8-æм июлы Советон Цæдисы иууыл егъаудæр проект БАМ-ыл сæххæст 50 азы. Байкал-Амуры магистраль нымад цæуы иууыл масштабондæр арæзтадыл æрмæст Советон Цæдисы нæ, фæлæ дунеон историйы дæр. Уый у Уæрæсейы иууыл сæйрагдæр æфсæнвæндагон хахх. Абоны онг дæр ацы стыр проект у советон адæмы фæллойадон сгуыхтдзинады символ æмæ йын бæстæйы экономикон рæзтæн ис егъау стратегион нысаниуæг.

Фæндаг гуырæн бынæттæм

Бæстæйы дæрддагдæр регионтæм, уыцы нымæцы хъæздыг минералон ресурстæм æфсæнвæндаг саразыны æнæмæнгхъæуындзинады хъæппæрис сæвзæрд 19-æм æнусы кæрон Уæрæсейы империйы. 1937 азы фæзындысты, БАМ-ы Транссибираг магистралимæ чи сиу кодтаид, ахæм хæххытæ. Райдианы кусæгдых кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ БАМ-ы арæзтадмæ æрбакодтой зындгонд ГУЛАГ-æй сæдæ мин ахæст адæймаджы. Арæзтады куысты уавæртæ уыдысты тынг уæззау, ахæсттæй сæ бирæтæ нæ фæрæзтой æмæ мардысты.

Æрмæстдæр 1974 азы БАМ расидт æрцыд Æппæтцæдисон хъазуатон фæскомцæдисон арæзтадыл. Цыдысты йæм æппæт бæстæйы фæсивæд. Ацы цау магистралы историйы нымад цæуы йæ арæзтады официалон райдайæныл.

 

Æвзæнгты рæстæг

БАМ-мæ цыдысты мингай æвзонг адæм Советон Цæдисы алы къуымтæй. Уыдон куыстой уæззау уавæрты: æнусон сæлд, карз климат æмæ æвæндаг, æвадат бынат. Зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ, фæскомцæдисонтæн сæ бон ссис æфсæнвæндаджы сæдæгай километртæ айгæрдын æмæ инфраструктурæйы объекттæ саразын. 1989 азы магистраль цытджын æгъдауæй лæвæрд æрцыд эксплуатацимæ. Советон Цæдисы БАМ-ы арæзтадæн уыд стыр нысаниуæг. Ног магистраль хъуамæ бабастаид Транссибираг магистраль æвзалы, æрзæт æмæ сыгъзæринæй хъæздыг Якутскимæ. Ног логистикон объекты фæзынд стыр ахъаз уыд Сыбыр æмæ Дард Хурыскæсæны сæудæджерад, хъæууон хæдзарад æмæ экономикæйы фадгуыты рæзтæн. БАМ-æн уыд æмæ абон дæр ис ахсджиаг нысаниуæг.

Байкал-Амураг магистраль у дунейы æфсæнвæндаджы егъаудæр артеритæй сæ иу. Проекты бакуыстой дыууæ милуан адæймагæй фылдæр, йæ аразыныл бахардз ис 18 миллиард сомы (уыцы рæстæджы æхцатæй!). БАМ-ы арæзтадыл куыстой 10 мин хæдæвдæлонгæнæн æмæ уæзласæн машинæйы. Уыцы машинæтæй абон дæр фенæн ис Сыбыр æмæ Дард Хурыскæсæны.

БАМ-ы централон фадыг саразыныл бахъуыд 12 азæй фылдæр. Абоны бон БАМ-ы иумæйаг дæргъ у 4300 километры, уыдонæй иу минæй фылдæр цæуынц æнусон сæлды кæнæ бæрзонд сейсмикон активондзинады районты. Магистраль æххæссы Уæрæсейы Федерацийы æхсæз регионыл: Иркутскаг, Читинскаг, Амураг областты, афтæ ма Буряти, Якути æмæ Хабаровский крайыл. Фæндаг цæуы 11 цæугæдоны былгæрæтты æмæ 7 хохы рæгътыл. «За строительство Байкало-Амурской магистрали»-йы майданæй фараст азмæ хорзæхджын æрцыдысты 170 мин аразæджы æмæ фæскомцæдисоны.

 

БАМ 21-æм æнусы

1990 азты политикон æмæ экономикон рацарæзтыты райдианы фæстæ паддзахады интерес БАМ-мæ фæкъаддæр, æмæ йæ журналисттæ схуыдтой «Дорога в никуда». Фæлæ абон уавæр бындуронæй фæивта. Ныртæккæ БАМ у Уæрæсейы ахсджиагдæр транспортон артери. Магистраль кусы, йæ фадæттæ йæ куыд амонынц, афтæ. Фæндагыл æрвылаз дæр аласынц уæзты дæсгай милуангай тоннæтæ, уыцы нымæцы нефть, газ, æвзалы æмæ хъæдтæ. Сæвзæргæ æддагполитикон уавæр æмæ скæсæнмæ уæзтæ ласыны ахсджиагдзинад хынцгæйæ, абон БАМ-ы рæзтæн ис ноджы стырдæр нысаниуæг.

Магистралы стратегион нысаниуæг банымайгæйæ, хицауад æрæвнæлдта фæндаджы масштабон реконструкцимæ. Скæсæн полигоны фадыг Сыбыры æмæ Дард Хурскæсæны бæтты Уæрæсейы европæйаг хайимæ æмæ Ази-Сабырокеанаг регионы порттимæ. Проекты фæлгæтты арæзт æрцыд,  йæ дæргъ авд километры кæмæн у, ахæм дыккаг тъунел, афтæ ма Амуры цæугæдоныл автомобилон æмæ æфсæнвæндаджы хидтæ Китаймæ.

Байкал-Амуры магистраль у уникалон инженерон объект, æмæ йын йæ юбилей план кæнынц уæрæхæй банысан кæнын. Магистралы историйы тыххæй ист цæуы æххæстметражон документалон киноныв «50 лет на службе Отечества» æмæ  чингуыты рауагъд.

 

Станцæн – журналисты ном

БАМ-ы станцтæй сæ иуæн радтой газет «Комсомольская правда»-йы экссæйраг редактор Владимир Сунгоркины ном. Уый газеты редактор уыд 25 азы дæргъы. Журналист 22-аздзыдæй йæ профессионалон карьерæ райдыдта номхуындæй БАМ-ы, Владивостокы журналистикæйы факультет каст фæуыны фæстæ. Уый фыста репортажтæ арæзтады тыххæй æмæ дзы уыцы иурæстæджы кусгæ дæр кодта.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Хуссар Ирыстоны фæсивæд дæр хайад кæй райстой ацы арæзтады. Уыдонæй сæ иу уыд, бирæ азты дæргъы 3-æм астæуккаг скъолайæн чи разамынад кодта, уый – Бететы Хъазбег. Хъыгагæн, ацы стыр лæг абон сæрæгас нал у. Хъазбег æмæ йе ‘мкъурсонтæ хайад райстой ацы егъау проекты арæзтады. Куыд-иу дзырдта, афтæмæй уыцы рæстæг уыд йæ царды хуыздæр рæстæджытæй иу.

Дзæуджыхъæуккаг Дзадзиты Асланбегæн дæр уыцы азтæ сты йæ царды иууыл хуыздæр азтæ. Абоны фæсивæд, дам, нæ банкъардзысты, мах цы банкъардтам, уый. Сæ уæззау фыдæбон ахызт дыккаг планмæ, ферох ис. Баззадысты ма æрмæстдæр хъарм мысинæгтæ æмæ сæрыстырдзинад бæстæйы рæзтмæ сæ хайбавæрд кæй бахастой, уый тыххæй.

70-æм азты Цхинвалы æрбынат кодта советон æфсады вертолетон хай. Афицертæн Цхинвалы хæдзæрттæ аразын куы райдыдтой, уæд уыцы районы  схуыдтой БАМ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы ном баст уыд Байкал-Амураг магистралимæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.