Турчы цæрæг Ирæтты æхсæнад АЛАН-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн йæ райгуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Анатоли,

Арфæ дын кæнын мæхи номæй æмæ не’хсæнад АЛАН-ы номæй дæ гуырæн боны цытæн,

Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад æмæ паддзахадон архайды æнтыстытæ. Ирон адæмæн æмæ Хуссар Ирыстонæн бирæ азты дæргъы лæггад куыд кæнай, уыцы амонд дæ уæд. Дæ бинонтимæ, дæ уарзон адæмимæ зæрдæрухсæй бирæ цæр.

Мах кæддæриддæр зæрдæйæ стæм уемæ.

Кæрæдзийæн ныфсæнцæйттæ куыд уæм уыцы амонд уæд не’ппæты дæр».

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Турчы Республикæйы Хоситы Бурхан раарфæ кодта Президент Бибылты Анатолийæн йæ райгуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Анатоли,

Арфæ дын кæнын дæ гуырæн боны цытæн!

Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад æмæ паддзахадон архайды æнтыстытæ.

Ирон адæмæн æмæ Ирыстонæн бирæ азты дæргъы лæггад куыд кæнай уыцы амонд дын уæд. Дæ бинонтимæ, дæ уарзон адæмимæ зæрдæрухсæй бирæ цæр.

Зæрдæйæ баст дæн Хуссар Ирыстонимæ æмæ нæ цытджын Президентимæ. Кæддæриддæр зæрдæйæ стæм уемæ.

Кæрæдзийæн ныфсæнцæйттæ куыд уæм уыцы амонд нын уæд».

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.