Цхинвалы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад дарддæр дæр зæрдиагæй архайы, хъæууон цæрджытæ иууыл тынгдæр цæмæй тыхсынц, уыдон аиуварс кæныныл æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Залда, Андис æмæ Сверы фæндæгтæ уыдысты мæгуырау уавæры æмæ сæ æмбæлон уагмæ æркæныныл бакуыстæуыд. Фыццаг уал бавнæлдтой Залдамæ фæндаг цалцæг кæнынмæ, ныккалдæуыд ставд æмæ лыстæг хуыр,  фæндаггæрæтты арæзт æрцыдысты къанаутæ дæр. Фæндаджы дæргъ у 6 километры æмæ ныр бирæ фенцондæр куыд фистæгæй цæуджытæн, афтæ автотранспорты хицæуттæн дæр.

Фæндæгтæ мæгуырау уавæры уыдысты Свер æмæ Андисы хъæуты дæр æмæ уыдон дæр æмбæлон уавæрмæ æркæныныл бакуыста ацы хæдзарад.

Амæйразмæ тæрккъæвдатæ тынг разиан кодтой Бихъар æмæ Вилдайы хъæуты фæндæгтæн æмæ хæдзарадæй домдтой æххуыс. Сæхимæ æмбæлон техникæ кæй нæй, уымæ гæсгæ «Дорэкспострой»-ы разамонджытимæ баныхас кодтой, цæмæй сæм фæкæсой техникæйæ æмæ уæд ацы комы фæндæгтæ дæр дæр фæхуыздæр кæндзысты.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Уазæгты Мевлуд куыд загъта, уымæ гæсгæ ма хъæуты райдыдтой ног плафонтæ æвæрын дæр æмæ уыцы хъуыддаг дæр стыр æхсызгон у цæрджытæн, уымæн æмæ æхсæвыгон талынджы æвзæрстой зындзинæдтæ, уæлдайдæр та дæрддзæф хъæуты æмбæстæгтæ. Иуæй-иу рæтты ма ивинаг сты лампочкæтæ дæр. Æдæппæт сæм плафонтæ ис 90 æмæ сæ бынæттон электриктæ бакæндзысты Зар, Рустау, Дампъалет, Тъбет, Ногхъæу, Къостайыхъæу, Гудзабар, Ортъеу, Сатихъар, Арцеу, Гром æмæ Бихъары хъæуты.

                                                                 ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.