115 азы размæ, 16-æм сентябры 1907 азы горæт Дзæуджыхъæуы мыхуыры рацыдис иллюстрацигонд фыццаг ирон журнал «Зонд»-ы фыццаг номыр.

Уый тыххæй стыр цины æнкъарæнтимæ фехъусын кодта газет «Терек». Дзæуджыхъæуы фæллойгæнджытæ æмæ йыл æхсæнад дæр ацы хæрзиуæгон хъуыддагыл сæмбæлдысты райзæрдæйæ. Газет «Ног цард»-ы редакци  стыр цытимæ æмæ арфæйаг ныхæстимæ ныммыхуыр кодта уац, цыран дзырдæуыд, зæгъгæ, сæ ныфс ис журнал «Зонд» ахъаз кæй уыдзæн Ирыстоны адæмы ахуырады размæцыдæн æмæ бирæ азты дæргъы кæй лæггад кæндзæн Иры дзыллæйадæн. Редакци ахæм ныфсытæ уымæн æвæрдтой æмæ йæ зыдтой журналы сæргъ кæй лæууы ирон интеллигенцийы раззагондæр минæ-вæрттæй сæ иу, ахуыргонд æмæ рухстауæг Хъаныхъуаты Алмæхсид. Уый ма уæды рæстæджы уыд газет «Хабар»-ы сæйраг редактор æмæ ахуыргæнæн чиныг «Райдиан чиныджы»-ы автор дæр.

Журнал «Зонд»-ы редакци уыдис Шуваловы хæдзары ныртæккæйы Дзæуджыхъæуы Сабырады проспекты. Ног мыхуыры органы фæзындимæ уыдис ахæм хъуыды, зæгъгæ, хъуамæ цæуа мæй иу хатт, фæлæ, стыр хъыгагæн, журнал «Зонд»-æй мыхуыры фæзындис æрмæстдæр дыууæ номыры.

Адæмы зæрдæмæ журнал фæндаг ссардта уый тыххæй, æмæ йæ фæрстыл мыхуыр цыдысты Дзæуджыхъæуы уæды рæстæджы бынæттон цардæй ист ног хабæрттæ. Журналкæсджытæн сæ бон уыд бакæсын уацтæ ахæм темæтыл, куыд –  хисæрмагонд скъолаты куыд цæуы ахуыр, ног литературæ æмæ периодикон мыхуыры фæзынды тыххæй, дуканиты куысты æмвæзад, дохтырты æмæ æндæр ахæм ахсджиаг дæсныйæдты куысты тыххæй æмæ афтæ дарддæр. Йæхæдæг журналы редактор Хъаныхъы фырт журнал «Зонд»-ы фæрстыл ныммыхуыр кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста æмæ ахуыргонд Всеволод Миллерыл фыст уацтæ, афтæ ма хъæуæг æрмæджытæ Конституцийы тыххæй. Редакторы уацтæй дарддæр ма журналы рацыдысты хæдахуыр фыссæг Гæдиаты Секъайы «Азау», Кочысаты Розæйы пьесæ «Гæды лæг», Къубалты Алыксандры æмæ Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ, уырыссаг баснитæфыссæг Крыловы «Халон æмæ рувас» ирон æвзагмæ тæлмацæй æмæ æндæр ахæмтæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.