РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта æмбырд цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады къабазы тарифтæ æвæрыны æмæ бакæнгæ лæггæдты гъæд фæхуыздæр кæныны фарстыты фæдыл.

Æмбырды хайад райстой экономикон рæзты министр Кокойты Генади, йæ уынаффæгæнæг Вера Денк, афтæ ма горæт æмæ районты администрациты сæргълæуджытæ.

Райдианы Пухаты Эрик банысан кодта, дарддæр куыст кæй цæуы 2018 азæн республикæйы паддзахадон бюджетыл æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хæрдзтæн цы финансон фæрæзтæ хицæн цæуынц, уыдонæн хъуамæ уа бындур æмæ уой æргом.

Экономикон рæзты министрадæн лæвæрд æрцыд хæслæвæрд, цæмæй бакусой доны, хъæрмады, газы æмæ электроифтонгадмæ хауæг æппæт та-рифтыл, афтæ ма уынгтæ æфснайын, брæттæ ласын æмæ æндæр ахæмты тарифтыл дæр.

Горæты æмæ районты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады алы куыстуат дæр Экономикон рæзты министрадмæ хъуамæ бавдиса хæрдзты калькуляци æмæ бакæнгæ лæггæдты гуырахсты тыххæй зонæнтæ сфидаргонд формæйæ. Ныртæккæ куыст цæуы 27 тарифы фæдыл.

Хицауады Сæрдар банысан кодта документтæ рæстæгыл бавдисыны ахс-джиагдзинад.

«Ацы тарифты хъуамæ сфидар кæна Экономикон рæзты министрад 1 ноябрмæ. Уыдоны бындурыл бæлвырд цæудзысты субсидиты бæрцтæ кæнæ бю-джетон лимиттæ, кæцытæ хицæн цæудзысты горæт æмæ районтæн. Уымæ гæсгæ иттæг ахсджиаг у, цæмæй сæ горæты æмæ районты сæргълæуджытæ бавдисой 14 ноябрмæ», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.