Президент Гаглойты Алан хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Контролон-нымайæн палатæйы сырæзтыл 17 азы сæххæсты цытæн цытджын æмбырды.

2007 азы 27-æм мартъийы Президенты Барамындæй арæзт æрцыд Паддзахадон контроль æмæ экономикон æдасдзинады комитет, фæстæдæр рацарæзт æрцыд Контролон-нымайæн палатæмæ.

«Сымах сарæзтат эффективон æгъдауæй кусгæ ног ведомство æмæ иу коллективы æртымбыл кодтат сæ хъуыддаджы профессионалты», – загъта Гаглойты Алан.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Контролон-нымайæн палатæйы тыххæй закъон райсын йæ рæстæджы сæвзæрын кодта бирæ проблемæтæ. Фæлæ ист куы æрцыд, уæд æй иууылдæр бамбæрстой,  Хуссар Ирыстоны ахæм структурæ æнæмæнгхъæуæг кæй у, уæлдайдæр 2008 азы хæсты фæстæ, республикæмæ цæуын куы райдыдтой финансон æххуысы стыр гуырахсттæ, уæд.

Ахæм структурæйы сырæзт уыд æнæмæнгхъæуæг

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, цыфæнды архайдæн дæр йæ сæйраг аспект у æндæр структурæтæ æмæ ведомствотимæ æмархайд æмæ æмгуыстад кæнын.

«Сымах кусут иу хъуыддагыл, иумæйаг куыст та рог кæны куыст æмæ тагъддæр кæны бирæ процесстæ. Къухдариуæгад уын уæ куыст уыны, ис ын фæстиуджытæ», – загъта уый.

Президентæн Контролон-нымайæн палатæйы æппæт кусджытæн йæ цæст бауарзта æнтыстытæ службæйы, сабырад æмæ фæрныгад та сæ бинонтæн.

Æмбырды кæрон Гаглойты Алан паддзахадон хорзæхтæ радта ведомствойы хуыздæр минæвæрттæн.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.