Фæстиуджытæ арæзт æрцыд, Цхинвалы районы фермерон хæдзарадтæ цы куыст бакодтой, уыдонæн. Районы статистикон хайады фæстаг зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй фосдарды куыст кæнынц 10 хæдзарады æмæ сæм æдæппæт стуртæ нымадæуы 315, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 151. Стуртæ иууыл фылдæр ис «Арцеу»-ы хæдзарады 100 сæры, уыцы нымæцы йæм хъуццытæ та нымадæуы 43. Фылдæр стуртæ  цы хæдзарадтæ дарынц, уыдон нымæцмæ ма хауынц фермерон хæдзарад «Тъбет» – 95, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 35. «Алан»-ы хæдзарады ис 43, уыдонæй хъуццытæ сты 30, «Тын»-ы фермерон хæдзарадмæ нымадæуы 20 стуры æмæ иууылдæр сты хъуццытæ, «Фат» дары 13 стуры, уыцы нымæцы 7 хъуджы, «Цъунар» Лохы фырты хæдзарады ис 11 стуры æмæ хъуццытæ та сты 3. Стурвосдарды куыст ма кæнынц «Аз», «Цъунар», «Фæллой» æмæ «Виктория»-йы хæдзарадтæ. Родтæ «Тъбет»-мæ ис 18 æмæ «Алан»-ы хæдзарады та – 4.

Æхсызгон у уый банысан кæнын, æмæ фысдарды куыст ныр цалдæр азы æнтысгæйæ кæй кæны «Алан-ы хæдзарад æмæ йæ фосы нымæц æдæппæт у 150, уыцы нымæцы уæрыччытæ та сты 50. Ацы хæдзарад ма дары мæргътæ дæр æмæ сæ нымæц у 60. Бæхтæ «Алан»-мæ ис 3, фæйнæ та «Цъунар» æмæ «Фат»-ы хæдзарадты.

 

БАЙТЫДТЫ ФÆЗУÆТТÆ

Фæззыгæнд мæнæу районы байтыдтой 91 гектары, уыцы нымæцы фермерон хæдзарадтæ та байтыдтой 72 га. Хицæнтæй сисгæйæ, «Тын» байтыдта 35 га, (арендатор Бибылты В). – 20 га, Къостайыхъæуы паддзахадон хæдзарады арендатортæ байтыдтой 19 га, фæйнæ 6 га та «Фат» æмæ «Аз». Фæззыгон хъæбæрхоры культурæ тыд æрцыд фермерон хæдзарад «Тын»-æн 10 га æмæ «Аз» та байтыдта 6 га.

                                                            ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.