Украинæйы хæстон операцийы райдайæнæй кæд дыууæ мæйы йеддæмæ нæма рацыд, уæддæр нæ чысыл Ирыстоны хъæбатыр лæппутæй ныридæгæн сæ цард радтой 60 хæстæг. Уыцы нымæц, æндæр стыр горæттæм абаргæйæ, у тынг бирæ. Фæлæ Фыдæбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы куыд уыд, афтæ та ныр дæр нæ лæппутæ сæ риуы ‘мбæрц размæ цæуынц, цæттæ сты сæ цард Уæлахизы сæраппонд раттынмæ.

Хъæбатырты ‘хсæн разыны ноджы хъæбатырдæртæ. Уыдонæй фондз: Дмитрий Феденко, Элшад Шахвердиев, Аслан Мухтаров, Дзукъаты Хъазыбег æмæ Сабанты Æхсæрттæг сæ мæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыдысты Лæгдзинады ордентæй.

Уый фæдыл зианджын бинонтимæ фембæлдысты республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Цæгат Кавказы зылды национ гвардийы командæгæнæг, инæлар-лейтенант Сергей Захаров.

Республикæйы разамонæг тæфæрфæс ракодта фæмардуæвджыты бинонтæ æмæ хиуæттæн. Куыд банысан кодта, афтæмæй тохы цы лæгдзинад равдыстой, уымæй æнæмæлгæ кад скодтой сæхицæн дæр æмæ Ирыстонæн дæр. «Фашизмыл кæддæр чи фæуæлахиз, уыцы хæстонты кæстæр фæлтæрты та ныр бахъуыд, йæ марг кæмæн ахæлиу, уыцы нацизмы ныхмæ тох кæныны сæр. Æмæ сæ фыдæлты кад дæлæмæ не ‘руагътой. Æмбарæм æй, ахæм хъыг ницавæр ныхæстæй ис банымæг кæнæн. Ацы лæппутæ ацыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ æмæ сæ цард йæ сæрыл радтой, æнустæм баззайдзысты адæмы зæрдæты, цæвиттойнаг уыдзысты кæстæр фæлтæрæн. Мах кæддæриддæр уыдзыстæм сæ бинонты фарсмæ æмæ нæ бон куыд у, афтæ сын бакæндзыстæм æппæтвæрсыг æххуыс, сæ маст фæрог кæныныл архайдзыстæм», – загъта Сергей Меняйло.

Сергей Захаров дæр куыд бафиппайдта, афтæмæй ирон лæппутæ кæмдæриддæр æмæ кæддæриддæр бæрæг вæййынц сæ хъæбатырдзинадæй. Уымæн æвдисæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Советон Цæдисы Хъæбатырты нымæц.

Уый фæстæ республикæйы Сæргълæууæг хæрзиуджытæ радта ацы фондз лæппуйы бинонтæн. Социалон рæзты министрадæн куыд бафæдзæхста, афтæмæй ацы бинонтæй алкæмæ дæр фидаргонд хъуамæ æрцæуа социалон кусæг, цы скъолаты ахуыр кодтой, уым та сын арæзт хъуамæ æрцæуа сæрмагонд къуымтæ сæ цард æмæ тохы фæн-дæгтæ æвдисæг экспонаттимæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.