Хуссар Ирыстоны территорийыл дæр 25 июлæй фæстæмæ уагъд цыд Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ барасткæнинæгтæ бахæссыны фæдыл æмгъуыдæй раздæр хъæлæс кæныны процедурæ. Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн се ‘мбæстагон хæс сæххæст кæныны фадат уыд уæрæсейаг 4–æм æфсæддон базæйы дыууæ æвзарæн фадыджы – Цхинвалы æмæ Дзауы районы. Уым, сæйраджыдæр, хайад истой æфсæддон службæгæнджытæ æмæ сæ бинонтæ. 

Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæн та уыцы фадат уыд нæ горæты уæрæсейаг минæварады территорийыл цы иунæг æвзарæн фадыг уыд, уым. Уымæн æмæ алы уæрæсейагæн дæр ахсджиаг нысаниуæгджын цау у Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ барасткæнинæгтæ бахæссыны фæдыл æвзæрстыты хайад райсын æмæ йе ‘мбæстагон хæс бафидын.

Нæ Республикæйы цæрджытæн æвзæрстытæ кæддæриддæр бæрæгбон вæййынц, æв-зарджытæ райзæрдæйæ фæтындзынц æвзарæн фадгуытæм. Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ барасткæнинæгтæ бахæссынæй та хуссарирыстойнæгты ныфс ис сæ цардмæ хуыздæр ивындзинæдтæ бахæссынæй.

Уæрæсейы минæварады территорийыл хъæлæс кæныны сæйраг бон – 1 июлы райсом аст сахатæй байгом æвзарæн фадыг. Адæм тындзыдтой æмæ активон хайад истой нæ бæстæйæн ацы ахсджиаг мадзалы. Æвзарæн фадыгмæ бацæуæны алы адæймагæн дæр барст цыд йæ буары тæвд сæрмагонд ифтонггарзæй, дезинфекци цыдысты сæ къухтæ æмæ сын лæвæрд цыд сæрмагонд индивидуалон хъахъхъæнæн фæрæзтæ. Уыцы фæрæзтæй ифтонг уыдысты, æвзарæн фадыджы куысты чи архайдта, уыдон се ‘ппæт дæр. Ацы мадзæлттæ уагъд цыдысты цæрджыты æдасдзинады нысанæн.

Уæрæсейаг минæварады Консулон хайады гæс Сергей Алексеев нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Уæрæсейы Конституцимæ барасткæнинæгтæ бахæссыныл разыдзинад равдыстой Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг æмбæстæгтæн сæ 87 проценты. Иумæйагæй сисгæйæ, 9 143 уæрæсейаг æмбæстаджы хайад райстой æртæ æвзарæн фадыджы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ æвзарджыты активондзинад уæлдай тынгдæр фæбæрæг æвзæрстыты сæйраг бон – 1 июлы.

Æвзæрстытæ уадзыны рæстæджы уыцы бонты рад хастой дохтырты бригадæтæ, бахъуыды рæстæджы æнæмæнгхъæуæг æххуыс бакæныны нысанæн. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ та хъахъхъæдтой æвзæрстытæ ауадзыны æдасдзинад.

Сергей Алексеевы ныхæстæм гæсгæ бархалæн цаутæ æвзæрстыты рæстæджы нæ уыд. Æвзарæн фадгуытæ сæхгæныны фæстæ бюллетентыл куыст æрцæудзæн æмæ сæ фæстиуджыты фæдыл информаци лæвæрд æрцæудзæн Уæрæсейы Централон æвзарæн къамисмæ.

Йе ‘нæниздзинады уавæрмæ кæнæ æндæр аххосагмæ гæсгæ æвзарæн фадыгмæ йе ‘мбæстагон хæс сæххæст кæнын фадат кæмæн нæ уыд æрбацæуынæн, ахæм æмбæстæгтæм бынатмæ организаци цыд хъæлæс кæнынæн уавæртæ. Уый фæдыл æмбæстæгтæй бадæттын хъуыд куырдиат минæварадмæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æвзарджыты активондзинад хынцыд цыд райсомæй суанг изæры аст сахатмæ, цалынмæ æвзарæн фадгуытæ æхгæд не ‘рцыдысты, уæдмæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.