Цытджын Республикæ Хуссар Ирыстоны Æддагон развæдсгарæн службæйы кусджытæ!

Зынаргъ æмбæлттæ!

Айсут мæ зæрдиаг арфæтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Æддагон развæдсгарæн службæйы сырæзты радон бæрæгбоны цытæн.

Йæ сырæзынæй фæстæмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Æддагон развæдсгарæн службæ æххæст кæны нæ бæстæйы национ интерестæ хъахъхъæныны, нæ бæстæйы алы æмбæстаджы æдасдзинад сифтонг кæныны ахсджиагдæр хæстæ. Йæ уæвынады дæргъы Службæйæн йæ къухы бафтыд нæ бæс-тæйы æххæстгæнæг хицауады органты рæнхъыты аккаг бынат бацахсын.

Æхсызгон у, Службæ æрвылаздæр кæй кусы йæ архайды ахадындзинад фæбæрзонддæр кæныныл æмæ йæ къухты æфты куысты хуыздæрæй-хуыздæр æнтыстытæ.

Фидарæй мæ уырны, уæ профессионализм, уæ хæстыл æнувыддзинад, патриотизм дарддæр дæр кæй уыдзысты уе ‘нувыд æххуысгæнджытæ уæ бæрн-джын профессионалон архайды.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ацы бæрæгбон уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ æмæ æфтиæгтæ уæ куысты, уе ‘ппæт хиуæттæ æмæ æввахс адæмæн та – хæр-зиуджытæ æмæ фæрныгад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.