Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы боны цытæн Цхинвалы скъола-интернаты уагъд æрцыд, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн республикæйы чемпионат шашкæтæй. Ерысты хайад райстой 42 адæймаджы – 28 лæппуйы æмæ 14 чызджы. Уыдон уыдысты Цхинвал, Хелцуа, Гуфта, Ленингор, Къуайса, Дменис æмæ Цъинагарæй.

«Фыццаг хатт чемпионаты хайад райстой афтæ бирæ спортсментæ. Ныфс мæ ис æмæ дарддæр шашкæтæй ерысты хайадисджыты нымæц ноджы кæй фылдæр кæндзæн», – банысан кодта РХИ-йы Шашкæты федерацийы президент Лолоты Барис. Уый ма бузныг загъта скъола-интернаты директор Тедеты Роландæн æрвылхатт дæр ерыстæ ауадзынæн хорз уавæртæ кæй саразынц, уый тыххæй.

Лæппутæ ерыс кодтой швейцариаг системæмæ гæсгæ, чызджытæ та дихгонд æрцыдысты дыууæ дæлкъордыл. Хъæзтытæ иууылдæр акæныны фæстæ лæппуты ‘хсæн фæуæлахиз Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы хъомылгæнинаг, дменисаг Гуыззыдтаты Джонни, дыккаг ссис 9-æм скъолайы ахуыргæнинаг Хъодалаты Иосиф æмæ æртыккаг бынат та бацахста къуайсайаг Хуыгаты Руслан.

Чызджыты ‘хсæн иууыл цæттæдæр разынд цъинагайраг Хуыбылты Оксанæ, æвзист призер ссис Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы хъомылгæнинаг, дменисаг Джиголаты Мальвинæ æмæ æртыккаг бынатыл та ацыд Къуайсайы минæвар Икъоты Сабинæ.

«Мах фыццаг хатт райстам хайад шашкæтæй республикæйы чемпионаты», – зæгъы Цъинагары командæйы минæвар Бестауты Эмзар.  «Уый размæ Ленингоры районы цыд спартакиадæ æмæ йæ фæстиуджытæм гæсгæ сбæрæг кодтам хуыздæр хъазджыты æмæ ныр республикæйы чемпионаты дæр равдыстой тынг хорз бæрæггæнæнтæ».

Чемпионаты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кубоктæ æмæ Кады грамотæтæй.

Хуриты Б.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.