Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмбырд ауагъта, Санкт-Петербургы Ирыстоны фыццаг минæварадыл 270 азы сæххæсты цытæн цытджын мадзæлтты хуссарирыстойнаг делегацийы хайад райсыны  фæдыл.

Æмбырды хайад райстой Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, Президенты уынаффæгæнæг Гæззаты Дауыт, Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон, ХИПУ-йы æхсæнадæмон бастдзинæдты фæдыл проректор Тедеты Зæлинæ, Национ музейы директор Зассеты Мераб, Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт, Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры æмæ зард æмæ кафты паддзахадон ан-самблы аивадон къухдариуæггæнджытæ Дзуццаты Тамерлан æмæ Гуылæрты Родион æмæ æндæртæ.

Зассеты Жаннæ фехъусын кодта, Цæгат Ирыстонимæ сын кæй ис мадзæлтты иу-мæйаг план, кæцытæ уагъд æрцæудзысты Санкт-Петербургы Эрмитажы фæзуаты.

«Уæрæсейы фыццаг ирон минæварадыл 270 азы сæххæсты цытæн арæзт æрцыд ма-дзæлтты иумæйаг план, кæцыйы фæдыл цæгат æмæ хуссар æрбавдисдзысты Ирыстоны историйы фæдыл æрмæджытæ. Фыццаг хатт ацы ахсджиаг бон нысан æрцæудзæн ахæм гуырахсты. Нæ хæс у публикæйæн темæйы фæдыл археологон æмæ историон æрмæджытæ фенын кæнын, Уæрæсейаг паддзахадимæ ахастыты рæзты истори, Ирыстоны культурæ æмæ традицитæ», – загъта Зассеты Жаннæ.

Гæззаты Дауыт банысан кодта, æрбалæугæ мадзæлттæ Ирыстонæн кæй хæс-сынц стыр историон æмæ политикон нысаниуæг.

«Нысангонд бон бæрæг кæны уый æмæ Ирыстоны æмæ Уæрæсейы дипломатон ахастытæ райдыдтой рæзын 18 æнусы æмбисæй, кæцы бæлвырд у алыгъуызон гуырæнтæй, бирæ историон бæлвырдгæнæнтæй. Абоны реалиты контексты ацы зæрдылдарæн бонæн ис стыр политикон нысаниуæг, æмæ ахсджиаг у, цæмæй уый тыххæй базона фылдæр аудитори», -баны-сан кодта уый.

Зассеты Жаннæ æмбырды къухдариуæг-гæнджытæн бахæс кодта, цæмæй æввахс рæстæджы Культурæйы министрадмæ æрбавдисой бæлвырдгæнæн информаци æрмæджыты тыххæй, кæцытæ ласт æрцæу-дзысты республикæйы арæнтæй.

Нысан æрцыд, цытджын мадзæлтæ уагъд кæй æрцæудзысты ацы аз 22 октябры Санкт-Петербурджы. Уым хайад райсдзысты Президент Бибылты Анатоли, Хицауады уæнг-тæ, культурæйы уагдæтты къухдариуæггæнджытæ, сфæлдыстадон коллективтæ.

Мадзæлтты фæлгæтты гом æрцæудзæн мультимедийон историон парк «Россия – Моя история», кæцыйы фæзуæтты уагъд æрцæудзысты зонадон докладтæ, концерттæ, документалон фильмты равдыстытæ, арæзт æрцæудзысты национ хъомысады мастер-къластæ æмæ æндæртæ.                                                                      

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.