Доны ахадындзинад æмæ нысаниуæг стыр у царды алы къабæзты дæр. Æнæхъуаджы нæ фæзæгъынц, дон кæм ис, цард дæр уым ис, зæгъгæ. Стæй ма хистæры арфæ кæстæрæн вæййы, нуазыны дон æм куы бадæтты, уæд, зæгъгæ, донарæхæн дæ цард. Фæлæ зæгъын хъæуы, дон алкуы  афтæ парахат кæй нæу, хъуагдзинад дзы кæй æййафынц. Иумиагæй сисгæйæ, донæй нæ республикæ бынтон цух не ‘ййафы, фæлæ йæм уæддæр хъæуы аудгæ ахаст дарын, цæмæй нын йæ абухгæ гуырæнтæй рухс кæна нæ зæрдæтæ, æнæкъуылымпыйæ дзы сæттæм нæ дойны. Фæлæ йыл басæттæм, махæй бирæтæ царды сæйраг ратæдзæнтæй сæ ахсджиагдæртæй иуæн фаг кæй нæ аргъ кæнынц. Доны сæйраг гуырæн зæххæй цæуы, уым фæабузы, уырдыгæй ратоны æддæмæ æмæ нын парахат æмæ рæдауæй фæкæны йæ лæггады хай. Æрдзы уыцы æвæджиау хæзнатæ адæймагадæн стыр ныфс кæй сты, уымæ гæсгæ сын марты мæйы кæрæдзи фæдыл фæнысан кæнæм сæ бонтæ. Зæгъæм, Баиугонд Нациты Организацийæн конференци уыд 1992 азы июлы мæйы æмæ йæ уынаффæмæ гæсгæ 23 марты æрвылаз дæр нысан кæнæм Доны бон.

Нæ цæст ахæссæм æмæ йыл æргомæй басæттæм, не ‘мбæстæгтæй иуæй-иутæ нæ  хæзнатæй иу – зæхмæ куыд уазал цæстæй кæсынц. Йæ уæлцъарыл цынæхуызон бырон калæм, уыцы чъизи та йæ хуылфмæ цæуы æмæ афтæмæй донæн йæ гъæдыл дæр мæгуырауæрдæм æндавы. Фæстаг рæстæджы бирæтæ хъаст кæнынц, сæ суадæтты дон æххæстæй кæй нал цæуы, кæнæ та кæй басур сты, уый тыххæй. Раст у, фылдæр йæ аххосаг у, фæстаг рæстæджыты хус рæстæг кæй ахæссы, уый. Фæлæ алы хъуыддагæн дæр ис рарастгæнæн цасдæрбæрцæй æмæ уымæ гæсгæ суадæттæм дæр, дон кæцæй абузы, уыцы бынæттæм дæр хъæуы фылдæр хъусдард аздахын.

Ивгъуыд царды нывтыл цæст ахæсгæйæ, мæ райгуырæн Къостайыхъæуы цæрджытæ абон æрæмысынц доны хъуагдзинады тыххæй цы зындзинæдтæ æвзæрстой, уый. Хъæуы уыд æрмæстдæр иу суадон æмæ цæрджыты иу хаймæ йæ дæрддзæг уыд 500 метрæй фылдæр. Хуыздæр уавæры нæ уыд донхæры доны фарст дæр. Ацы хъуыддаг зындгонд уыд уæды областы разамонджытæн æмæ æрæвнæлдтой Чъехы хъæуы цурæй донхæры къанау аразынмæ. Хъæппæрисон куыст дзы нæлгоймæгты æмрæнхъ кодтой сылгоймæгтæ дæр, сомбон сæ царды уавæртæ кæй фæхуыздæр æмæ фæрогдæр уыдзысты, уый зæрдыл даргæйæ. Сæ сæйрагдæр кусæнгæрзтæ та уыдысты бел æмæ джиркъа. Архивон документтæй куыд бæрæг у, афтæмæй 1948 азмæ Курта æмæ Цъунары хъæууон администрациты 12 колхозы хъуамæ æфсæст уыдаиккой донхæры донæй. Зындæр уыд  нуазыны доны фарст аскъуыддзаг кæнын, кæцы ныддæргъвæтин ацы æнусы райдианмæ. Бузныг зæгъын æмбæлы, райдианæй фæс-тæмæ хъæумæ нуазыны дон æруадзыныл чидæриддæр батыхст, уыцы разамонæг адæймæгтæ æмæ кусджытæн. Хъæуы фылдæр хайы хæдзæртты кæртмæ къуыри цалдæр боны цæуы нуазыны дон æмæ ма уымæй æхсызгондæр цы хъуамæ уа.

Æрдзы хæзнатæ – дон æмæ зæхх сты нæ хъæздыгад æмæ сæм дарæм уарзон ахаст, хъахъхъæнæм сæ знаггадæй æмæ нын уæд фылдæр уыдзæн сæ лæггад.

                                         ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.