Æрвылаз дæр 27-æм сентябры сæ профессионалон бæрæгбон банысан кæнынц сабидæтты хъомылгæнджытæ. Ацы бæрæгбоны цытæн мæ фæнды нæ горæты 3-æм сабидоны хъомылгæнæг Мулдарты Азæ Саламбеджы чызджы цæсгомджын куысты тыххæй радзурын æмæ йын хъарм ныхæстæ зæгъын. Уый ныр 39 азы дæргъы кусы сабидон «Зæрватыкк»-ы æмæ уал азы дæргъы йæ уды хъармæй хъарм кæны йæ уарзон хъомылгæнинæгты.

Мулдарты чызг ма скъолайы куы ахуыр кодта, уæд бауарзта ахуыргæнæджы куыст æмæ аскъуыддзаг кодта йæ цард рæзгæ фæлтæрты хъомыладæн снывонд кæнын. Нæ горæты 7-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны педагогон институты ирон филологийы факультеты. Институт æнтыстджынæй куыддæр каст фæцис, афтæ кусын райдыдта сабидон «Зæрватыкк»-ы æмæ абон дæр кусы уым. Уый хи хъæбултау уарзы æмæ лæггад кæны сабидоны хъомылгæнинæгтæн, семæ кусынæй фæллайын нæ зоны. Арæх фæзæгъы, зæгъгæ, уарзын сывæллæтты æмæ æхцондзинад исын семæ кусынæй. Йæ къорды хъомылгæнинæгтимæ иу бæрæгбоны фæрсты дæр нæ ахизы. Уæлдай уæрæхдæрæй банысан кæнынц Сылгоймæгты дунеон бон, Стыр Уæлахизы бæрæгбон, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон æмæ афтæ дарддæр. Бæрæгбонон мадзæлттæм æрбахонынц сæ хъомылгæнинæгты ныййарджыты дæр æмæ баззайынц райгондæй сæ чысыл хурты архайдмæ кæсгæйæ.

Йæ хъомылгæнинæгтæ хайад фæисынц алыгъуызон конкурсты æмæ алыхатт дæр бацахсынц призон бынæттæ. Зæгъæм, ацы аз сæ чысыл къухтæй цы алыгъуызон фигурæтæ, хъазæнтæ, дзаумæттæ сарæзтой, уыдонæн конкурсы жюрийы уæнгтæ скодтой æмбæлон аргъ æмæ бацахстой 2-аг бынат.  Сывæллæтты зынгæ фыссæг Агния Бартойы райгуырдыл 160 азы сæххæсты цытæн сабидæтты ‘хсæн уагъд æрцыд конкурс æмдзæвгæтæ кæсынæй æмæ уым дæр йæ хъомылгæнинæгтæ сæхи равдыстой хорз, арæхстджынæй æмæ хорзæхджын æрцыдысты кады грамотæтæй. Афтæ ма хайад райстой конкурс «Моя семья»-йы æмæ уым та бацахстой 1-аг бынат. Алыгъуызон хъæзтыты фæрцы сывæллæтты цайдагъ кæны дисциплинæйыл, уарзын сын кæны алфæмбылай дуне.

Мулдарты Азæмæ ма ис ноджыдæр иу хорз миниуæг, уый сывæллæтты нæ хъулон кæны, алы сывæллонмæ дæр ын ис иугъуызон уарзæгой æмæ аудгæ ахаст. Йæ ныхæстæм гæсгæ хъомылгæнæг хъуамæ сывæллæтты уарза, се ‘хсæн сын тауа хæлардзинад. «Зæрдæхæлардзинадыл сабитæ сывæллæтты цæхæрадоны куынæ фæцайдагъ уой, уæд сæ скъолайы ацы миниуæгыл сахуыр кæнын бирæ зындæр уыдзæн», – загъта уый

Йæ хъомылгæнинæгтыл афтæ æнувыд у æмæ йæ куыстæй сæрибар рæстæджы дæр (цæры сабидонмæ æввахс) бауайы, дыккаг хæдзары хуызæн ын чи ссис, уыцы сабидонмæ йæ уарзон хъомылгæнинæгты абæрæг кæнынмæ æмæ сын сæ уындæй райсы æхцондзинад. Куы йæ афарстон, зæгъын, исты æнтыстытæ уын ис уæ куысты мадæлон æвзаг рæзын кæныны, иумиагæй уæ хъомыладон куысты, уæд мын афтæ сдзуапп кодта: «Методикон æмæ æндæр литературæйы ис дæсгай принциптæ, кæцытыл хъуамæ бындуриуæг кæна хъомылгæнæг. Мæ фæлтæрддзинадмæ гæсгæ мæнæн мæ бон зæгъын у, уый æмæ тынг ахсджиаг у, цæмæй алы адæймаг дæр уарза йæ професси, уарза сывæллæтты æмæ тырна, цæмæй алы сывæллоны дæр схъомыл кæна афтæ, цæмæй сæ сомбоны рацæуа хорз, æгъдауджын адæймæгтæ», – фæзæгъы уый.

Мулдарты чызгæн сыхæгты ‘хсæн дæр ис хорз кад, уымæн æмæ сæ йæхæдæг дæр уарзы æмæ сын кад кæны. Бахъуыды рæстæджы та алыхатт дæр вæййы сæ фарсмæ æмæ сæм йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæны.

Азæйæн нæ зæрдæ зæгъы, æнæниздзинад æмæ бирæ азты цæрæнбон, цæмæй рухс кæна йæ хъомылгæнинæгты зæрдæтæ.

ГУЫЦМÆЗТЫ Евелинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.