Нæ республикæйы æвзонг техникты станц дзæвгар азты йæ лæггады хай кæны суинаг фæлтæрæн, ам ис алыгъуызон къордтæ æмæ дзы исынц арф зонындзинæдтæ. Фидарæй зæгъæн ис, æмæ цы цайдагъдзинæдтыл фæцалх вæййынц, уыдон сын кæй вæййынц ахъаз сæ æрвылбонон цард æмæ архайды. Æрыгон фæлтæры къухтæй рацæугæ алыгъуызон дзаумæттæ, мигæнæнтæ æмæ æндæр ахæмтæ адæймаджы цæсты тигътæ исынц, кæсынæй сæм нал фефсæды. Уый та, кæй  зæгъын æй хъæуы, сæ  къухты æфты сæ ахуыргæнджытæ-хъомылгæнджыты æнувыд æмæ цæстуарзон ахасты фæстиуæгæн. Фæлæ алы хъуыддаджы размæцыдмæ дæр кæсын фæхъæуы уавæртæ æмæ фадæттæй, уæд уæрæхдæр уыдзысты йæ авналæнтæ дæр. Уыдонæй та фæстаг рæстæджы цух аззад ацы ахуыргæнæн уагдон, йæ бæстыхай тынг бахъыгдард 2008 азы августы хæсты рæстæджы æмæ тынг тыхст коллектив.

Сæ тыхстдзинад бахынцыд æрцыд æмæ æрæджы аразджытæ æрæвнæлдтой агъуысты арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæм. Уый тыххæй бавнæлдтой куыд æддаг, афтæ мидæггаг къулты зæронд сæрстæй асæрибар кæнынмæ. Ныр мæймæ æввахс кусынц сæ хæс ахицæн кæныныл. Цы бырон дзы æрæмбырд, уымæй уал æмбæлон бынатмæ аластой 11 машинæйы, фæлæ дзы ласинаг дæр нырма дзæвгар ис æмæ уымæй асæрибар кæныныл бацархайдзысты æввахс бонты. Арæзтады прораб Сиукъаты Ауызби куыд загъта, афтæмæй дзы кусынц бынæттон лæппутæ æмæ разы у сæ æнæзæрдæхудт архайдæй. Уыдон та сты Цхуырбаты Ацæмæз, Сиукъаты Сардион, Хъотайты Олег, Хуыбиаты Азæмæт (бригадир), Хъабанты Ацæмæз æмæ æндæртæ. Ацы кусджытæ сæ куыстытæ кæронмæ куы ахæццæ кæной, уæд та йæм фæзындзæн кусджыты æндæр æмæ æндæр специалисттæ, уыцы нымæцы сантехниктæ, электриктæ, сæрдджытæ, хъæддæснытæ æмæ æндæр ахæмтæ. Арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæй фыццаг рады бавналдзысты бæстыхайы агъуындынмæ. Цæгат Ирыстонæй æрластой арæзтадон æрмæджытæ. Ивд æрцæудзысты ахуыргæнæн æрмадзты хатæнты цæрттæ, рудзгуытæ æмæ дуæрттæ. Рудзгуытæ самал кодтой бынаты, дуæрттæ та æрласдзысты Дзæу-джыхъæуæй. Астæрдтæ ивд цæудзысты куыд фæйнæгæй, афтæ линолеумæй дæр, хицæн бынæтты та æвæрдзысты кафель дæр. Цалынмæ куыстытæм нæ бавнæлдтой, уæдмæ хъуыд, æрмадзты цы тæрхджытæ æмæ æндæр дзаумæттæ уыд, уыдон æмбæлон бынаты рæстæгмæ бафснайын. Уыцы хъуыддаджы сын цæстуарзон æххуыс бакодтой кусджытæ сæхæдæг дæр æмæ сæ бузныгæй баззад ахуырады коллектив.

Арæзтады прораб Сиукъаты Ауызби фи-дарæй дзырд радта, бæстыхайы арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ гъæдджынæй кæй сæххæст кæндзысты октябры мæйы кæронмæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.