Ацы бонты социалон хызæгты æхсызгон хабар фехусын кодта Хуссар æмæ  Цæгат Ирыстоны хæрзаудæн фонды архайæг æмæ блогер Тыбылты Алан: «Бестауты Натальяйæн æххуысы хыгъд сæхгæдтам! Уымæн æмæ цалдæр бонмæ æрæмбырд ис, рынчын сылгоймагæн баххуыс кæнынæн цас хъуыд, уымæй бирæ фылдæр суммæ. Тынг æхсызгон мын у, æмбаргæ адæм кæй ис æмæ тыхст сылгоймагмæ сæ къух кæй фæдаргъ кодтой».

Не ‘мбæстаг – æвзонг сылгоймаг Бестауты Наталья у онкологийæ рынчын. Хъыгагæн, низ йæхи базонын кодта цыппæрæм стадийыл. Ростовы Натальяйæн сарæзтой цалдæр химийы терапийы. Фæлæ дохтыртæ куыд амонынц, афтæмæй уый дарддæр бахъæудзæн зынаргъ препараттæ Турчы. Фæстæдæр та – хъæуы операци саразын. Наталья иунæгæй хъомыл кæны дыууæ сывæллоны, куыста парикмахерæй æмæ  йæ хъæуы фидын æххуырст хæдзарæн. Сывæллæттæм фæкастысты зонгæтæ æмæ хæстæджытæ, цалынмæ Ростовы хос кодта рынчын сылгоймаг, уæдмæ.

Ацы æнамонд хабар фехъуыста нæ горæты цæрæг, зынгæ хæрзаудæн архайæг Дыгъуызты Вадим. Бирæ кæмæндæрты баххуыс кодта Дыгъуызы фырт. Бацæуы тыхст адæмы уавæры, сæ фарсмæ ‘рбалæууы, горæты магазинты сæвæры йæхи къухтæй арæзт асыччытæ. Регулярон æгъдауæй йæ фарсмæ æрбалæууы Тыбылты Алан дæр. Æрæджы та уыдон æнгæс уавæры баххуыс кодтой нæ горæты цæрæг чысыл чызг Цхуырбаты Варварæйæн.

Социалон хызæгты фæрстыл Тыбылты Алан видеороликы бахатыд, зæгъгæ, Бестауты чызгæн, йæ бон кæмæн цас у, уыйбæрц баххуыс кæнæд, тынг тыхст у сылгоймаг. Алан æмæ Наталья æнхъæл куыд нæ уыдысты, афтæ цалдæр бонмæ картæйы номырмæ æрбацыд 4 милуан æмæ 800 мин сомы.

«Информаци социалон хызæгты апарахат кæнынæн стыр нысаниуæг кæй ис, уый хорз æмбæрстон. Хъыгагæн, рынчыны тыххæй ахæм куырдиæттæ арæх вæййы. Ис мын фæсарæйнаг виртуалон æмбæлттæ. Се ‘хсæн ис, æдзух æххуысмæ цæттæ чи у, цалдæр ахæм адæймаджы. Вæййы афтæ дæр æмæ фаг фæрæзтæ æрæмбырд кæнын нæ рауайы, æмæ уæд лæппутимæ азилæм, нæ зæрдæ кæуыл дарæм, ахæмтыл. Магазинты сæвæрæм асыччытæ æмæ афтæмæй æрæмбырд кæнæм æхца, цæмæй рынчын æвæстиатæй, афоныл ацæуа дохтыртæм».

Натальяйы рис тынг бахъарыд Тыбылты Аланы аккаунтыл фыст интернет-пайдагæнджытæм.

«Сылгоймаджы картæйы номырмæ рахынцыдтой бынтон æцæгæлон, Хуссар Ирыстонмæ ницы ахаст дарæг адæм. Уæрæсейы Федерацийы цæрæг амалиуæггæнæг та комкомкоммæ радзырдта мæ телефонмæ æмæ загъта, тагъд Натальяйæн кæй æрæрвитдзæн зынаргъ хос «Церазма»-йы ампулатæ. Ацы цау рынчын сылгоймаг æмæ йæ сывæллæттæн уыд æнæнхъæлæджы. Æз тынг амондджын дæн, ме ‘ххуысы къух кæй фæдардтон хъысмæтæй æфхæрд адæм-мæ»», – зæгъы Тыбылты Алан.

Æххуысхъуаг сылгоймаджы иувæрсты нæ ахызтысты нæ республикæйы политикон партитæ дæр. Фæлæ иууыл тынгдæр Натальяйы сывæллæтты зæрдæтæ барухс кодта нæ бæстæйы Президент Гаглойты Алан. Æххуырст хæдзары цæрæг сабитæ баисты фатеры хицау. Сæ мадæн хос кæнынмæ ацæуыны фадат кæй фæцис, уый тыххæй социалон хызæгтæй, сæ цæссыгкалгæйæ, бузныг зæгъынц, Наталья йæхæдæг æмæ йе ‘ввахс адæм. Хæрзаудæн архайд сарæзта рынчын сылгоймаг йæхæдæг дæр. Йæ хыгъдыл цы æхцатæ ис, уыдонæй систа 200 мин сомы æмæ сæ радта æндæр онкологийæ рынчынæн.

Тыбылты Алыксандры хъæуы Мæскуымæ ацæуын сæрмагонд процедурæтæ аразынмæ. Тыбылты лæппуйы нæ республикæйы цæрджытæ зонынц, куыд Зары трагедийы бахауджытæй сæ иу, афтæ. Æртæ сывæллоны фыд цалдæр азы размæ фæрынчын ацы карз низæй. Сарæзта операци, фæлæ йæ дарддæр дæр хъæуы хос кæнын.

Газет «Хурзæрин»-ы редакци бузныг зæгъы Тыбылты Алан, Дыгъуызты Вадим, Хуссар Ирыстоны политикон партитæн, Натальяйы картæмæ æхца чи ахыгъта æмæ уымæй йæ адæймагдзинад чи равдыста, æппæт уыдонæн. Сæрмагонд арфæ РХИ-йы Президент æмæ Хицауады уæнгтæн, горæты администрацийæн, сабиты фатеры хицау кæй бакодтой, уый тыххæй.

Бестауты Натальяйæн та нæ зæрдæтæ зæгъынц æнæниздзинад, сæрæгасæй йæ сывæллæтты фарсмæ куыд фæцæра бирæ азты.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.