Нæ республикæйы Хицауад архайы, фæлвары, цæмæй нæ хъæууон хæдзарад йæ къахыл слæууа. Фермерон хæдзарадтæн лæвæрд цæуынц хатырон уавæртыл кредиттæ исынц æндæр хуызы æххуыстæ дæр, фæлæ уæддæр зæрдæйы фæндиаг нæ рæзы. Æцæг, хицæн фермертæн вæййы æнтыстытæ, фæлæ уыдонæй дæр бирæтæн бæрæг аххосæгтæм гæсгæ сæ куыст æрлæууы. Кæд æмæ раздæр фылдæр нæхи æркæнгæ хæлцадон продукттæй цардыстæм, уæд абон нæ разы цы цæлх-дуртæ æвзæры, цæмæннæ æндидзы хъæууон хæдзарад, уый тыххæй нын радзырдта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты химийы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Хъæцмæзты Джони. Уый у хъæууон хæдзарадон зонæдты кандидат. Йæ кандидатон диссертаци бахъахъхъæдта ахæм темæйæ: «Особенности воз-делывания озимого чеснока в горных и пред-горных районах РСО-Алания». Хъæцмæзты Джони цыппар азы размæ Знауыры районы Дзагъинайы хъæуы байтыдта «Рокомболь» сорты нурытæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ уый иттæг райгонд у, нæ климаты уавæрты цы тыллæг æркодта, уымæй. Уый нурыйы иртасæн куыстытæ дарддæр кæны халсæрттæ æмæ зокъоты хуызтæ апарахат кæныныл дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй халсар æмæ дыргъгуыст хъæууон хæдзарады иннæ къабæзтæй бирæ пайдадæр сты. Уымæн цæвиттон – Ставрополь æмæ Краснодары крайтæ. Афтæ у Цæгат Ирыстоны дæр. Махмæ та иуæй-иу фермертæ байтауынц нæмыгон культурæтæ æмæ стæй сæ мæнæу цы фæкæной, уый нал фæзонынц. Хорз уаид, æмæ куы скусид хойрагисæн куыстуат æмæ уым куы ссиккой сæ мæнæу. Уый стыр ахъаз уаид фермертæн æмæ адæм та æлхæниккой нæхи æркæнгæ хойрагæй дзул, кæцы уаид экологион æгъдауæй сыгъдæг æмæ хæрзаддæр. Фæлæ хъæздыг тыллæг райсын афтæ æнцон нæу, уымæн æмæ зæххытæ смæгуыр сты. Рагацау мæрæн хъæуы анализ аразын, цæмæй базонæм, цы культурæ дзы хуыздæр æрзай-дзæнис, уый. Уый та хъуамæ сбæрæг кæна специалист, кæцы сахуыр кæндзæнис зæххы мæр æмæ бацамондзæн, зæхх халсарæн бæзгæ у æви нæмыгон культурæтæн. Йæ хъуыдымæ гæсгæ хъæууон хæдзарад райтынг кæнынæн æнæмæнгхъæуæг сты техникæйæ ифтонгад æмæ зæххытæн анализ аразын. Афтæ куыннæ уа, уæд хъæууон хæдзарады рæзтыл дзурæн нæй.

Дыккаг этап та у минералон хъацæнтæ хæссын зæхмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæр сты на-туралон хъацæнтæ – фаджыс, фæнык, æмбыд халсæрттæ æмæ дыргътæ. Уыдæттæй зæхх хай-джын куы уа, уæд дын хъæздыгдæр тыллæг дæтдзæнис. Уыцы хатдзæгмæ специалисттæ раджы æрцыдысты. Цы халсар, кæд æмæ цафон садзын хъæуы, уый та хъуамæ амона агроном. Алы куыст дæр йæ рæстæгыл конд куы цæуа, мæр та дзуапп куы дæтта нормæтæн, уæд зæхкусæгæн кæддæриддæр йæ зæрдæ рухс кæндзæнис йæ тыллæгæй. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны климатон уавæртæ фадат дæттынц канд хæрзгъæд тыллæг æркæнынæн нæ, фæлæ хæрзгъæд халсæрттæ æмæ, æгæрыстæмæй, цитрусонтæн дæр.

Специалист ма банысан кодта, зæгъгæ, раздæр Хуссар Ирыстоны тынг размæдзыд уыд фосдард. Нæ урсаг канд нæхи фаг нæ кодта, фæлæ ма æрвыст цыд Гуырдзыстонмæ дæр. Ныртæккæ дæр æрмæстдæр 15 æнтыстджын фермер куы уаид, кæцытæ кæной фосдарды куыст, уæд сæрибарæй ифонг кæнид æгас республикæ нæхи урсаджы продукттæй. Уыцы иу рæстæджы хъуамæ кусой, хойраг æмæ мæнæуы куыст чи кæна, ахæм фермертæ дæр. Уыдон та нæхи æркæнгæ ссадæй  ифтонг кæндзысты дзулфыцæн комбинаты æмæ хойраджы холлаг та уæй цæудзæн, фосдард чи кæны, уыцы фермертæн. Æнæмæнг республикæйы сифтонг кæнын хъæуы куыройæ дæр, цæмæй хойраджы цъæмæлтæй аразой комбихоллаг æмæ кæрчыты хæринаг. Иу цыбыр ныхасæй, æрдзы цы экосистемæ ис, уый халын нæ хъæуы. Алы куыст дæр йæ фæдыл сайы ног куыст. Нæмыгон культурæтæ тауыны агъоммæ æнæмæнг у, кæм реализаци цæудзæ-нис ууыл хъуыды кæнын рагацау бадзырдтæ аразын. Фос чи дары, уымæн та æнæмæнг у дзидзагуыстгæнæн комбинат саразын. Уый куыннæ уа, уæд дзырд дæр нæй фосдард райтынг кæныныл. Нæ республикæйы фосдард чи кæны, уыдоны нымæц цъус нæу, цæмæннæ хъуамæ уаид дзидза-урсаджы завод», – зæгъы Хъæцмæзы фырт.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.