Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты историйыл чи дзура, уый нæ ахиздзæн йæ ректортæй иу, Уæрæсейы историйыл фыццаг бакæнгæ кафедрæйы сæргълæууæг, курдиатджын лектор æмæ историк, профессор Дыгъуызты Павелы иувæрсты. Йæ цардæй Павел 60 азы снывонд кодта æрыгон фæлтæры хъомыладæн. Ацы бонты 100 азы сæххæст уыдаид нæ раздæры пединституты ректор, профессор Дыгъуызты Уасилы фырт Павелы райгуырдыл.

Зын æмæ гуыргъахъ фæндæгтыл рацыд Павел. Йæ царды бонты йæ къухты фæхаста рухс цырагъ æмæ дзы фæндаг амыдта Ирыстоны рæзгæ фæлтæрæн.

Адæймаг удыгъæдæй рæсугъд куы вæййы, уæд цæвиттойнаг вæййы адæмæн дæр, кæй разы лæууы, уыдонæн дæр. 60 азæй фылдæр Дыгъуызы фырт йе студентты раз бандон никуы бацагуырдта, зыдта æрмæстдæр кафедрæ, сæрибарæй дзурын æмæ амонын.

 Бирæ азты Павелы лекцитæм байхъуыстой мингай студенттæ. Йæ къухæй чи рацыдысты, уыдон æй уарзтой æмæ йын цыт кодтой кæмдæриддæр. Йæ фенд, йæ рацыд, йе ‘рбацыд алыхатт дæр æхсызгоны хос уыд канд студенттæн нæ, фæлæ æппæт коллективæн дæр.

Павел нымад лæг уыд Ирыстонæн, нæ интеллигенцийæн, фæрнджын хистæр уыд, цы коллективы куыста, уыдонæн.

Лæг йæ царды азтæм куы акæсы, цы фæндæгтыл рацыд, уыдоныл йæ цæст куы ахæссы, зæрдæрухсгæнæн хъуыддæгтæм куы æркæсы æмæ сæ райгондæй куы баззайы, уæд уый вæййы æцæг лæг. Уыцы миниуджытæй хайджын уыд Павел.

Лæг йæ арфæйаг митæй æмæ бакæнгæ хъуыддæгтæй алыхатт сæрыстыр нæ вæййы. Уыцы миниуæг уымæ дæр уыдис, фæлæ йæ уды сконды цы уæздандзинæдтæ уыд, уыдон ын дардмæ ‘рттывтой кæддæриддæр.

Павелæн хæдæфсæрмдзинад йæ туджы уыд кæддæриддæр. Йæ адæмæн, нæ фæсивæдæн уырдыг фæлæууыд 60 азы дæргъы. Лæгау-лæджы ном кæд искæмæ æмбæлд, уæд уыдонæй уыд сæ иу.

Йæ царды фæндæгтæм-иу куы акаст, уæд-иу бирæ цыдæр-тæ æрымысыд, бирæ хъуыддæгтæ-иу æрлæууыд йæ зæрдыл.

Дыгъуызты Павел райгуырдис 1920 азы 1 сентябыры Китайы Адæмон Республикæйы Хинганы станцы. Йæ фыд Уасил уыдис æфсæнвæндаджы кусæг. Йæ сабион бонтæ уым арвыста, райдиан скъола та каст фæцис горæт Харбины.

Бинонтæ Хуссар Ирыстонмæ æрыздæхтысты 1943 азы. Уæд Павел йæ ахуыр адарддæр кодта Сталиниры ирон астæуккаг скъолайы, кæцыйы каст фæцис 1939 азы.

1940 азы ссис Азербайджаны С.М. Кировы номыл Паддзахадон университеты студент. Æнтыст-джынæй йæ каст фæцис 1945 азы. Уыцы аз кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты, фæлæ уырдыгæй тагъд рахызт пединститутмæ.

1945 азæй 1962 азмæ куыста марксизм-ленинизмы кафедрæ-йы хистæр ахуыргæнæгæй. 1962 азы нысан æрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон институты ректорæй, цыран фæкуыста 1975 азмæ. Уыцы азæй йæ амæлæт-мæ разамынд кодта историйы кафедрæйæн.

Павел алы бынаты дæр уыд арæхстджын разамонæг, уал азы дæргъы бирæ сарæзта нæ инс-титутæн кадртæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы.

1961 азы бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци 1964 азæй уыд доцент. Фæстæдæр ын Хус-сар Ирыстоны паддзахадон университеты Ахуырадон совет уынаффæ рахаста æмæ йын лæвæрд æрцыд профессоры ном. Уый æнæнхъæлæджы нæу. Павел ахуыр-хъомыладон куысты æдте дзæвгар азты кодта стыр зонадон куыст. Йæ куыстыты нымæц хæццæ кæны 100-йы онг. Йæ тыхтæ фылдæр лæвæрдта Хуссар Ирыстоны истори раиртасынмæ. Йæ куыстытæ «Хуссар Ирыстоны революцион змæлд 1905-1914 азты», «Хуссар Ирыстоны революцион змæлд 1917-1921 азты», «Хуссар Ирыстоны тох Советон хицауады сæрыл» æмæ æндæртæ дзурæг сты, Дыгъуызы фырт егъау тыхтæ кæй хардз кодта Хуссар Ирыстоны истори раиртасыныл.

Уыимæ иумæ, Павел кодта егъау æхсæнадон куыст дæр. Уыдис пединституты бынæткомы сæрдар, партбюройы уæнг, депутатæй æвзæрст æрцыд цалдæр хатты, уыдис æхсæнад «Знание»-йы лектор.

Дыгъуызты Павел алы куысты дæр, алы хъуыддаджы дæр уыд цæсгомджын кусæг. Бирæ домдта йæхицæй æмæ йæ къухы цы кусджытæ æмæ студенттæ уыд, уыдонæй дæр.

Куыд бинонты, хæдзары хицау афтæ дæр уыд цæвиттойнаг.

Йæ бирæ азты фыдæбæттæ рох нæ уыдысты хицауады æрдыгæй дæр æмæ коллективы æрдыгæй дæр. Цалдæр хатты хорзæхджын æрцыд майдантæй, лæвæрд ын æрцыд «Гуырдзыстоны ССР-ы сгуыхт ахуыргæнæджы» кадджын ном. Кады грамотæтæн дæр сæ нымæц бирæ у.

Дыгъуызты Павел хорз зонгæ уыдис Тогъуызты Газаккимæ (Илас Æрнигонимæ) куыд Харбинæй, афтæ Чъребайæ дæр. Йæ алы æрцыды дæр Илас уыд Дыгъуызты бинонты уазæг. Павел-иу арæх кодта йæ хорзы кой. Йæ миниуджытæй бирæ рахаста. Æрнигоны нымадта диссаджы адæймагыл.

Павел йе ‘нус нæ батыдта, адзал ын йæ фæндæгтæ æрыхгæдта, йæ бирæ фæндтæ, йæ куысты нывæстытæ баззадысты æрдæгыл. Куы æруатон, рынчындонмæ куы бахауд, уæддæр æй нæ уырныдта, мæлæты къæсæрыл кæй лæууыд. Махæн, рынчынфæрсджытæн-иу худгæйæ дзырдта: «мæнæ тагъд ацæудзынæн æмæ та скувдзыстæм Хуыцаумæ, лæгтыдзуар – Уастырджимæ».

Адзалæн мадзал нал разынд. Ирыстоныл егъау зиан æрцыд. Саударæн митингтæ уыд йæ хæдзары раз, университеты агъуысты, нæ театры фæзуаты.

Фыдохы бонмæ æртымбыл сты Хуссар Иры дзыллæ, дзæв-гар адæм æрцыд Цæгат Ирæй, Гуырдзыстонæй, се ‘ппæт дæр цæссыгкалгæ æмæ сæргуыбы-рæй ацу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл бафтыдтой Ирыстоны зынаргъ хъæбулы.

Университет, йæ кафедрæ абоны бон дæр сæрыстыр у Павелы бакæнгæ хъуыддæгтæй. Йæ рухс ном та махæй рох никуы уыдзæн.

Плиты Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.