хъæуы, æндæр дзидза хæргæ дæр нæ кæны æмæ йæ сæгъы фыдæй куынæ бахынцай, уæд сæм фæфыдæх уыдзæн. Æмбисондæн фæдзурынц: “Хæйрæгæй дын цы тас у, зæдæй афтæ ма фæтæрс”. Хæйрæг минас куы фæкæны, уæд йæ разы мачи хъуамæ уа, æмæ уый тыххæй бинонтæ рахизынц æддæмæ.

Дуармæ цасдæр алæууыны фæстæ бинонтæ æрбахизынц агъуыстмæ æмæ фынгыл сбадыны размæ акæстытæ кæнынц фынгмæ. Афтæ нымадтой: куви-нæгтæй иу комдзаг, иу хъуыртт дæр хъуамæ ма фесæфа науæд, зæгъгæ, афæдзы дæргъы бинонтæй иу фæхъæудзæн. Бæрæгбон афтæ домдта æмæ, цы хойраг сцæттæ кодтой, уый хъуамæ бахордтаиккой бинонтæ æрмæстдæр сæхæдæг. Ӕцæгæлоны сæ фынгмæ нæ хуыдтой. Суанг ма кусартæн йæ туг æмæ йе стджытæ дæр иу мур, иу æртахы онг æмбырд кодтой æмæ сæ-иу бæстон баныгæдтой, цæмæй сæм мацы фæхæццæ уа. Уыцы æхсæв-иу уынгты æндзæрстой хъæмпæй  æртытæ æмæ-иу ын йæ цæхæр фæйнæрдæм пырх кодтой.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.