Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы Патриарх Кириллæн Уæрæсейы аргъуыды бон æмæ Уæрæсейы аргъуыдгæнæг, сыгъдæг къниаз Владимиры боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Зæрдиаг арфæ дын кæнын монон тыхы стыр бæрæгбон – Уæрæсейы аргъуыды боны цытæн!

Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, у егъау бæрæгбон бæстæйы чырыстон царды, нæ иумæйаг историйы та у хъысмæтон цау, кæцы æнустæм сбæрæг кодта монон хæзнатæ æмæ хæрзнамысон ориентиртæ, уæрæсейаг паддзахдзинады рæзты вектор.

Куыд цалдæр мин азы размæ, афтæ абон дæр чырыстон дин фидар кæны йæ бæрзонд хæрзнамысон принциптæ, æхсæнады монондзинад, сиды сабырдзинад æмæ разыдзинадмæ.

Мах стыр аргъ кæнæм Уæрæсейаг Чырыстон Аргъуанимæ æргом æмæ конструктивон диалогæн, кæцы дывæр кæнынц уыцы монон хæзнатæ, ахъаз кæны нæ адæмты консолидацийæн.

Ныфс мæ ис, дæ хайадистæй Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы адæмы ‘хсæн историон монон бастдзинад, кæцы æнгом кæны иумæйаг чырыстон хæзнатæй,  дарддæр дæр кæй фидар кæндзæнис.

Ацы ирд бæрæгбоны дын, дæ Бæрзонддзинад, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, бирæ азты дæргъы цæрæнбон, æнтыстытæ бæрнджын лæггад кæныны хъуыддаджы, аргъуанмæ æрбацæуджытæн та сабырад, амонд æмæ Хуыцауы фæдзæхст».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.