Куадзæны бæрæгбоны цытæн нæ республикæйы сывæллæтты омбудсмен Цхуырбаты Татьянæйы хъæппæрисæй уагъд æрцыд акци «Пасха – детям». Мадзал сорганизаци кæныны хъуыддаджы йын феххуыс кодтой милицийы æнахъомты фæдыл фарстаты инспекцийы кусджытæ дæр. Ацы акци нысанмæздæхт у æвæрæз бинонтæн сæ къух фæрæуæг кæ-нынмæ, сывæллæттæн сæ бæрæбон барæсугъд кæнынмæ.

Æрмæст горæт Цхинвалы бæрæгбонон лæвæртты хицæуттæ баисты 20 бинонтæй фылдæр, кæцытæ хаст уыдысты æвæрæз бинонты хыгъдмæ. Бæрæгбонон корзинкæты уыд хæлцадон продукттæ, адджинæгтæ æмæ дыргътæ.

«Мах рæстæгæй-рæстæгмæ сног кæнæм æвæрæз бинонты хыгъдтæ æмæ планмæ гæсгæ профилактикон æгъдауæй фæкусæм куыд ныййарджытимæ, афтæ ма сывæллæттимæ дæр. Чи куыд тыхст у æмæ сын цахæм æххуыс бакæнын хъæуы, уый иттæг хорз зонæм. Куадзæны бæрæгбонмæ Цхуырбаты Татьянæйы бафæндыд æвæрæз бинонтæн акци саразын æмæ мах дæр йæ фарсмæ балæууыдыстæм. Финансон фарстатæ развæлгъау аскъуыддзаг кодта Татьянæ йæхæдæг æмæ мах та бахæсджын кодта, цæмæй бацæттæ кæнæм лæвæрттæ. Уымæ гæсгæ сарæзтам иууыл тыхстдæр бинонты хыгъд æмæ балхæдтам алыгъуызон хæлцадон продукттæ æмæ ма адджинæгтæ дæр. Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим ацы акцийы тыххæй куы фехъуыста, уæд нын лæвары хуызы радта бæрæгбонон куличтæ, кæцыты бафтыдтам хæлцадон корзинкæтæм, – стыр бузныг ын ахæм хорз хъуыддаг саразыны тыххæй. Зæрдиагæй мæ фæнды, цæмæй нæ чысыл хуртæ уой амондджын, циндзинадæй йедзаг æмæ сæ алыварс та æдзух уа хæлардзинад», – зæгъы æнахъомты фæдыл фарстаты инспекцийы сæргълæууæг Гатайты Лали. Акцийы организатортæн финансон æххуыс бакодта бæстæйы президент Бибылты Анатоли, кæцы хорзыл банымадта цыбыркъух бинонтæн баххуыс кæныны хъуыддаг ахæм цард-амондхæссæг бæрæгбонон Куадзæны.

«Мах фæндыд, цæмæй ахæм æхсызгондзинады бæрæгбоны нæ къух фæдаргъ кæнæм æвæрæз бинонтæм, сывæллæтты хæдзары хъомылкæнинæгтæм, уымæн æмæ ахæмты хъæуы куыд моралон, афтæ ма материалон æххуыс дæр. Нæ хъуыды фæцыд Президенты зæрдæмæ дæр æмæ нын алы уавæртæ дæр сарæзта, цæмæй акци «Пасха-детям» ацæуа æмбæлон æмвæзадыл, æцæгæйдæр банкъарой æххуыс, аудындзинад, бамбарой йæ, рохуаты кæй не сты. Милицийы æнахъомты фæдыл фарстаты инспектортимæ азылдыстæм æмæ байуæрстам лæвæрттæ куыд горæты, афтæ ма районты дæр», – банысан кодта Цхуырбаты Татьянæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.