Хуссар Ирыстон æрбаиу уыдзæн 1971 азы 16 декабры бактериалон (биологон) æмæ токсикон хæцæнгарз аразын, уадзын æмæ фæсауæрцтæ тымбыл кæныны ныхмæ æмæ йæ скуынæг кæныны тыххæй Конвенцимæ. Ахæм уынаффæ райстой республикæйы парламенты радон сессийы, кæцы уагъд æрцыд къуырисæры.

Закъоны проект уынаффæ кæнынмæ рахаста Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Дриаты Заза. Парламент æмхъæлæсæй райстой закъоны проект. Райсгæ закъоны проект æрвыст æрцæудзæн Президент Гаглойты Аланмæ йæ къух æрфыссын æмæ мыхуыр кæнынмæ.

Уымæй дарддæр ма, Хуссар Ирыстоны Парламент æмхъæлæсæй рахæцыд дунейы бæстæты парламенттæ æмæ дунеон парламентон организацитæм Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы сидты фарс, Запорожье атомон электростанц æппынæдзух æхстыты бын кæй ис, уый фæдыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.