– Сæйраг у адæмы размæ раст æмæ æцæг информаци рахæссын Хуссар Ирыстоны тыххæй, – загъта информацион агентад «Рес»-æн бритайнаг журналист, блогер æмæ стрингер Грэм Уильям Филлипс, кæцы Хуссар Ирыстонмæ æрцыдис нæ республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрийы фæхуындмæ гæсгæ.

Грэм Филлипсы ном зындгонд ссис йæ журналистон архайд æмæ куысты руаджы Киевы Майданы цауты æмæ Донбассы адæмон республикæты ныхмæ украинæйаг хицауады агрессийы рæстæджы. Уый разындис европæйаг ахæм журналисттæй, кæцы дызæрдыг кодта, Украинæйы цы уавæр уыд, уый фæдыл информаци æмæ версийыл.

Грэм Филлипсы Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын сразæнгард кодта, нæ республикæйы тыххæй тынг цъус информаци кæй ис Европæйы информацион тыгъдады, уый.

Уый радзырдта, кæй систа бирæ репортажтæ Хъырым æмæ Донбассы æрцæугæ цаутыл, фæлæ  уый ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстонæй та ис тынг кадавар информаци.

«Англисы Хуссар Ирыстоны тыххæй бирæ ницы зонынц. Æгæрыстæмæй ма уæрæсейаг дзыллон информацийы фæрæзты дæр уадиссаг нæ зыны», – банысан кодта англисаг журналист.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый махмæ агуры цымыдисон факттæ, кæцытæ айгæрддзысты информацион блокадæ æмæ айхъуысдзæнис рæстдзинад. «Медойты Дмитри мæ куы фæхуыдта, уæд æз архайдтон You Tub-ы Хуссар Ирыстоны тыххæй видеороликтæ ссарын, фæлæ та дзы уым дæр бирæ ницы разынд æмæ уæд æз сфæнд кодтон хъуыддаг сраст кæнын. Мæн фæнды сисын уæ бæстæйы тыххæй рæстдзинадыл дзурæг репортаж, цæ-мæй НАТО-йы фарсы пропагандæйæн, ома, Хуссар Ирыстон бандитон республикæ у, зæгъгæ, уымæн кæрон скæнæм», – загъта журналист.

Филлипсы ныфс ис, æмæ йæ репортажты руаджы кæй æрбамбырд кæндзæнис хъæуæг аудитори, цæмæй хъуыддагæн уа ахадындзинад. «Рацыдис дæс азы 2008 азы августы хæстæй æмæ бирæтæм цымыдис æвзæрын кæны Хуссар Ирыстоны абоны цард», – йæ ныхасмæ ма бафтыдта журналист.

Грэм Филлипс абарста Донбасс æмæ Хуссар Ирыстоны цаутæ. «Ардæм куы цыдтæн, уæд хъуыды кодтон, зæгъгæ, ам дæр, куыд Донбассы, афтæ сæ адæмы æмхуызон фæнды Уæрæсейы Федерациимæ баиу, фæлæ уый афтæ нæу. Ам ис бирæ ахæм адæм, кæцытæ сты  хæдбардзинады фарс æмæ уый у цымыдисон хъуыддаг», – банысан кодта уый.

Филлипсы хъуыды у, зæгъгæ, фæстаг азты стыр хъусдард здæхт цæуы Хъырыммæ, фæлæ, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн дæр къаддæр нысаниуæг нæй.

Нæ уазæг журналист ма банысан кодта Хуссар Ирыстоны æрдзы рæсугъддзинад, йæ зæрдæмæ фæцыдысты хæхтæ æмæ йæ дисы бафтыдта ирон адæмы уазæгуарзондзинад дæр. «Уæ бæстæ  у тынг рæсугъд. Æз тынг фæдис дæн, ахæм чысыл территори – æмæ у æнахуыр рæсугъд. Диссаг, ацы ран кинотæ кæй нæ исынц, уый. Ацы бынат у фенддаг бынат», – бахахх кодта Грэм.

Грэм Филлипс Ног азы бæрæгбоныл сæм-бæлд Хуссар Ирыстоны æмæ ныридæгæн ногазон репортаж сæвæрдта интернеты. Цалдæр бонмæ уымæн бантыст нæ республикæйы фенддагдæр бынæттæм бацæуын æмæ сæ фенын, базонгæ ис ирон адæмимæ дæр. Уый ныфс бавæрдта, зæгъгæ, кæд Хуссар Ирыстоны фæдыл йæ репортажты серийæн уа æнтыст æмæ ахадындзинад, уæд ма ноджыдæр кæй æрцæудзæнис.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.