Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сарæзты боны цытæн

Цытджын депутаттæ!

Арфæ уын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сарæзтыл 28 азы сæххæсты боны цытæн.

Хуссар Ирыстоны Парламенты истори райдыдта 1990 азæй, 9 декабры нæ бæстæйы фыццаг хатт уагъд куы æрцыдсты æвзæрстытæ ногарæзт паддзахады уæлдæр закъондæттæн органмæ. Уыдон уыдысты нæ бæстæйы иууыл уæззаудæр рæстæджытæ. Фæлæ уæддæр, фыццаг æрсидты Парламенты депутатты патриотизмы, политикон куырыхондзинад, хъæддыхдзинады фæрцы мах нымад æрцыдыстæм куыд æхсæнадæмон паддзахад.

РХИ-йы Парламенты архайды азты йæ депутаттæ сарæзтой фидар нормативон-барадон базæ Хуссар Ирыстоны фæдфæдылон рæзтæн, не ‘мбæстæгты царды гъæд æмæ æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн, ныррыкон æмбæстагон æхсæнад саразынæн.

Ныфс мæ ис, дарддæр дæр Парламенты депутатты фæлтæрддзинад æмæ профессионализм хуыздæр традициты кæй ахъаз кæндзысты, нæ республикæйы раз цы социалон-экономикон æмæ политикон хæстæ ис, уыдон æнтыстджынæй скъуыддзаг кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын бон уын мæ цæст уарзы, цытджын депутаттæ, фидар æнæниздзинад, сабырад, фæрныгад æмæ æнтыстджын архайад нæ Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

 

 

Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Виталий Муткомæ

Цытджын Виталий Леонтийы фырт!

Дæ царды ахсджиаг цау – дæ райгуырæн боныл æхсай азы сæххæсты боны цытæн, айс мæ иууыл зæрдæбындæр арфæтæ.

Дæ энерги, компетентондзинад, куысты фæлтæрддзинад æмæ авторитет дын ахъаз кæнынц дæ бæрнон бынаты æнтыстджынæй дæ разылæууæг хæстæ скъуыддзаг кæнынæн.

Ныфс мæ ис, дæ хайадистæй Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн бирæпланон æмархайад кæй райсдзæн ног импульс дарддæры рæзты.

Дæ райгуырæн боны дын мæ цæст уарзы, цытджын Виталий Леонтийы фырт, фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ дарддæры æнтыстытæ дæ архайды Уæрæсейы Федерацийы хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.