Хæлардзинад æмæ рæстдзинады идеалтæ зынаргъ кæмæн сты, уыцы адæм ацы аз нысан кæнынц Стыр Октябры социалистон революцийы æнусон юбилей. Йæ рæстæджы Стыр Октябрь байгом кодта ног – дунейы сноггонд дуг, капитализмæй социализммæ рахизыны эпохæ, адæмты империализмæй фервæзын кæныныл тохы дуг, адæмты æхсæн хæст æруромын, капиталы æлдариуæгад раппарын, социализмыл тох кæныны дуг.

Стыр Октябры социалистон революцийыл 100 азы сæххæсты цытæн нæ горæты Зонад иртасæн институты актон залы уагъд æрцыд цытджын мадзал, цыран хайад райстой республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Коммунистон партийы алы кары уæнгтæ.

Цытджын мадзал гомгæнгæйæ, Коммунистон партийы Централон комитеты Фыццаг секретарь Уырыгаты Инал йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, ныр æнусы дæргъы дунейы не ‘рцыд ахæм цау, кæцыйæн уыд Стыр Октябры революцийы нысаниуæг æмæ гуырахст.

«Дунейы картæйыл фæзынд бæстæ, цыран къухдариуæгад йæхимæ райста фæллойгæнæг адæймаг. Советон къухдариуæгады бын уыд дæсгай мин хуыздæр заводтæ æмæ фабриктæ, æнæахуырдзинад куынæг цыд, размæгонд цыд зонад, рæзтысты технологитæ. Нæ фæдыл – Стыр Октябры фæдонтыл баст уыд царды барад», – дзырдта уый.

Дарддæр адæмы раз раныхас кодта æмæ сын бæрæгбонон арфæ ракодта бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Уый банысан кодта ацы историон нымæцы ахсджиагдзинад, зæгъгæ, чи цыфæнды ма дзура, уæддæр Советон Цæдисы уыд экономикæйы, культурæйы, ахуырад, æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ æфсæддон-техникон хъомысады райрæзт. Советон Цæдис нын радта, абон сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы хъайтарты. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ разæй лæууыдысты Коммунистон партийы фæсивæд, кæцыты уый фæстæ раивтой фæскомцæдисонтæ.

Бибылты Анатоли банысан кодта Советон Цæдисы рæстæджы цы хъомыладон куыст æмæ идеологи уыд, уый абон махæн бирæбæрцæй кæй нæ фаг кæны.

«Уæды æнтыстытæ  космосмæ атахт, радио, телеуынынад, электрификаци æмæ бирæ æндæртæ нæ абоны рæзтæн сты сæ бындур. Советон Цæдисы коммунистты архайдæн æнæ аргъ скæнæн нæй, уымæн æмæ уый ныппырхæй фæстæмæ райдыдта хæст Европæйы, Югославийы, Хуссар Ирыстоны, Абхазы, Приднестровьейы.

Адæмы 80 проценты ныртæккæ мысынц, нæ иумиаг Фыдыбæстæ – Советон Цæдисы. Уæды Коммунистон парти, Фæскомцæдисонты архайд нæй æрныллæг кæнæн – уыдон басастой Целинайы зæххытæ, арæзтой Байкалы-амураг магистраль, уыдысты бирæ æнтыс-тыты цыренгæнджытæ.

Советон Цæдисы чи цард, уыдон се ‘ппæт дæр баззадысты, йæ Фыдыбæстæ чи уарзы, ахæмæй – интернационалисттæй», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Дарддæр йæ ныхасы куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Советон Цæдис йе ‘мбæстæгты хъомыл кодта нысанмæздæхтæй. Нæ разы, зæгъгæ, цы хæстæ ис, уыдон сты ныфсджын æмæ æрсидт, цæмæй цард иумæ аразæм æмæ размæ цæуæм.

«Мах æмзонд æмхъуыдыйæ хъуамæ размæ цæуæм, цæмæй нæ сывæллæттæ уой амондджын æмæ сабыр арвы бын цæрой. Нæ æхсæнад хъуамæ тырна уымæ, цæмæй алы æвзонг адæймаг дæр райса уæлдæр ахуырад, йæ дарддæры цардвæндаг бæстон кæна»,- дзырдта Президент.

Бирæ милуангай æвзонг адæймæгты дæнцæгмæ гæсгæ, ракодта йæхи кой дæр, зæгъгæ, хуымæтæг хъæууон лæппу уæвгæйæ ацыдтæн æмæ сахуыр кодтон уæлдæр ахуырадон уагдоны æнæ кво-тæ, æнæ ницæмæй. Алы æв-зонг æмбæстаджы дæр ныфс уыд йæ сомы бонæй. Хъыгагæн абон хъуаг стæм уы-мæй.

Йæ ныхасы кæрон бæс-тæйы сæргълæууæг ныфс бавæрдта, кæй архайдзысты, цæмæй адæмы цард хуыздæр кæна, цы политикон цаутæ нæм цæуы, уыдонæн аргъ цæуа, æмæ арæзт цæуа æппæтдæр уый тыххæй, цæ-мæй цард уа æдыхст æмæ сабыр, нæ республикæ размæ цæуа.

Хуссар Ирыстоны Коммунистон партийы Централон комитеты бюройы уæнг, ХИПУ-йы иумиаг историйы кафедрæйы сæргълæууæг Гатыгкоты Гиви йæ ныхасы банысан кодта, Октябры революци Уæрæсейы кæй фервæзын кодта искæй дæлба-рæй, ныппырх кæнынæй æмæ æбæрæгдзинадæй. Куыд ма загъта, уымæ гæсгæ Ирыстоны большевиктæ нæ ныддих кодтой, фæлæ паддзахы Уæрæсе.

«Уый фæстиуæгæн 19 æнусы райдиан Хуссар Ирыстоны æрцыд æртæ егъау зæхкусæгон растады гуырдзиаг феодалты ныхмæ, уыдонæй мингай растадонтæ фæмард сты, бирæтæ та лыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ сæ бинонтимæ. Æртæ хатты паддзахы администраци бæрзонд æмвæзадыл скъуыддзаг кодта хуссайраг ирæтты сæ райгуырæн уæзæгæй депортацийы фарст. Уымæ гæсгæ ирон адæмы большевизммæ æркæнын уыд æнæмæнг æмæ закъонон»,- дзырдта уый.

Ныхасгæнæг æрхаста номдзыд ахуыргонд, дзæ-нæттаг Нафийы ныхæстæ, кæцы нысан кодта, советон дуджы агъоммæ Хуссар Ирыстоны нæ уыд нæдæр фысджытæ, нæдæр нывгæнджытæ, нæдæр ахуыргæндтæ. Ныртæккæ нын цы ис, уый у советон æмгъуыды нæ адæмы историйы фæсауæрцтæ æмæ сæ хъуамæ зонæм æмæ сæ сæрыстыр уæм. Уымæйдæр бузныг хъуамæ уæм уыцы æхсæнадон фæткæвæрдæй, кæцы фæахъаз нæ адæмæн культурон рæзты хорз фæндагыл рацæуынæн, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны къухты бафтыд советон æмгъуыды кæрон культурон размæцыды стыр æнтыстытæ.

Историон зонæдты кандидат, ХИЗИИ-йы ног æмæ нырыккон историйы хайады сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Мурат банысан кодта, Октябры революци кæй сси бæстæйы райрæзты бæрæг размæцыды амал.  Советон къухдариуæгады æнæгуырысхо æнтыст уый схуыдта æмбæстæгты сомы боны сабыр цардыл æууæнк.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ныртæккæ цы уæззаудзинæдтыл æмбæлæм, уыдон  рæстæгмæ сты. Уæрæсе тынгæй тынгдæр хъусын кæны йæ хъомысад. Хуссар Ирыстон та раджы сбæлвырд кодта йæ политикон ориентаци Уæресейы ‘рдæм æмæ Мураты хъуыдымæ гæсгæ Стыр Уæрæсеимæ махмæ æнхъæлмæ кæсы хорз фидæн.

Цытджын æмбырды ма йæ мысинæгтæ æмбырды адæм рæгъмæ рахаста Коммунистон партийы ветеран Дзанайты Этери.

Мадзалы  кæрон  нæ  горæты фæндзæм скъолайы ахуыргæнинæгтæ бакастысты æмдзæвгæтæ Стыр Октябры цытæн.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.