Зынаргъ æмзæххонтæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Чырыстийы райгуырды ирд бæрæгбоны цытæн!

Чырыстийы райгуырд у ахсджиаг бæрæгбон, кæцы æнгом кæны дунейы чырыстæт-ты. Уый у циндзинад, ныфс æмæ царды уæлахиздзинады символ, нæ зæрдыл нын лæууын кæны монон идеалтæ, хæларзæрдæ æмæ тæригъæд кæныны æнæфæивгæ принцип-тæ.

Бæрæгбонон бонты нæ зæрдæтæ йедзаг сты хорздзинады æнкъарæнтæй: уарзондзинад, хæларзæрдæ æмæ рæстдзинады ныфсæй. Мах æнкъарæм уды бæрзонддзинад æмæ бирæазон традицитæ, сабырад æмæ разыйы æнкъарæнтæ нæ райгуырæн зæх-хыл.

Мæ цæст уарзы чырыстæттæн, цæмæй уыцы циндзинад банкъарой, кæцы нын лæ-вар кæны Хуыцау! Мæ цæст уарзы, цæмæй алы бинонты дæр уа фæрныгад, кæрæдзи-æмбарынад, сæ бæллицтæ цы сæххæст уой, хорз ивындзинæдтæ æмæ цинхæссæг цау-тæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.