Ирон адæмы фæлмæмбæрзт историйы бирæ сусæгдзинæдтæ ис. Сæ фылдæрæн сæ уынæр хъуысы адæмон сфæлдыстадæй: кадджытæй, таурæгътæй, диссагæн дзуринæгтæй, æмбисæндтæй, æртхъирæнтæй æмæ ма суанг æлгъыстытæй дæр. Уыдонмæ æрыхъусын хъæуы, уыдоныл кусгæ у фæлтæртæн, сæ фæдыл «ацæуын хъæуы», æмæ кæд немыцаг хæдахуыр археолог Генрих Шлиманы Гомеры «Илиадæ» мингай азты рох горæт Трояйы бынатмæ куыд æркодта, афтæ махæн дæр нæ цæстытæ байгом кæниккой нæ историмæ.

Ныр авд æнусы дæргъы ныхас цæуы гуырдзыйы паддзах, ус-паддзах Тамары лæг, ирон паддзахы фырт Сослан-Дауытыл. Хуыцауæй разы, ахуыргонд Тогойты Георги йын йæ историон цæсгом: йæ равзæрд, йе сгуыхтдзинæдтæ наукон æгъдауæй сбæлвырд кодта. Уый фæдыл ныффыста æмæ мыхуыры рацыд сæрмагонд чиныг «Сослан-Давид». Фæлæ абоны онг бæрæг нæу, Сослан кæм ныгæд ис, уый. Гуырдзыстон йæ паддзæхты ныгæдта Гелаты. Уым бавæрдтой Сосланы дæр. Фæлæ уым нал уыд, йæ фырт Лаша Георгийы дзы куы ныгæдтой, уæд.

Сосланы мард цы фæци? Уæдæ йæ ус Тамар дæр кæм ныгæд ис, уый бæрæг куы нæ у! Ныр авд æнусы дæргъы гуырдзы æмæ ир дзурынц ацы фарстатыл æмæ сын дзуапп радтын йæ бон никæмæн у. Таурæгътæ та адæмы ’хсæн кæнынц сæ куыст. Раст Гомеры «Илиадæ»-йау, Нарты кадджытау… Уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй, дам, ус-паддзах Тамары фæндонæй æхсæвыгон сусæгæй Сосланы мард Цæразонтæ ахастой йæ фыдæлты зæхх Уæлладжырмæ. Уым æй Цъæйы комы Рекомы кувæндоны сæрмæ, æврæгътæм бынмæ кæсæн кæцæй ис, ахæм лæгæты бавæрдтой.

Тамар ма, дам, Сосланы фæстæ фæцард фараст азы. Уал азы йæхи цæттæ кодта Мæрдты бæстæм Сосланимæ фембæлдмæ. Йæ цард ын ад нæ кодта, æмæ æнхъæлмæ каст мæлæтмæ. Уал азы алы аз дæр йæхицæн кæнын кодта табæт (марды чырын). Фараст куы баисты, уæд йæ зæрдæ йæхимæ фехсайдта æмæ фæдзырдта йæ паддзахады дыууæ хуыздæр зæрингуырдмæ: ирон æмæ гуырдзиагмæ. Бахæс сын кодта Сосланы табæты хуызæн зырнæйзылд, сыгъзæрин æмæ æвзистæй нывæфтыд марды чырын скæнын. Табæт арæзт куы фæци, афтæ æруатон. Йæ адзал базыдта æмæ, йæ паддзахады тынгдæр кæуыл æууæндыд иронæй, гуырдзиагæй, уыдонæй дыууæмæ фæдзырдта, семæ йæ фырт Лаша Георги дæр.

Уымæн раздæр бабар кодта паддзахы бынат. Ныр сын загъта, йæ мæлæт кæй æрхæстæг æмæ сын бафæдзæхста, куы амæла, уæд æй, ирон æмæ гуырдзиаг зæрингуырдтæ цы табæт сарæзтой, уым куыд нывæрой, стæй йæ сусæгæй йæ мой Сосланы фарсмæ лæгæтмæ куыд ахæссой. Загъта сын, иннæ фараст марды чырыны дæр сусæгæй ахæссын кæндзыстут Гуырдзыстоны фарастæрдæм. Ус-паддзах Тамары фæндон æххæстгонд æрцыд, æмæ абоны онг ничи зоны нæдæр йæхæдæг, нæдæр Сослан кæм ныгæд сты, уый.

Таурæгъ нын зæгъы, Рекомы сæрмæ бæрзонд хохы фахсыл, раст цæргæсты бадæнмæ ’ввахс уыдис къаннæг лæгæт. Мидæгæй дзы лæг бахиздзæн дыккаг лæ-гæтмæ. Уый уыдис моладзандон. Цардысты дзы нæлгоймаг моладзантæ, Чырыстийы хъуыддагыл бынтон иузæрдион чи уыд, ахæмтæ. Ахæм уыд Сослан-Дауыт дæр. Чырыстийы цы дзуарыл байтыгътой, уый иу хай агурæг Палестинæмæ хуымæтæджы нæ ацыд. Уым фембæлд Англисы къарол Ричард Домбайы Зæрдæимæ (Ричард Львиное Сердце). Сослан лæгæй-лæгмæ тохты иу хатт дæр кæй нæ фæхæрд, уый тыххæй йын Ричард балæвар кодта йæ цирхъ. Уыцы цирхъæй Цæразонтæ хордтой ард.

Рекомы сæрмæ кæрæдзийы мидæг лæгæттæй дыккагæй бахизæн ис æртыккагмæ. Адæймаджы къухæй аивгонд егъаудæр лæгæтмæ. У, раст паддзахы зæппадз куыд амоны, афтæ. Ардæм Гуырдзыстонæй æрхастой Сосланы мард, стæй — Тамары. Лæгæты астæу æвæрд ис æртыкъахыг зырнæйзылд ирон фынг. Йæ фæйнæфарс Сослан æмæ Тамары табæттæ. Фынгыл рæсугъд нывæфтыд лагъз. Уым Сослан æмæ Тамары Ныстуан ирон æмæ гуырдзиаг адæммæ, ирон æмæ гуырдзиаг æвзæгтыл. Лагъзы фарсмæ Тамары цытæн Сосланы фыст æнусон кадæг «Фыранчы цармдарæджы» чиныг Сосланы къухфыстæй, Тамарæн кæй балæвар кодта, уый.

Таурæгъ зæгъы, зæгъгæ, Сосланы къухы Гуырдзыстоны сæрыл тохты цы уæлахизтæ бафтыд, уыдоны-иу ныккалд ирæтты туг дæр, йе ’фсады зынгæ уыд сæ архайд, æмæ уыдоны сæр xъуыды кæнгæйæ, йæ Ирыстоны фидæныл мæт кæнгæйæ, алы уæлахизы дæр йæ къухы цы хæзнатæ æфтыд, уыдон дих кодта Гуырдзыстон æмæ Ирыстоныл. Ирыстоны хай сусæгæй æфснайд цыд, фæстæдæр Тамаримæ сæ мæрдтæ æвæрд кæм æрцыдысты, уыцы лæгæты. Бахъуыды сахат Ирыстоны паддзахад сфидар кæнынæн сын райсæн куыд уыдаид, афтæ. Ам, дам, æвæрд ис Ричарды лæвар — цирхъ дæр. Æврæгъты сæрмæ æртæ лæгæты сусæг-æргом бирæ фæхъахъхъæдтой моладзантæ. Уæдмæ Ирыстоны паддзахад Тимуры азарæй бынтон бабытайлаг æмæ, ма ирæттæй чи аирвæзт, уыдонæн сæ сæр сæ кой сси.

Моладзантæн фæдонтæ нал уыд. Сæ-хæдæг та иугай мардысты. Цъæйы цæрджытæм фыдæйфыртмæ æрхæццæ, фæстаг моладзаны зæрдæхалæн хъарæг-зарæг ма сæм уæлвонгæй мигъты сæрæй бынмæ куыд хъуыст, уыцы хабар. Зæгъынц, иуахæмы, дам, хохы сæрæй дурзæйы уынæр райхъуыст, æмæ уæдæй фæстæмæ хох бамыр.

Моладзантæн сæхимæ уыд рæхыстæй конд æруадзгæ уасинтæ. Сæ уынæр куы нал хъуыст, уæд сæм схизын чидæртæ афæлвæрдта. Схизын дзы кæмæн бантыст, уыдон дæр нал ссардтой лæгæттæм бахизæн. Хохы фахс æмбæрзт у дуры цæндтæй. Æвæццæгæн, дам, моладзантæ рагацау дуртæ фæхастой лæгæтты сæрмæ, стæй сæ фæстаг моладзан лæгæттыл дурзæй рауагъта, йæхæдæг дæр уым фæмард, афтæмæй.

Сæ зæрдæ никæуыл дардтой уыцы фыд рæстæджы, æмæ фæд фесæфтой, дуры цæндты бын баныгæдтой æнусты сусæгдзинад.

Ацы таурæгъæй спайда кодта фыссæг Лизетхан Албек. Уый цард Мæскуыйы. Ирон адæмы историйæ уырыссагау ныффыста трилоги. Йæ фыццаг хай у «Скала Сослана и Тамары», иннæтæ йын къухфыстæй Мæскуыйы баззадысты, дыккаг чиныг — рауадзынæввонгæй. Йæ трилогийæн æрмæг æмбырд кодта фылдæр Калачы архивты. Зындгонд революционер Камойы хоимæ тынг хæлæрттæ уыдысты. Уый схъомыл Калачы, хорз зыдта гуырдзиаг æвзаг, зонгæтæ — бирæ, æмæ йын тынг æххуыс уыд Ирыстоны тыххæй Гуырдзыстоны архивты æрмæджытæ агурынмæ. Чи зоны, исты гæххæттытыл, фыстытыл фæхæст сты, ацы таурæгъæн бындур чи у, чи нын æй бауырнын кæна, ахæмтыл. Таурæгъ, уæлдайдæр та историон таурæгъ, бынтон æнæбындур нæ вæййы. Агурын хъæуы, агурын. Чи цы агуры, уый ссары, — зæгъы ирон æмбисонд. Æмæ æрмæст æвзæр нæ, фæлæ хорз дæр. Таурæгъ цы æртæ лæгæты кой кæны, уыдон уыцы хуызы æцæгæй раргом кæнын къухы куы бафтид, уæд рухсы цъыртт ныккæсид нæ фæлмæмбæрзт историмæ, ирон чиныджы истори уал XII æнусмæ ахæссид, фæбæлвырддæр уаид «Фыранчы цармдарæджы» автор.

Цгъойты Хазби