Знон, 5-æм апрелы цытджын æгъдауæй конд æрцыд Æвзонг техникты республикон станцы ног агъуыст.

Ардæм фæуазæг сты РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Ахуырады министр Гасситы Натали æмæ æнд.

Æвзонг техникты республикон станц арæзт æрцыд 1967 азы. Уæдæй нырмæ уагдон капиталонæй цалцæг никуы æрцыд. Уæлдай æдзæллаг уавæрмæ та æрхауд 2008 азы фæстæ. Ам цы ахуыргæнджытæ кусы, уыдон уæззау уавæрты дæр сæ куыст нæ ныууагътой. Коллективы руаджы бахъахъхъæд æрцыдысты техникты станцы хуыздæр традицитæ. Сывæллæтты хæрзæгъдаудзинад æмæ монон хъомылад баззад йæ раны æмæ мæнæ ныр Æвзонг техникты станц, гæнæн ис афтæ зæгъæн, кæй райгуырд дыккаг хатт. Хицауад рахицæн кодта финансон фæрæзтæ, цæмæй уагдон капиталонæй цалцæг æрцыдаид. Иуæй-иу специалисттæ куыд амыдтой, афтæмæй хъуамæ бындуронæй хафт æрцыдаид агъуыст, уымæн æмæ, дам, халы Ногдзауты парчы иумæйаг хуыз.

Фæлæ бирæ радзур-бадзуры фæстæ ООО «Золотое сечение» йæхимæ райста хæс, æмæ уагдоны арæзтадмæ бавнæлдæтой капиталонæй. Канд æддейæ нæ, фæлæ ма цалцæг æрцыдысты, алы æмæ алыгъуызон кружоктæ уагъд кæм цыд, уыцы кабинеттæ дæр, хъармгæнæн системæйæ ифтонг у æгас бæстыхай. Æмткæй уыцы куыстыты аргъ сметæмæ гæсгæ слæууыд 15 милуан сомы. Систæ фидар æрцыдысты арматурон хызæй, сæвæрдтой дзы пластикон рудзгуытæ, фасад дæр арæзт æрцыд капиталонæй æмæ ныр уагдон цæттæ у æмбæлонæй кусынмæ. Абон ам уæлæмхас ахуырад исынц 280 скъоладзауы Цхинвалы алы скъолатæй.

Цытджын уазджыты раз ныхас кодта æвзонг техникты станцы директоры рæстæгмæ хæстæ æххæстгæнæг Плиты Инал. Уый  Президент æмæ Хицауады уæнгтæн бузныг загъта ахæм парахат лæвары тыххæй. Уый фæстæ радзырдта, уагдоны кружокты æмæ  станцы куысты здæхтытыл фæдыл. Æхсызгонæй банысан кодта, зæгъгæ, сывæллæттæ стыр райгондæй архайынц, практикон куысты. Уæлдай хъус дарынц хъæдыл ныв кæнын æмæ наутæ аразыны конструкцимæ. «Сывæллæттæ цымыдис кæнынц алцæмæ дæр æмæ мах дæр архайæм уыдонæн теоретикон æмæ практикон æгъдауæй сæ къух аразынмæ. Нæ хæс у уыдонмæ аудгæ ахаст дарын, сывæллæтты сахуыр кæнын техникæйы арæзтадыл, æмбарынгæнæн куыстытæ сын уадзын, иу кæнæ иннæ деталь цæмæн хъæуы, уыдæтты фæдыл», – дзырдта Æвзонг техникты республикон станты директоры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг.

Президент æмæ Хицауады минæвæрттæ азылдысты кружоктæ уагъд цы хатæнты фæ-цæуы, уыдоныл. Ныртæккæ ам архайы 14 кружочы бæрц. «Сывæллæттæн уæлдай æхцон-дзинад хæссы хъæдырмæгæй кусыны кружок. Ис нæм ахæм сывæллæттæ, кæцытæ базза-йынц урокты фæстæ æмæ фæархайынц сæ куыст кæронмæ бакæныныл. Уый та мæнмæ гæсгæ у стыр хæрзиуæг. Хъомыладон нысаниуæг кæй ис ацы цауæн, уый гуырысхойаг нæу», – зæгъы Æвзонг техникты станцы ахуыргæнæг.

Æвзонг техникты станцы ахуырдзауты куыстытæн арæзт æрцыд равдыст дæр. Уыдон фенгæйæ Президент равдыста æгæрон циндзинад. «Абоны бонмæ арæзт æрцыд бирæ, цæмæй рæзгæ фæлтæр сæхи банкъарой царды уæлдай комфортондæр уавæрты. Æмæ, æцæгæйдæр, уæ ахуыры бæрæггæнæнтæ хуыздæрæй-хуыздæр кæнынц. Нæ сывæллæттæ æнтыстджынæй хайад исынц  æндæр горæтты æмæ республикæйы фæлгæтты алыгъуызон мадзæлтты. Æрхæссынц призон бынæттæ æмæ мах фæнд кæнæм дарддæр дæр ахæм фæдыздæхты кусын. Мах адарддæр кæндзыстæм нæ куыст, ивгъуыд азты фæлтæрддзинад хынцгæйæ. Сæйраг у, нæ архайдтыты консолидаци, нæ иумæйаг хъуыддаг æргомæй аразын, нæ тыхтæ æрæмбырдгæнгæйæ», – дзырдта Президент.

Уый фæстæ Президент бацыд сывæллæтты Сфæлдыстады галуанмæ æмæ уым дæр цытджын æгъдауæй байгом кодта сæ кæрты цы гом сценæ арæзт æрцыд, уый. Ныр ам сывæллæттæ сæрибарæй сæрдыгон бонты уадздзысты сæ хиирхæфсæн мадзæлттæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.