Райгуырӕн бӕстӕ уарзын, ӕнувыд ыл уӕвыныл сабырадон дуджы ӕмӕ зын рӕстӕджыты дӕр ахуыргӕнджытӕ-хъомылгӕнджытӕ скъоладзауты æрмæст канд ахуыры рӕстӕджы нӕ хъомыл кæнынц. Патриотизмы ӕнкъарӕнтӕ сӕм иууыл тынгдӕр сӕвзӕры, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисджытӕ ӕмӕ ветерантимӕ фембӕлды рӕстӕджы, сӕ хӕстон сгуыхтдзинӕдты тыххӕй сын куы фӕдзурынц, уӕд. Уыцы ахсждиаг ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хъуыддаг зӕрдыл даргӕйӕ, Цхинвалы горӕты Ветеранты совет ӕппӕт дӕр аразы, цӕмӕй кӕстӕр фӕлтӕр хъомыл кæнынмæ сæ бавæрд хæссой, зонгӕ сæ кӕной, Райгуырӕн бӕстӕйы сӕраппонд фыдгулты ныхмӕ ӕнауӕрдонӕй чи тох кодтой, уыцы ӕдзард сахъгуырдты хæстон сгуыхтдзинæдтимæ, кад ӕмӕ цыт кӕной, абон ма не ‘хсӕн чи ис, уыцы ветерантӕн. Уыцы нысанӕн та ӕрӕджы горӕты Ветеранты совет Фыдыбӕстӕйон хӕст, куыст æмӕ фӕллойы ветеранты горæтон совет горӕты ахуырады хайады кусджытимӕ фембӕлд ауагътой 9-ӕм астӕуккаг скъолайы. Фембӕлды уыдысты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты активон хайадисӕг Тедеты Никъала, Цхинвалы горӕты Ветеранты советы сӕрдар Гобозты Ӕхсар, йӕ хӕдивӕг Козаты Павел, Ветеранты советы уӕнг Тыбылты Эдуард ӕмӕ ахуырады управленийы Цардархайды ӕдасдзинады бындурты методист Габадты А.

9-ӕм скъола сӕрыстырӕй хӕссы Советон Цӕдисы дыууӕ хатты Хъайтар, Монголы Адӕмон Республикӕйы Хъайтар, армийы инӕлар Плиты Иссӕйы ном. Фембӕлды райдианы 7-ӕм къласы ахуыргӕнинаг Козаты Дианӕ ӕрӕмбырдуӕвджытӕн ӕрдзырдта номдзыд æфсæддон раздзоджы ӕгӕрон сгуыхтдзинӕдты тыххӕй. Уый фӕстӕ скъоладзаутӕ Жажиты Эсмӕ, Уалыты Дианӕ, Дзабиты Иосиф, Хъотайты Алинӕ, Гӕбӕраты Алыксандр ӕмӕ ӕндӕртӕ кастысты ӕмдзӕвгӕтӕ советон хӕстонты хъайтардзинады тыххӕй. 8-ӕм къласы скъоладзау Тыбылты Григол та бакаст ӕфсӕддон ардбахӕрд. Уымӕй дарддӕр ма уазджыты зӕрдӕтӕ бахъӕлдзӕг кодтой сӕ аивадон ралӕудӕй, азарыдысты цалдӕр зарӕджы ӕмӕ сӕххӕст кодтой кафты номыртӕ.

Хӕсты хайадисӕг Тедеты Никъала фысымтӕн радзырдта йӕ хӕстон фæндæгтыл, ирон сагсур фӕсивӕды тохы, Плиты Иссӕимӕ йæ фембæлды тыххæй. Фембӕлды ма раныхас кодтой Гобозты Ӕхсар, Лалыйы фырт, Козаты Павел ӕмӕ æндæртæ, кӕстӕртӕн сæ бафӕндыд, цӕмӕй аргъ кӕной, знаджы дзӕмбытӕй нӕ чи фервӕзын кодта, уыдонӕн, макуы бавзарой хӕсты хъизæмæрттæ, цӕрой ӕмӕ ахуыр кӕной сыгъдӕг арвы бын. Ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхи рады уазджытӕм лӕвӕрдтой сӕ цымыдисгӕнӕг фарстатӕ ӕмӕ сын истой ӕмбӕлон дзуаппытӕ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.