Зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ, абон æз сидын нæ Аргъуаны Æххæстдзинадмæ.

Рæхджы махæн æрлæудзæн нæ царды иууыл ахсджиагдæр бонтæй иу  – Аланийы президент равзарыны бон. Президент уæвыны аивгъуыйгæ æмгъуыд уыд паддзахадон арæзтады æппæт фадгуыты дæр цæхгæр фæзилæнты æмгъуыд. Уыцы цæхгæр ивддзинæдтæ цыдысты æмæ цæуынц нæ Республикæйы сабырдзинад æмæ фарн бахъахъхъæныны нысанæн. Æмæ æрмæстдæр фарн æмæ нæ адæмы æнгомдзинады руаджы махæн нæ къухы бафтыд ныфсæвæрæн æнтыстытæ æхсæнадон царды бирæ фадгуыты.

Мæ зæрдæйæн стыр рыст хæссы, æвзæрстыты размæ компанийы рæстæджы кæрæдзи æхсæн хъаугъатæ кæй цæуы, уый. Æмæ ацы ран мæ зæрдыл æрлæууынц Апостол Павелы ныхæстæ Коринфы аргъуанмæ йе ‘рвыстæй: «Уымæн æмæ æз æрыхъуыстон сымах тыххæй, ме ‘фсымæртæ, уе ‘хсæн быцæутæ кæй ис, уый. Æз æй афтæ бамбæрстон, æмæ сымах æхсæн дзырдæуы: «Æз Павелы дæн»; «Æз Аполлосы дæн»; «Æз Кифæйы дæн»; «Æз Чырыстийы дæн». Цымæ Чырысти дихтæ ныцци? Цымæ Павелы байтыгъдæ-уыди сымах тыххæй?»  Апостол Павелы ныхæстæ фæлхатт гæнгæйæ, æз сидын не ‘фсымæртæм, иу кæнæ иннæ президентон къордмæ æмхиц кæй сты, уымæ гæсгæ чи ныддихтæ ис, уыдонмæ: «Цымæ Алантæ дихтæ ныисты? Цымæ Алантæ дихтæ ныййисты?Цымæ дихтæ ныйисты æнæуый дæр чысылнымæц Аланты бинонтæ?» Æрмæстдæр знагæн уыдзæн æхсызгон, абон æфсымæрты хылгæнгæ куы уына, уæд. Уыдон ныллæг кæнынц, æфхæрынц кæрæдзи, адæмы царды хъарутæ лæмæгъ гæнгæйæ.

Аланийы Чырыстон аргъуан Монон æгъдауæй дихгæнæн кæмæн нæй, уымæн нæу йæ бон, цæмæй адих кæна иугонд Хуыцауы Алайнаг адæмы политикон, социалон æмæ цыфæнды æндæр миниуджытæм гæсгæ дæр. Ар-гъуан æххæст кæны, хицау Йесо Чырысти йын йæ бæрны цы мисси бакодта, уый, æмæ уыцы миссийæн равдисæн ис Апостол Павелы ахæм ны-хæстæй: «фарны мидæг ут æппæт адæмимæ дæр».

Сидын, исты архайдтытæ æмæ фæндтæ рахæссыныл йæ бар кæмæн цæуы, æппæт уыдонмæ: саразут æппæт дæр, цæмæй кæрон æрцæуа æлгъаг хицæндзинæдтæн æмæ фидыдад уа æфсымæртæ æмæ хоты æхсæн. Уæлдай фыды уарзондзинадимæ сидын Президенттæм æппæт кандидаттæм: фыццаджыдæр уал уын разамынад кæнæд æппæт æфсымæртæ æмæ хотæм чырыстон уарзондзинад, уымæн æмæ мах, æцæгдæр, стæм иу стыр артдзæст. Аргъ кæнын хъæуы алы адæймагæн дæр йæ равзæрстæн, ацы тæккæ уæ цуры ис, æви нæ, уымæ нæ кæсгæйæ. Æхсæнадæмон хъаугъаты нæ уыдзæн уæлахиздзаутæ, нæ дзы уыдзæн, адæмы æхсæн фидыдадæй зынаргъдæр чи уа, ахæм политикон æфтиæгтæ.

Чырыстон концепцийы мидæг адæмы сæргълæууæг æххæст кæны тынг хуымæтæг – раздзоджы, йæ бæрны адæмыл аудæджы хæс. Цыфæнды бæстæйæн дæр йе ‘цæг раздзог æмæ разамонæг та у Хуыцау. Уырдыгæй у йæ ратæдзæн зæххон паддзахы сæйраг хæсæн дæр – цæмæй гадзрахатæй ма рацæуа адæмы йын йæ бæрны бакæнæг Уæларвон Паддзахыл. Паддзахæн барст нæ цæуы йæ гадзрахат.

Цавæрфæнды ма уой æвзæрстыты фæстиуджытæ, уæддæр мах хъуамæ баууæндæм æмæ райсæм, нæ паддзахады царды ныртæккæйы æмгъуыды Хуыцау йæ адæмы ногсæвзæрст президенты бæрны кæй бакодта. Мах хъуамæ нæ тыхтæ ма хардз кæнæм æнæразыдзинад æмæ ныхмæлæууыныл, фæлæ алчи дæр йæ бынаты райдайа ныфсджынæй размæ бырсын, Алайнаг паддзахады æндидзын кæныны фæндагыл.

Аргъуаны кой куы кæнæм, уæд йæ хæцæнгарз сты куывд æмæ Хуыцауы ныхас. Хуыцауы ныхас у «удæгас æмæ архайгæ æмæ цыфæнды дыком цыргъ кардæй цыргъдæр» (Дзутт. 4:12).

Сидын Аланийы Чырыстон Аргъуаны æппæт хъæбултæм дæр, цæмæй кувой æнæаскъуыйгæйæ, цæмæй хъахъхъæной стыр комдарды уаг. Кувут ныр Хицаумæ, курут Мады Майрæмæй æмæ Алайнаг адæмы Сыгъдæг Бардарджытæй, цæмæй бахъахъхъæной фарн æмæ сарæх уа уарзт.

Курын Президенттæм æппæт кандидаттæн арфæдзинад. Фарн æмæ уарзондзинад уæнт уе ‘хсæн.

Чырыстыийы уарзондзинадимæ Алайнаг

Епископ Амвросий    

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.