10 азы рацыд 2008 азы августы тугуарæн, æнæмсæр хæстæй. Уый фæдыл Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты фыдохы мадзæлттæ, ссардæуыд Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыцы зынгхуыст хъæбатырты рухс нæмттæ. Уыцы æвирхъау уæззау фондз боны дæргъы ам, Цхинвалы чи уыд, уыдоны зæрдыл та уæлдай тынгдæр æрлæууыдысты, уыцы трагикон бонты цаутæ æмæ та зæрдæ уæлдай рыст кодта.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы телеуынынады каналты дæр æвдыст цыдысты, уыцы æвирхъау хæсты тыххæй кадртæ. Уæрæсейаг журналисттæ ныхас кодтой куыд ирон адæмимæ, афтæ гуырдзиæгтимæ дæр, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг агрессийы хайад чи иста, уыдонимæ дæр.  Ацы рæнхъыты автор дæр лæмбынæг йæ хъус дардта 2008 азы августы хæсты фæдыл Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй чи цы дзырдта, уымæ. Кæд мæ æххæстæй нæ уырныдта, уæддæр æнхъæлмæ кастæн, зæгъын, чизоны гуырдзиаг адæм сæхиуыл æрхудиккой æмæ ирон адæмæй хатыр ракуриккой уал азы дæргъы сæ сырдон миты тыххæй, фæлæ… Уымæй дæр Гуырдзыстоны премьер-министр Георгий Квирикашвили адæмæн фехъусын кодта фæндæтты пакеты тыххæй  ахæм номимæ «Шаг к лучшему будущему», зæгъгæ. Гуырдзиаг хицауады иницативæ здæхт уыд Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæм, цыран ис æртæ сæйраг уагæвæрды: хицæнгæнæн хæххыты цур базарады æмæ хъуыддагон контактты рæзт, абхазæгтæ æмæ хуссарирыстойнаг цæрджытæн Гуырдзыстоны æмæ æндæр бæстæты уæлдæр ахуырадон уагдæтты ахуырад райсыны фадат радтын, афтæ ма сын Шенгены сразыдзинады бæстæтæм цæуынæн æнæвизæйон режим саразын. Квирикашвилийы фæндæтты пакеты æвварс рахæцыдысты АИШ-ы паддзахадон департамент æмæ Евроцæдисы æддагполитикон структурæтæ. Фæлæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæй ничи рахæцыд ацы пакеты æвварс. Уый хыгъд гуырдзиæгтæ радон хатт  фенын кодтой «территориалон æнæхъæндзинады» принциптæ. Квирикашвилийы идея та фылдæр уыд политикон пиары хуызæн.

2008 азы гуырдзиаг æфсæдтæ Хуссар Ирыстоны зæххæй “сыгъдæг быдыр” аразынмæ куы цыдысты, уæд сыл командæ кодта инæлар Мамука Курашвили. Уацхæссæг æй куы бафарста Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæсты тыххæй, уæд ын уый сдзуапп кодта, зæгъгæ, ницахæм Хуссар Ирыстон нæй, ис, зæгъ, Самачабло æмæ, зæгъ, уый у Гуырдзыстоны зæхх. Йæ ныхасы кæрон ма барæй аразгæ æнкъард хъæлæсæй мæсæллæйы ныхæстæ загъта ацы хæсты  йæ хиуæтты чи фесæфта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Гуырдзыстоны раздæры президент Саакашвилийы æввахс адæймæгтæй сæ иуы куы афарстой, зæгъгæ, Саакашвили куыд тынг фæтарст хæдтæхæджы уынæрæй, уæд уый мæнг ныхæстæ дзурын райдыдта (мæнг ныхæстæ та гуырдзиæгтæн амонын нæ хъæуы, тынг рæвдз сæм сты), зæгъгæ, дам, уый тæрсгæ нæ фæкодта, размæ, дам, ахауд æмæ йæ къах ныццавта æмæ, дам, ын уымæн уыд ахæм тарст цæстæнгас. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн йæ мæнг ныхæстыл ничи баууæндыд, уымæн æмæ æнæхъæн дунейы иууылдæр федтой Саакашвили фыртасæй куыд лыгъд æмæ йæ хъахъхъæнджыты бынæй тæппуд тæрхъусы  каст кæй кодта, уый.

Гуырдзиаг æвзонг нæлгоймаг Шота Парулавайы уæрæсейаг уацхæссæг куы бафарста 2008 азы августы трагикон цауты тыххæй, уæд уый дæр ирон адæмæй хатыр ракурыны бæсты тынг фæсмон кодта, уæд Цхинвалмæ æрбацæуын йæ къухты кæй нæ бафтыд, уый тыххæй. Загъта, зæгъгæ, дам, мах æрæмбырд стæм Тбилисы Вазианийы æфсæддон базæйы, хъуамæ ацыдаиккам ирæтты ныхмæ хæцынмæ, фæлæ, зæгъ, уæдмæ Уæрæсе бомбæтæ æркалдта базæйыл.  Æмæ, зæгъгæ, ныр сабырадон æгъдауæй нæ къухты куынæ бафта нæ территориты раздахын, уæд, зæгъ, ацы хатт æнæмæнгæй ацæудзæн ирæтты ныхмæ хæцынмæ.

Æцæг дзы разынд цалдæр адæймаджы, кæцытæ бафхæрдтой сæ раздæры президенты. Æвæццæгæн æм цæуылдæр тынг мæсты уыдысты æмæ уымæн, фæлæ уыдонæн сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд ирон адæмæй хатыр ракурын. Сæ иу Тристан Цителашвили басаст, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæст райдайыны тыххæй бардзырд радта Саакашвили. Дирбы хъæуы цæрæг Гоги Гогаладзейы уацхæссæг куы афарста, зæгъгæ, уæрæсейаг æфсæдтæ хъæуы цæрджыты æфхæрдтой, уæд уый сдзуапп кодта, зæгъгæ,  уæрæсейг æфсæдтæ уæздан ахаст равдыстой хъæуы цæрджытæм, æгæрыстæмæй, зæгъ, дзы кæмæндæрты бензин дæр радтой. Стæй, зæгъ, уæд цæрджытæ мæнæ ныр куыд æфснайынц сæ хъæдур, афтæ  æфснайдтой æмæ, зæгъ, тыллæг уыд уынгты калд, фæлæ, дам, уæрæсейаг æфсæддонтæй йæ танк кæнæ æфсæддон машинæ ничи баскъæрдта, хъæдур калд кæм уыд, уыцы бынæттыл. Уæд 2008 азы августы хæсты рæстæджы та гуырдзиæгтæ æнæхъæн дунемæ фæдисы хъæр кодтой, зæгъгæ, уæрæсейаг æфсæддонтæ хъыгдарынц гуырдзиаг цæрджыты кæд æмæ афтæ нæ уыд, уæддæр. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ уæрæсейаг уацхæсджытæ, кæцы гуырдзиæгты æфарстой хæсты тыххæй, уыдонæй иуæй-иутæ кæд сæ раздæры президенты бафхæрдтой, уæддæр сæ иу дæр хатыр нæ ракуырдта ирон адæмæй дæргъвæтин азты дæргъы нын нæ цард зындон кæй фестын кодтой, ирон адæмы ныхмæ æнæмсæр хæст расидыны тыххæй. Æгæрыстæмæй, сæ афтæ дæр ничи загъта, зæгъгæ, нæ хъуыд уыцы тугуарæн хæст расидын…

Иннæ ахæм та сæ фыдракæндты фæдыл йæхицæй бæрндзинад сисыны тыххæй диссаг фæцис Гуырдзыстоны парламенты раздæры сæрдар Нино Бурджанадзе. Уый алцæйы тыххæй дæр фæаххосджын кодта сæрхъæн Саакашвилийы, кæд æмæ йæхæдæг дæр аххосджын у, уæддæр. Науæд ын, æвæц-цæгæн, ис тынг цыбыр хъуыдыкæнынад, æндæра йæ куыд ферох сты  уый цалдæр азы размæ уæрæсейаг журналисты фарстæн, ома, гуырдзиаг-ирон ахастытæ куы фæкарзæдр уой, уæд цахæм мадзæлттæ райсдзынæ, уымæн куыд сдзуапп кодта, уый. О, чизоны, йæ уый ферох кодта, фæлæ хуссарирыстойнаг адæмæй никуы ферох уыдзæн йæ дзуапп: «Гуырдзиаг-ирон ахастытæ куы фæкарздæр уой, уæд мæнæн ис дыууæ фырты æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сынтæджы бын нæ бамбæхсдзысты. Иуы,  дзы арвитдзынæн Абхазмæ æмæ иннæйы та – Хуссар Ирыстонмæ». Йæ ацы дзуапп ын хуссарирыстойнаг адæм тынгдæр уымæн бахъуыды кодтой, æмæ  сылгоймаг уæвгæйæ, уый  кæй сидт хæстмæ æмæ йæм кæй «æрвыста» йæ фыртты. Æниу, уыдон цæстмæхъус ныхæстæ уыдысты, æндæра Ирыстоны хъайтар Бестауты Балайы сæргълæудæй нæ лæппутæ Уанаты хъæуæй, æнæ иу æхст фæкæнгæйæ, ирæтты марынмæ кæй æрбарвыстой, уыцы гуырдзиаг хæстонты Цхинвалмæ куы æркодтой æмæ сæ Театралон фæзуаты сæ зонгуытыл куы æрлæууын кодтой, уæд семæ цæмæннæ уыдысты Бурджанадзейы фырттæ. Ацы ахст гуырдзиæгтæй ма йæм сæ иу сидт дæр куы сарæзта, зæгъгæ, батъоно, Нино, дæ ныхæсты хицау цæмæннæ разындтæ æмæ дæ фырттæ немæ цæмæннæ сты, зæгъгæ. Уый фæстæ куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ, дам, уыцы лæппуйы амардтой, Гуырдзыстонмæ сæ куы акодтой, уæд.

Уæдæ ма йæ ноджы зæгъон, Бурджанадзе цы цæсгомæй аххосджын кæны Саакашвилийы, кæд æмæ йæхи къухтæ дæр ирон æмæ абхазаг тугæй ахуырст сты, уæд.

Фæстæ нæ фæлæууыд актер æмæ зарæггæнæг Вахтанг Къикабидзе дæр. Уацхæссæг ын куы загъта, зæгъгæ, абахазæгтæ æмæ ирæттæ фæстæмæ Гуырдзыстоны скондмæ æрбацæуыныл никуыуал сразы уыдзысты, уæд загъта, зæгъгæ, Ирыстоны цæры иу стадионы дзаг адæм, стæй дæр, дам, уый Хуссар Ирыстон нæу, фæлæ – самачабло, Гуырдзыстоны бындурон зæхх. Абхазæгтæн, дам, ис сæхи æвзаг, фæлæ зæгъ уыдон дæр сты æрцæуæггаг адæм.

Уæдæ мах байхъуыстам гуырдзиаг-ирон хæсты фæдыл Гуырдзыстоны цалдæр æмбæстаджы хъуыдымæ, фæлæ æппындæр нæ дызæрдыг кæнын гуырдзиæгтæ иу стæмтæй дарддæр кæй сты ахæм хъуыдыйыл хæст, ууыл. Гуырдзиæгтæ мады гуыбынæй рахæссынц ирæттæм æнæуынондзинад, æниу æрмæст ирæттæм нæ… Ирон адæм æппæт тыхтæй дæр хъуамæ бацархайой, цæмæй Ирыстон баиу уа. Уымæй дæр кæд дунейы æндæр адæмтæн баиу уæвыны бар ис æмæ иу дæр баисты, уæд чысылнымæц ирон адæм цы кодтой, цы аххосджын сты?.. Стæй дæр истори алыхатт дæр фæлхаттгонд æрцæуы, уымæн та æвдисæнтæ стæм нæхæдæг…

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.