Цхинвалы районы цæрджыты цардуагон фарстатæ скъуыддзаг кæныныл куыстæуы æмæ дзы бирæтæ æввахс рæстæджы кæй ахицæн уыдзысты, уымæй сын ныфс æвæры цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты куыстуат. Паддзахадон унитарон куыстуаты директоры бынаты Уазæгты Мевлуд кæд бирæ рæстæг нæ кусы, уæддæр фыццаг бонтæй фæстæмæ архайы, цæмæй хъæууон цæрджыты цардуагон домæнтæ æххæст цæуой æмбæлонæй æмæ цыбыр æмгъуыдтæм. Марты мæй йæхи равдыста карзæй, æруарыд дзæвгар мит, уæлдайдæр та уæлвонг, хæххон бынæтты. Цæрджыты тыхстдзнад фæрог кæныны тыххæй техникæ куыста æмæ митæй сæрибар кодтой фæндæгты. Зæгъæм, техникæ бакуыста Джеры комы фæндаг митæй асыгъдæг кæныныл, тракторист Тъехты Геннади иу бонмæ митæй асыгъдæг кодта 2 километры дæрддзæгæн фæндаг. Уыцы бон ма грейдер ахæм куыст бакодта Рустауы хъæумæ дæр æмæ миты хъæпæнтæй асæрибар кодта 3 километрæй фылдæр фæндаг. Ноджы ма ахæм куыстытæ сæххæст кодтой Залда, Чирцъина, Андис, Свер, Зар, Дампъалет Монастъер, стæй Бихъаргомы цалдæр хъæуы. Æппæт ацы куыстыты активон хайад райстой Тъехы фыртæй дарддæр Козаты Алан æмæ Уазæгты Димитр.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад ма бахынцыдта Уæллаг Гудзабары цæрджыты тыхстдзинад дæр. Цæвиттон, сæ уынгтæй иу уыд бынтон мæгуырау уавæры æмæ цæрджыты фарст скъуыддзаг æрцыд æмбæлон æгъдауæй. Уымæй дарддæр ма Дæллаг Гудзабары фарон сарæзтой кана-лизацион хахх æмæ уый фæстиуæгæн уынджы уæлцъар уыд антисанитарон уавæры. Хæдзарад ацы уынджы æппæт куыстытæ сæххæст кæндзæн ацы аз. Зындгонд куыд у, афтæмæй Къостайыхъæуы аразын райдыдтой, æвзонг фæлтæр спорты хуызтæй сæхи кæм хъуамæ фæлтæрой æмæ фидар кæной, ахæм тренажерон зал. Дзæвгар куыстытæ бакодтой арæзтады, ис ма дзы иуæй-иу лыстæг куыстытæ сæххæст кæнын.

Хæдзарады директор Уазæгты Мевлуд куыд банысан кодта, афтæмæй æввахс рæстæджы хæдзарад баххæст уыдзæн финансон фæрæзтæй æмæ уæд самал кæндзысты хъæуæг æрмæджытæ. Уæд бындуронæй бакусдзысты нуазыны донæй Гром, Додот, Къроз æмæ æндæр хъæуты цæр-джыты домæнтæ сæххæст кæныныл. Нуазыны доны хицæн хæххытæ ноджыдæр æрбауадздзысты Тъбет æмæ Къостайыхъæутæм. Арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ бакæндзысты Тъбеты хъæуы Культурæйы хæдзары дæр. Районы хицæн хъæуты, куыд Гудзабар, Тъбет æмæ Громы уыдзæн сывæллæтты хиирхæфсæн фæзуæттæ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.