Царды Стыр Хуыцау бирæтæн схай кæны æгæрон курдиат. Фæлæ хатт рауайы афтæ дæр æмæ цардуагон уавæртæм гæсгæ, адæймаг йæ цард снывонд кæны бынтондæр кæуыл нæ фæхъуыды кæны, ахæм профессийæн. Æмæ афтæмæй æнувыд, æвæллайгæ куысты фæрцы йæ къухты бафты стыр æнтыстытæ. Ахæм категорийы адæймæгтæм хауы фыссæг Джиоты Дауыт Антоны фырт дæр.

Цыбыртæй йæ биографийæ:

Уый райгуырд 1913 азы 15-æм майы Знауыры районы Сихиаты хъæуы мæгуыр зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Æнæххæст астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта Сихиаты хъæуы колхозы хынцæгæй. 1932 азы Хъорнисы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Сталиниры рабфакы, фæлæ йæ кæронмæ каст нæ фæцис йæ райгуырæн хъæуы колхозы сæрдарæй йæ кæй снысан кодтой, уымæ гæсгæ. Дыууæ азы фæстæ йæ ахуырмæ арвыстой Фæскавказы Уæлдæр коммунистон скъоламæ æмæ йæ каст фæцис 1936 азы. Фæстæмæ куы æрæздæхт, уæд нысан æрцыд Дзауы райæххæсткомы зæххы хайады къухдариуæггæнæгæй.

1937 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны  паддзахадон институтмæ. 3-аг курс фæуыны фæстæ йæ ацы институты дирекци командировкæйы рарвыстой Хуссар Ирыстонмæ ахуырадон уагдонмæ абитуриенттæ æрæмбырд кæныны тыххæй, фæлæ… Цхинвал-Хъорнисы фæндагыл бахауд автомобилон катастрофæйы, машинæ хидæй донмæ ныххауд. Йæ рагъыстæг кæй асаст, уый фæстиуæгæн йæ бон цæуын нал уыд æмæ йæ царды бонтæ арвыста инвалидæй. Фыццаг 15 азы æппынæдзухдæр уыд уатон æмæ, æгæрыстæмæй, йæ бон йæ уаты бадын дæр нæ уыд. Бирæ азты дæргъы хос кæныны фæстæ сбадт инвалидон коляскайы. Фæлæ Дауыт уыд æхсарджын адæймаг, автокатастрофæйы фæстæ йæ ныфс нæ асаст æмæ алыхатт дæр активон хайад иста æхсæнадон царды. Джиойы фырт Фысджыты цæдисы хуссарирыстойнаг хайады правленийы уæнг уыд 30 азмæ æввахс.

«Ирон Островскийы» литературон архайдæй

Дауыт литературон куыст райдыдта 1941 азы. Уæззау низимæ тох кæныны фæстиуæгæн йæ тыхтæ фæлварын райдыдта литературæйы къабазы. Зын, тынг зын ын уыд æнæ литературон ахуырад æмæ фæлтæрддзинадæй сфæлдыстадон куыст кæнын, фæлæ тырныдта æмæ йæ къухты æфтыд æнтыстытæ. Райдайæг фыссæг ныффыста цыбыр æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ. Сфæлдыстадон куыст ын фæрогдæр кодта йæ уæззау уавæр. Сфæлдыста бирæ аивадон уацмыстæ. Хицæн чиныгæй рацыдысты йе ‘мдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ, радзырдтæ æмæ уацмысты æмбырдгæндтæ, романтæ «Большевикон тых», «Сæуæхсид» «Æнæбасæтгæ тых»,  æмæ «Иликъо». Дауыт Антоны фырты сфæлдыстады сæйраг темæ уыд хъæууон цард, фæлæ йæ уацмыстæй цалдæры та равдыста немыцаг оккупантты ныхмæ советон адæмы тохы тыххæй. Ирон адæмы легендарон хъайтар Пухаты Иликъойы тыххæй æрмæст роман нæ ныффыста, фæлæ ма иуномон пьесæ дæр, кæцы æвæрд æрцыд Хусср Ирыстоны драмон театры сценæйыл.

Джиоты Дауыты райгуырдыл сæххæст 110 азы

Фыссæг уæлдай зындгонддæр ссис йæ тетралоги «Æнæбасæтгæ тых»-æй. Автобиографион роман тæлмацгонд æрцыд уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæм. Романы сæйраг хъайтар Тогойты Сосланы фæлгонцы Джиоты Дауыт равдыста йæ рæстæджы ирон фæсивæды типон минæвары. «Уацмысы нысаниуæг у бæрæг уæрæхдæр æмæ арфдæр», – банысан кодтой 1958 азы Гаглойты Федыр æмæ Джусойты Нафи. Романы æвдыст æрцыдысты 40 азы дæргъы ирон зæхкусджыты царды æппæт зынгæдæр цаутæ. Авторæн йæ бон ссис равдисын Хуссар Ирыстоны хъæуты хъæууон коллективон хæдзарадты арæзтады уæззау рæстæг, социализмы æххуысæй хъæуты куыд рæзтысты скъолатæ, клубтæ, культурон цард æмæ афтæ дарддæр.  Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Стыр-Мæсыджы нæлгоймæгтæ иууылдæр ацыдысты фашистон тыхæйисджытæй сæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Хъæуы ма баззадысты сывæллæттæ, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтæ. Фыссæг бацархайдта æмæ йæ къухы бафтыд фæсчъылдымонты æмæ фронтонты æнæфæхицæнгæнгæ бастдзинад равдисын.

Джиоты Дауыты хуыдтой ирон Николай Островский. Уырыссаг фыссæгæй цæвиттон райсгæйæ, райдыдта литературон сфæлдыстадæй архайын. Дауыты роман «Æнæбасæтгæ тых»-ыл бандæвта уырыссаг фыссæг Николай Островскийы зынгæ  роман «Куыд сæрыди æндон». Рецензенттæ иууылдæр банысан кодтой, зæгъгæ, Дауыт сырæзт ацы зынгæ романыл. Ирон фыссæг Джиоты Дауыт æмæ уырыссаг литературæйы классик Николай Островскийæн иугъуызон хъысмæт уыд. Островскийы æндон характеры цæвиттоныл Дауыт дæр ссис фыссæг. Сæ романтæн ис автобиографион характер, фæлæ аивадон арæзт æмæ цауты афыстмæ гæсгæ не сты æмхуызон уацмыстæ. Йæ рæстæджы журнал «Смена» Джиоты Дауыты уацмысты тыххæй фыста: «Ис ахæм чингуытæ, кæцытæ сæ вазыгджын сюжетон уавæрæй нæ хицæн кæнынц, фæлæ царды æцæгдзинад растæй равдисгæйæ агайынц чиныгкæсæджы зæрдæ. Ахæм чингуытæм хауы Джиоты Дауыты роман  «Æнæбасæтгæ тых» дæр. Гæнæн ис быцæугæнæн аивадон манерæйы тыххæй, фæлæ ацы чиныджы нæй  æвæлмас рæнхъытæ, ирдæй зыны уый кæй сфæлдыста стыр зæрдæйы хицау адæймаг. Джиоты Дауыты чиныг баст у Николай Островскийы рухс ном  мысынадимæ. Æмæ уый æнæнхъæлæджы нæу. Романы сæйраг хъайтар фæскомцæдисон, уый фæстæ та коммунист Тогойты Сослан нысанмæтырнæг, тыхджын характеримæ адæймаг бирæтæн сæ зæрдыл æрлæууын кодта Павел Корчагины фæлгонц».

Фыссæджы бирæ æмдзæвгæтыл фыст æрцыдысты зарджытæ, зарыдысты  æмæ сæ зарынц  куыд профессионалон сценæйыл, афтæ хуымæтæджы адæм дæр. Уый та дзурæг у фыссæджы популярондзинадыл. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Дауытæн арæх фембæлдтытæ кæй уыд æхсæнады минæвæрттимæ, студенттæ æмæ скъоладзаутимæ. 1966 азы иу ахæм фембæлд Дауытæн уыд Дзауы скъола-интернаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтимæ. Ацы рæнхъыты автор скъола-интернаты ахуыр кæнгæйæ, хайад райста фембæлды, кæцы ацыд тынг хъарм атмосферæйы. Адæймаг скъоладзауæй цы фены, уый цæрæнбонтæм бахъуыды кæны. Абоны онг дæр мæ хъустыл ауайы йæ уæздан хъæлæс, мæ цæстыты раз сысты йæ зæрдæмæдзæугæ фæлгонц. Фембæлды рæстæджы ахæм цымыдисон хабæрттæ дзырдта æмæ йæм иууылдæр хъуыстам стыр цымыдисимæ. Иннæ ахæм Дауыты хо Джиоты Насти бирæ азты дæргъы куыста газет «Хурзæрин»-ы (раздæры «Советон Ирыстон»-ы) редакцийы мыхуыргæнæгæй, арæх кодта йæ дзæнæтыбадинаг æфсымæры кой æмæ-иу алыхатт дæр йæ цæссыгтæ æркалдта.

Советон литературæйы рæзтмæ йæ хайбавæрды тыххæй Джиоты Дауыт хорзæхджын æрцыд Фæллойы Сырх Тырысайы орденæй, йæ райгуырды 50 азы цытæн æмæ литераутрæйы къабазы йе ‘нтыстыты тыххæй та – Кады нысаны орденæй. Уыд Советон Цæдисы фысджыты цæдисы уæнг.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ йын йæ хуыздæр уацмысты кæй æрæмбырд кодта Дзæуджыхъæуы Гергиты Валерийы Мариинаг театры филиалы оперон зарæггæнæг Джиоты Алан. Уый фæнд кæны уацмысты хицæн чиныгæй рауадзын фыссæджы юбилейы цытæн.

Джиоты Дауыт цардæй ахицæн 1968 азы 1 ноябры 55-аздзыдæй. Бæргæ та йыл хъысмæт дыккаг хатт сайдæй куынæ разылдаид, уæд ын чизоны ноджыдæр цас бантыстаид сфæлдисын, фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа. Йæ номыл чысыл уынг ис нæ горæты Ногдзауты парчы ныхмæ.

Джиоты Екатерина

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.