Дæргъвæтин карантины фæстæ 1-æм июнæй кусын райдыдтой куыд горæты, афтæ районты спортивон скъолатæ дæр. Дзауы районы дæр цы спортивон секцитæ архайы, уыдонæн сæ фылдæр рахызтысты сæ куыстмæ. Районы администрацийы физкультурæ æмæ спорты хайады гæс Джиоты Александр нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ стыр æхсызгонæй сæмбæлдысты ацы хъуыддагыл, уымæн æмæ сывæллæттæ карантины бакондимæ уайтагъд рахызтысты дистанцион ахуыртæм æмæ кæрæдзи нал уыдтой, куыд сæ фæндыд, афтæ нал хъазыдысты, нал тезгъо кодтой. Сывæллонмæ та уыйас энерги вæййы, æмæ йæ кæм бахардз кæна, уый куы нæ уа, уæд æвзæрæрдæм æндавы йæ зæрдæйыуагыл. Уый æмбарынц хистæртæ æмæ карантины домæнтæ фæлæмæгъдæр кодтой. «Нæ районы администрацимæ æрбацыдис гæххæт, цæмæйдæриддæр 1-æм июнæй спортивон секцитæ сног кæной сæ архайд. Нырма цалдæр бон йедтæмæ нæ рацыдис æмæ уымæ гæсгæ, нырма мадзæлттæ нæ уадзæм, фæлæ сæ программæтæм гæсгæ кусдзысты, кæд нæ республикæйы уавæр стабилон уа, уæд. Сывæллæттæ афтæ æрымысыдысты сæ спортивон ахуырты æмæ-иу мæм арæх цыдысты уый тыххæй администрацимæ фæрсынмæ, кæд рахиздзысты, уый базоныны тыххæй. Уый размæ дæр сæ тренертæй истой телефонты руаджы хæслæвæрдтæ æмæ хæдзæртты куыстой сæхиуыл, фæлæ уый у, æппын нæйы бæсты кæй фæзæгъынц, ахæм архайд. Тренерты ныфс ис, æввахс рæстæджы сæ хъомылгæнинæгтæн бæрæг кæй фæхуыздæр уыдзæн сæ спортивон цæттæдзинад, уымæй. Горæты уæлдай махæн районы ис ахæм проблемæ, æмæ æнæ дохтыртæй нæ уадзынц кусын. Администрацийы дæр, сывæллæтты спортивон скъолаты дæр не сты уыцы штаттæ æмæ ныр санэпидемстанци домынц дохтырты куыст. Архайæм ацы хъуыддагыл æмæ хъуамæ скъуыддзаг æрцæуа фарст. Хорз уаид æмæ нæм администрацийы спорткомитеты куы бакæниккой дохтыры штат, цæмæй алы ранмæ дæр йæ хъус дара», – зæгъы спорткомитеты гæс.

Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй сын сæ куысты проблемæтæ æвзæрын кæны, районæн спортивон зал кæй нæй, уыцы хъуыддаг. «Дзауы астæуккаг скъолайы фарсмæ арæзт цæуы спортивон зал, нырма йæ нæ байгом кодтам, фæлæ эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцæуа, уæд нæ къух бирæ фæрогдæр уыдзæнис. Районы нæм архайынц секцитæ рог атлетикæ, бокс, уæгъдибар хъæбысхæст, самбо, футбол, воллейбол æмæ стъолы теннисæй. Уыдоны ар-хайынц 150 сывæллонæй фылдæр. Фæнды мæ зæгъын уый æмæ нæм спортивон секциты куыст æмæ архайд хуыздæрхъуаг кæй сты. Ныр раздæры рæстæджыты хуызæн нал у, домынц фæстиуæгджын куыст æмæ мах дæр уыцы хъуыддагыл архайдзыстæм. Нæ фæсивæд сты курдиатджын æмæ спорт-мæ æвзыгъд æмæ сæм хъæуы лæмбынæг хъусдард аздахын, цæмæй схъомыл кæнæм сомбоны чемпионты æмæ хорз адæймæгты», – зæгъы Джиоты Александр.

Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Дзауы районы нæй иунæг ахæм спортивон секци, чызджытæ кæдæм бацæуой. Уымæ гæсгæ бар-æнæбары ныййарджыты бахъæуы сæ сывæллæтты горæты спортивон скъолатæм акæнын. Сывæллæттæ зæрдиагæй фæфæрсынц аивадон гимнастикæ æмæ ленк кæныны секцитæ сæм кæд фæзындзæн. Бассейн саразын æмæ стæй уый скусын кæныны фадат нырма нæ районæн, стæй республикæйæн дæр. Уымæ гæсгæ къуыри цалдæр хатты нæ районы сывæллæттæ фæцæуынц горæтмæ. Уый дæр финансон æгъдауæй алкæмæн йæ тыхы нæ цæуы. Мах гимнастикæйы тыххæй фарст æвæрæм, хъуамæ тренер ссарынæн исты хос скæнæм æмæ сывæллæттæ бынаты цæуой уыцы секцимæ», – зæгъы Джиоты фырт. Йæ ныхæс-тæм гæсгæ, цалынмæ карантин нæ бакодтой, уæдмæ арæх уагътой номарæн турниртæ зындгонд спортсментæ æмæ адæй-мæгты рухс нæмттæ ссарыны тыххæй. Æрвылаз та сæрды тренертæ сæ хъомылгæнджытимæ ацæуынц экскурситы сатæг уæлдæфмæ баулæфыны тыххæй æмæ сын ахъазгæнæг вæййы се ‘нæниздзинадæн дæр. Джиоты Александр ма куыд загъта, уымæ гæсгæ сæм шашкæтæ æмæ шахмæтты секци ныр цалдæр азы нал кусы æмæ уый та сывæллæттæн у тынг пайдайы спорт. Уыцы спорты хуызы архайынц Къуайсайы. «Ныфс мæ ис, æмæ та сентябрæй кæй сног кæндзыстæм шашкæтæ æмæ шахмæтты секци. Уый тых-хæй нын ныфс бавæрдта нæ республикæйы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæргълæууæг Зассеты Сергей. Уый кæддæриддæр бацæуы нæ уавæры æмæ æрбалæууы нæ фарсмæ тыхст рæстæджы», – зæгъы Джиоты Александр.

ЦХУЫРБАТЫ Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.