19 августы таможнæйон пункт «Дæллаг Зæрæмæг»-ы кусæгон фембæлд уыд нæ республикæйы разамынад æмæ Уæрæсейы Федералон таможнæйон службæйы Цæгат Кавказы таможнæйон управленийы разамынадæн. Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис хæлцадон товарты хицæн хуызты республикæмæ ласынимæ баст проблемæтыл.

Хуссар Ирыстоны фарсæрдыгæй фембæлды уыдысты Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади, Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Джуссойты Алан, Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мурат, ветеринарон æмæ фитосанитарон хъусдарды службæйы сæрдар Мæргъиты Алан, РХИ-йы Базарадон-сæудæджерадон палатæйы сæрдар Æлборты Алан; Уæрæсейы фарсæрдыгæй – Цæгат Кавказы таможнæйон управленийы хистæр Альберт Мавликов, Цæгат Ирыстоны таможнæйы хистæр Дзугаты Николай, таможнæйон пост «Дæллаг Зæрæмæг»-ы хистæр Куымæридтаты Давид æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Бекъойты Геннадийы ныхæстæм гæсгæ, æртæ сахатæй фылдæр чи ахаста, уыцы фембæлды уынаффæ цыдис, Хуссар Ирыстоны амалиуæггæнджытæ æмæ æхсæнады чи тыхсын кæнынц, ахæм фарстатыл, кæцытæ баст сты хæлцадон товарты хицæн хуызтæ ласгæйæ сæвзæргæ зындзинæдтимæ. Уыдон та æркодтой базарадон объектты продуктты хъуагдзинадмæ.

«Æппæт нæ фарстатæ æмæ фæндæттæм равдыстæуыд æмбаргæ ахаст. Æмбырды фæстиуджытæм гæсгæ арæзт æрцæудзæн суагъæ æмæ райстæуыдзæн бæрæг уынаффæтæ. Æввахсдæр дыууæ-æртæ боны бакуыст æрцæудзæн «фæндагон картæ», кæцымæ гæсгæ араздзыстæм къахдзæф къахдзæфы фæстæ æмæ къуырийы кæронмæ æмбæрстгонд уыдзæн, дарддæр цы аразæм, уый. Мæ бон зæгъын у, ацы проблемæ æввахс рæстæджы иуварс кæй æрцæудзæн», – банысан кодта Бекъойты Геннади æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, абоны бонмæ хæлцадон товартæ ласыны проблемæ скъуыддзаг цыд рæстæгмæ мадзæлттæ исгæйæ, фæлæ ныр æрбалæууыд кæронмæ йæ аскъуыддзаг кæныны рæстæг.

Уый куыд загъта, афтæмæй ныридæгæн хицæн амалиуæггæнджытæ сæ товартæн документтæ аразынц æмбæлон фæткмæ гæсгæ æмæ сæ ласынц республикæмæ. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ продуктты хицæн хуызты хъуагдзинады фæдыл æндыгъддзинад къаддæр кæны.

Хицауады Сæрдары хæдивæг ма банысан кодта, зæгъгæ, товарты деклараци кæнын у хуымæтæджы процедурæ, кæцы ифтонг кæны республикæмæ басгæрстгонд товартæ ласын. Хъуыддаг фæзындæр вæййы, 200-300 хуызы товартæ, афтæ ма фæсарæйнаг продукци ласын куы фæхъæуы, уæд. Фæлæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы проблемæтæ скъуыддзаг цæудзысты.

«Хъæуы æрцæуын уымæ, цæмæй товартæн æмбæлон документаци аразыны процедурæ ма суа амалиуæггæнджытæн, аиуварсгæнæн кæмæн нæй, ахæм ныхдур. Фылдæр хатт уый кæнгæ вæййы таможнæйон брокертимæ арæхстджын æмархайдæй æмæ ацы хъуыддаджы Экономикон рæзты министрадæн дæр йæ бон у баххуыс кæнын», – загъта Бекъойты Геннади.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.