Дзауы районы Барсы хъæуы цæрджытæ дæргъвæтин рæстæджы дæргъы фыццаг хатт ифтонг æрцæудзысты нуазыны донæй. Уый тыххæй информацион агентад «Рес»-æн фехъусын кодта Дзауы районы администрацийы пресс-секретарь Тедеты Лианæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, коммуналон службæтæ хъæумæ дон бауаддзысты уалдзæджы æрбалæуды.

«Ацы хъæу рагæй фæстæмæ донæй ифтонг никуы уыд æмæ цæрджытæ æвзарынц зындзинæдтæ. Уыдон бахатыдысты районы администрацимæ сæ проблемæ сын аскъуыддзаг кæныны тыххæй куырдиатимæ. Администрацийы сæргълæууæг бахæс кодта специалисттæн фарст сахуыр кæнын æмæ уалдзæджы хъæуы донæй сифтонг кæныны куыстытæм æрæвналыны тыххæй», – радзырдта Тедеты Лианæ.

Пресс-секретарь ма куыд банысан кодта, афтæмæй уый размæ азты дæр Барсы хъæумæ цалдæр хатты бауагътой дон, фæлæ та-иу цыбыр рæстæджы фæстæ крæнттæй дон нал ратагъд. «Ныр специалисттæ сараздзысты донуадзæн ног хæтæлтæ æмæ цæрджытæ донхъуагдзинад нал æййафдзысты», – загъта уый.