Президент Тыбылты Леонид йæ кусæгон балцы фæл-гæтты уыд Громы хъæуы, цыран хъæуы администрацийы агъуысты фембæлд Гром æмæ Бихъары цæрджытимæ.

Бæстæйы сæргълæууæг бузныг загъта хъæуты адæмæн, фæстаг фондз æмæ ссæдз азы уæззау уавæрты кæд цæрынц, уæддæр уыцы рæсугъд бынæттæ кæй нæ ныууагътой, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уыцы уæззау рæстæджытæ фесты, æмæ Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ бон у ныфсджынæй размæ кæсын.

«Нæ иумæйаг куысты фæрцы æвæрд æрцыд фидар бындур нæ республикæйы дарддæры размæцыд æмæ дидинæфтыдæн», – банысан кодта уый.

Дарддæр уый дзырдта, зæгъгæ, фæстаг рæстæджы бирæ арæзт æрцыд канд хъæуы цард фæхуыздæр кæны-нæн нæ, фæлæ æмткæй республикæйы дæр. Арæзтæр-цæуæг инфрастуктурæ хъуамæ фæхуыздæр кæна не ‘мбæстæгты царды æмвæзад æмæ адæмы аздаха хъæу-тæм. Фондз азы дæргъы æн-дидзыд æмæ арæзт æрцы-дысты 400-йы бæрц социалон нысаниуæджы объекттæ, уыцы нымæцы ахсджиаг бынат ахсынц фæндæгтæ. Растдæр уыдон кæй сты паддзахады царды дадзинтæ, уый æмбæхсинаг никæмæн у. Æмæ сæхи рады, хъæуты адæм дæр бузныг загътой Президентæн, ахæм хорз фадат сын кæй фæзынд, цæмæй афойнадыл хæццæ кæной канд Ленингормæ нæ, фæлæ ма республикæйы сæйраг горæтмæ дæр. Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, фæндæгты арæзтад дарддæр цæудзæн æмæ 2018-2019 азтæн республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ хаст æрцæудзæн арæнгæрон фæндаджы арæзтад дæр. Ууыл кусын райдайдзысты фидæн азы.

2008 азы августы хæсты рæстæджы цы цæрæн хæдзæрттæ ныппырх, уыдоны арæзтадыл дзургæйæ, бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, сæ иу хайыл аххæссыд раздæры инвестпрограммæ, иннæтæ та хаст æрцæудзысты ногмæ.

«Бирæ объекттæ арæзт æрцыдысты ногæй, уыдонæй иу у дзидза куыстгæнæн завод «Растдон» Цхинвалы горæт-гæрон. Уый бæлвырд æххуыс уыдзæн хъæуы цæрджытæн ставдкъах фос уæй кæныны  хъуыддаджы», – загъта уый.

Президент йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, алы фадыджы дæр нæ ахастыты хорз размæцыд ис нæ стратегион партнер Уæрæсейы Федерациимæ, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, знон къух æрфыстæуыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты иуæй-иу дæлхæйтты Уæрæсейы Федерацийы Гарз-джын тыхты скондмæ бакæныны фæткы тыххæй сразыдзинадыл.

«Ацы Сразыдзинад бæлвырд кæны, исты тæссагдзинады рæстæджы уæрæсейаг æфсад ныхкъуырд кæй ратдзысты знагæн, æмæ ма уымæй дарддæр, зноны бонæй фæстæмæ махæн Уæрæсеимæ арæзт кæй æрцыд иумæйаг хъахъхъæнынады контур. Тынг ахсджиаг у уый дæр, Сразыдзинадыл къух фысгæйæ, мах кæй бахъахъхъæдтам не ‘фсад», – загъта уый, æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, куыст кæй цæуы ууыл, цæмæй Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æмæ Мидхъуыддæгты министрады кусджытæн сæ куысты азтæ 2004 азæй 2008 азмæ 1 аз нымад æрцæуа æртæ азыл нымадæй.

Тынг ахсджиаг лæвар у канд хъæуы цæрджытæн, нæ фæлæ æгас республикæйæн дæр, Хуссар Ирыстоны районты газификацийыл куысты райдиан. Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы къух фыст æрцæудзæн «Газпром»-имæ сразыдзинадыл, æмæ уый фæстæ хъæумæ æрдзон газ уадзыны куыстытæ райдайдзысты. Генералон планмæ гæс-гæ 2019 азмæ уыдонæй ах-хæстæуыдзæн 123-йыл, 2021 азмæ та æрдзон газæй пайда кæнын сæ бон суыдзæн республикæйы æппæт цæрджытæн дæр.

Сæ зындзинæдтыл дзырдтой хъæуты цæрджытæ дæр. Цы фарстытыл дзырдтой, уыдонæй фыццаг уыди, цæмæй сын хицæнгонд æрцæуа зынг-сирвæзты ныхмæ техникæ, уымæн æмæ арæх ссудзынц хус кæрдджытæ. Президент ныфс бавæрдта, ацы фарстыл лæмбынæг кæй æруынаффæ кæндзæн Æмбæс-тагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ иуварс кæныны хъуыддæгты министр Санахъоты Сергеимæ æмæ районы администрацийæн рахицæн æрцæудзæн æмбæлон техникæ æмæ штаттæ.

Бихъары æмæ Громы скъолаты коллективтæй æрбацыд куырдиат спортивон залтæ сорганизаци кæныны тыххæй. Тыбылты Леонид ныфс бавæрдта, зæгъгæ, «Спорт в ша-говой доступности»-йы концепцийы фæлгæтты ацы скъолаты тренажерон залтæ æв-вахс рæстæджы ифтонг æр-цæудзысты.

Дзырд цыди фæндæгты тыххæй дæр. Бæлвырд куыд у, афтæмæй иуæй-иу  фæндæгтыл  æрдзон уавæрты ах-хосæй ацæуæнтæ нал ис. Ты-былты Леонид загъта, зæгъ-гæ, Арцеу æмæ Громы, стæй иннæ арæнгæрон хъæуты сæвзæргæ уавæримæ зонгæ у. Уый зæрдæ бавæрдта, зæгъгæ рæхджы ацы пробле-мæтæ скъуыддзаг æрцæудзысты.

Фембæлды кæронбæттæны Бихъары æмæ Громы цæр-джытæ бузныг загътой Президентæн сæ проблемæтæ æмæ сын сæ зæрдæрисгæ фарстытæм йæ хъус кæй дары, уый тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.