Уалдзæджы фыццаг комулæфтимæ, фыццаг рæсугъд дидинджытимæ æрбакъахдзæф кæны сылгоймæгты кадджын бæрæгбон дæр. Уалдзыгон бæрæгбонтæ ацы бæрæгбонæй кæй райдайынц, уый бирæйыл дзурæг у. Уарзондзинад  æмæ амондджыны бæрæгбоныл æхсызгонæй сæмбæлынц æмæ йæ рæсугъдæй банысан кæнынц нæ республикæйы горæтты æмæ районты дæр. Бæрæгбоны цытæн уагъд æрцæуынц алыгъуызон мадзæлттæ культурæйы хæдзæртты, скъолаты, æндæр уагдæтты.

Бæрæгбонон зæрдæйы равгимæ, Сылгоймæгты дунеон бон алы аз дæр банысан кæнынц Цхинвалы районы Дменисы хъæуы. Ныр дæр та Культурæйы хæдзары кусджытæ бацæттæ кодтой бæрæгбонон мадзал. Культурæйы хæдзармæ æрбамбырд сты хъæуы цæрджытæ, ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ. Мадзалы уазджытæ уыдысты бирæсывæллонджын ныййарджытæ Козаты Каринæ æмæ Бестауты Элинæ дæр.

Хъæубæсты сылгоймæгтæн уалдзæджы сæйраг бæрæгбоны цытæн зæрдиагæй раарфæ кодта Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси. Уый банысан кодта, зæгъгæ, сылгоймагæн кæддæриддæр уæлдай аргъ кодтой æмæ кæнынц Ирыстоны. «Ирон сылгоймаг, цæмæй йæхи бынат ссардтаид царды, уый тыххæй бирæ зындзинæдтæ бавзæрста. Бирæ азты дæргъы уымæн æхгæд уыдысты йæ фæндæгтæ ахуырмæ æмæ аивадмæ дæр. Ныр рæстæг фæивта. Ирыстоны сылгоймагæн раздæр дæр уыд стыр кад. Уадз æмæ кæддæриддæр уа афтæ! А-зæххыл иууыл хуыздæр цы ис, уый баст у сылгоймагимæ. Сылгоймаджы куырыхондзинад æмæ йе ‘нувыддзинад фидар кæнынц бинонты, у хæдзары фарнхъахъхъæнæг. Сылгоймаг-мады тыххæй бирæ дзурæнтæ ис. Мады лæггæдтæ æгæрон сты, уыдонæн бафидæн нæй.

Нæ зынаргъ сылгоймæгтæ, мæ зæрдæ уын зæгъы, канд бæрæгбæтты нæ, фæлæ уын алы бон дæр уарзондзинады ныхас дзурой, уадз æмæ уæ фарсмæ кæддæриддæр аккаг нæлгоймæгтæ уой!» – загъта Ануси.

Сылгоймæгты бæрæгбоны тыххæй ма раныхас кодта æмæ раарфæтæ кодта Джиголаты Моникæ. Бирæсывæллонджын ныййарджытæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уый фæстæ сценæмæ рахызтысты Культурæйы хæдзары кафты хæдархайгæ къорды архайджытæ.

Сценæйыл кæрæдзы ивтой рæсугъд ирон кæфтытæ «Симд», «Хонгæ», «Чызджыты кафт», «Хæххон кафт» æмæ æндæртæ. Лолоты Аланæ æмæ Джиголаты Амандæ азарыдысты цалдæр зарæджы. Джиголаты Алинæ, Алана, Амандæ, Мдзинарашвили Лика, Лолоты Андрей æмæ Алан аив рæсугъд бакастысты сылгоймæгты, ный-йарджыты тыххæй æмдзæвгæтæ.

Мадзалмæ æрбацæуджытæ райгондæй баззадысты.

 

* * *

Уыцы бон ма уалдзæджы рæсугъд бæрæгбон банысан кодтой Дменисы сывæллæтты цæхæрадоны (йæ директор Джиоты Мананæ) дæр.  Сывæллæтты цæхæрадоны хъомылгæнджытæ Æрсойты Мадинæ, Лолоты Вандæ æмæ музыкæйы ахуыргæнæг Икъаты Ануси хорз бацæттæ кодтой сæ хъомылгæнинæгты. Бæрæгбонон мадзалмæ сæ чысыл хурты арæхстдзинадмæ бакæсынмæ æрбахуыдтой ныййарджыты. Сывæллæттæ сæ зарынæй, кафынæй æмæ нанаты тыххæй æмдзæвгæтæ аив бакастæй бахъæлдзæг кодтой ныййарджыты зæрдæтæ.

Ныййарджытæ бузныджы ныхæстæ загътой рæвдауæндоны хъомылгæнджытæн ахæм рæсугъд æмæ хъæлдзæг мадзалы тыххæй.

 

Дзебысаты Гуло

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.