35 азы размæ кæрон æрцыд раздæры Советон Цæдисы иууыл стырдæр хæстон архæйдтытæн. Райгуырæн бæстæйы раз йæ æвæджиау хæс сæххæст кæныны охыл уæды рæстæджы алы æрсиддоны ныййарæг дæр кæмæй фестъæлфыд, йæ койæ дæр-иу чи барызт, ахæм æгъатыр уыд Афганистаны зæххыл хæст. Уыцы хæсты уæззау æргъом, бæрзонд интернационалон хæс аккаг æмæ намысджынæй сæ уæхсчытыл цы ирон лæппутæ хастой сæрибардзинадмæ, уыдонæй бирæтæ абон нал сты нæ фарсмæ.

Афгайнаг хæстонтæ-ветеранты кадæн цытджын æмбырды хайад райстой Паддзахад Аланийы Президент Гаглойты Алан, Хицауад æмæ Парламенты Сæрдæрттæ Джуссойты Константин æмæ Æлборты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæвар Марат Кулахметов, тыхон структурæты минæвæрттæ, афгайнаг хæсты ветерантæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Бæстæйы сæргълæууæг йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, 1989 азы 15 февраль æнæферохгæнгæ нымæц у.

«Советон æфсæддонтæй дыууæсæдæ минæй фылдæр фæмард сты дард Афганистаны зæххыл кæнæ фæхъуыдысты цæфтæ æмæ низты фæстиуæгæн. Æртæ сæдæйæ фылдæр адæймаджы фесты æбæрæг сæфт. Уыдон Советон Цæдисæн егъау æфсæддон зиæнттæ уыдысты Дыккаг дунеон хæсты фæстæ», – дзырдта Президент.

Афганистанæй советон æфсады ракондыл дзургæйæ бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, интернационалон æххуыс бакæнынæн æмæ Афганистанмæ советон æфсады контингент арвитыныл алыварсон æмæ лæмбынæг уынаффæ цыд къухдариуæгады ‘рдыгæй. Фæлæ советон хæстонтæ уæд Афганистаны зæххыл тох кодтой дунеон терроризмы тыхты ныхмæ.

«Афганистаны советон æфсады контингенты сконды дыууæсæдæйæ фылдæр хæстон-интернационалисттæ уыдысты Хуссар Ирыстонæй.  Баграм, Кандагар, Пандж­шер… Не ‘мзæххонтæ иууыл уæззаудæр здæхтыты, сæ цардæн тæссаг уавæрты хъæбатыр тох кодтой, æвдыстой фæндвидардзинад æмæ хъæбатырдзинады дæнцæгтæ. Уыдон сæхи равдыстой Фыдыбæстæйы аккаг фырттæй, нæ историйы æфсæддон кады азфысты æнустæм фыст æрцыдысты сæ нæмттæ», – банысан кодта уый.

Бæстæйы сæргълæууæг æнæбанысангæнгæ нæ фæцис хæстонтæ-интернационалистты егъау хайбавæрд гуырдзиаг хæстон агрессийæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæныны рæстæджы. Сымах, зæгъгæ, стут æцæг патриоттæ æмæ нæ адæмы хъæбатыр лæппутæ.

Бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан Афганистанæй советон æфсады ракондыл 35 азы сæххæсты цытæн хорзæхтæ радта афгайнаг хæсты ветерантæн. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ – афгайнæгтæ Дзабиты Геннади æмæ Уалыты Витали сæ амæлæты фæстæ Президенты барамындмæ гæсгæ хорзæхджын æрцыдысты Хуссар Ирыстоны паддзахадон уæлдæр хорзæх – орден «Уацамонгæ»-йæ.

Уалыты Виталийы хо йæ арфæйы загъта:

«Ме ‘фсымæр хорзæхы тыххæй нæ тох кодта, уый хъахъхъæдта нæ Фыдыбæстæ æмæ нæ чысыл Ирыстоны. Мах ныртæккæ нымад паддзахад стæм æмæ мын тынг æхсызгон у, Ирыстон кæй нæ рох кæны йæ хъайтарты нæмттæ.

Хъайтары хорзæхтæ нæ хъæуы, уыдон мах хъæуынц, цæмæй хъуыды кæнæм, цахæм аргъæй æлхæд æрцыд сабырдзинад».

Бæстæйы сæргълæууæг ма Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинад бахъахъхъæныны рæстæджы æхсардзинад æмæ удуæлдайдзинад æвдисыны тыххæй афгайнаг хæстонтæ-ветеранты иу къорды схорзæхджын кодта «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майдантæй.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов йæ раныхасы банысан кодта ирон хæстонты удуæлдай тох æмæ сæ хъæбатырдзинад. Фæндвидар лæппуты хъæбатырдзинад цæргæ цæрæнбонтæм баззайдзæн нæ мысынады. Уыдон раз мах кæдфæндыдæр стæм хæсджын», – дзырдта минæвар.

Ныртæккæ та, зæгъгæ, нæ лæппутæ уæхски-уæхск тох кæнынц æмæ сæ æвæджиау хæс æххæст кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Ныфс бавæрдта, уырдыгæй дæр сæрыстырæй уæлахизимæ кæй æрыздæхдзысты.

Афганистаны хæсты Ветеранты цæдисы сæргълæууæг Гуыцмæзты Мурат йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Афганистаны зæххыл хъазуатон тох цы фашизмы ныхмæ цыд, уый ныр дарддæр цæуы Украинæйы. Нæ лæппутæ иузæрдион сты сæ æфсæддон хæсыл æмæ йæ æххæст дæр кæнынц. Мах сæ стæм сæрыстыр.

Афганистаны зæххыл уæды хæстон архæйдтытæн кæд абон алыгъуызон аргъ цæуы, уæддæр куыдфæнды ма уа – салдаттæ æмæ офицертæ сæххæст кодтой сæ æфсæддон хæс æмæ сæрыстырæй рацыдысты Афганистаны зæххæй.

Абон ма бирæ дзырдæуы ууыл дæр, ома уый уыд советон къухдариуæгады рæдыд, фæлæ уыдæттæм нæ кæсгæйæ, мах Афганистаны хæсты ветерантæ, иумиагæй сисгæйæ – уæды цаутæн хъуамæ стыр кад кæнæм.

Гуыцмæзты Мурат бахатыд æрæмбырдуæвджытæм æмæ æмырæй алæугæйæ, ссардтой, Афганистаны зæххыл чи фæмард, Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл йæ цард чи радта æмæ хæст æмæ хъаугъаты рæстæджы чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ.

Афганистаны хæсты Ветеранты цæдисы сæрдар Гуыцмæзты Мурат мадзалы кæрон ноджыдæр бузныг загъта бæстæйы къухдариуæгадæн, мадзалы æппæт хайадисджытæн, æрвылаз дæр ацы мысæн бон сæ фарсмæ кæй æрбалæууынц æмæ кæй аргъ кæнынц афгайнаг хæсты ветерантæн, уый тыххæй.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.