Арфæйы фыстæджы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын Рауль Джумкы фырт,

Æрвитын дын мæ иууыл хуыздæр æмæ зæрдиагдæр арфæтæ нысаниуæгджын бæрæгбон  Абхазы Республикæйы Конституцийы Боны цытæн.

1994 азы 26 ноябры Республикæ Абхазы Уæлдæр Совет цы Конституци райста, уый сси хæдбар æмæ сæрибар абхазаг паддзахады рæзты нысан, республикæйы политикон стабилондзинады фидар бындур æмæ бирæ азты рагагъоммæ сбæлвырд кодта бæстæйы рæз-ты сæйраг фæдыздæхæнтæ.

Фидарæй мæ уырны, бирææнусон хæлардзинад æмæ историон-культурон иудзинад сæ бындур кæмæн сты, хуссарирыстойнаг-абхазаг уыцы æнгом æмахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты æмæ фидар кæндзысты.

Ацы бæрæгбон дæуæн æмæ æфсымæрон абхазаг адæмæн мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ æмæ хæрзиуджытæ».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.