Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик бузныджы ныхæстæ загъта Культурæйы министр Зассеты Жаннæйæн æмæ Республикæйы бон банысан кæныны бæрæгбонон мадзæлттæ сорганизаци кæныныл чи архайдта, уыдонæн, ма-зæлттæ бæрзонд æмвæзады уагъд кæй æрцыдысты, уый тыххæй.

«Жаннæ Виссарионы чызг, фæнды мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын дæуæн активон, масштабон куысты тыххæй. Æппæт бæрæгбонон æмæ уый фæстæ мадзæлттæ уагъд æрцыдысты бæрзонд организацион æмвæзадыл, куыд уазджытимæ ныхас кæныны, афтæ мадзæлтты алыгъуызондзинадæй дæр, кæцыты тыххæй уазджытæ сæ тæлмæнтæ дзырдтой хъарм æнкъарæнтимæ.

Мах адарддæр кæндзыстæм куыст культурон-дзыллон мадзæлтты программæйы фæдыл. Разæй нæм æнхъæлмæ кæсынц нысани-уæгджын бонтæ. Ныфс мæ ис, хъуыддагмæ дæ бæрнон, сфæлдыстадон ахастæй уыдон дæр уагъд кæй æрцæудзысты хорз æмвæзадыл», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Фембæлды рæстæджы нысан æрцыд, зæгъгæ, Республикæйы боны цытæн алыгъуызон мадзæлтты хайад райстой Донецкы Адæмон Республикæ, Луганскы Адæмон Республикæ, Абхаз, Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы æндæр регионтæй 200 уазæджы бæрц.

Зассеты Жаннæ фехъусын кодта, зæгъгæ, министрады уæхскуæзæй сæхи цæттæ кæнынц Хетæгкаты Къостайы гуырæн боныл 160 азы сæххæсты цытæн мадзæлттæ ауадзынмæ, афтæ ма æндæр календарон бонты тыххæй дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.